18-æм августы изæрæй паддзахадон драмон театры сценæйыл «Симд»-æн  сæ улæфты фæстæ уыд  фыццаг солон концерт æмæ йæм æрбацыдысты ирон аивадæн табугæнджытæ.

Ансамбль хуссарирыстойнаг сценæмæкæсджыты рæгъмæ радон хатт рахастой сæ репертуарæй 20 хореографион æмæ хорон номырты. Артисттæ аив сæххæст кодтой «Симд», «Хонгæ», «Зилгæ кафт», «Хохаг кафт», «Цæцæйнаг кафт», «Абхазаг» æмæ æндæр кæфтытæ. Концертон программæ рауадис тынг цымыдисон, уымæн æмæ ирон хореографийы ивтой национ зарджытæ. Концерты кæронбæттæн артисттæ барæсугъд кодтой сæ импровизацион номырæй – ансамблы нæлгоймæгты хор сæххæст кодтой зарæг «Алантæ» хореографион номыр «Алайнаг»-имæ иумæ. Ирон зарæджы зарæггæнджытæ систой бæрзонд æмæ афтæмæй кафджытæн дæр сæ кафт рауад бирæ эмоционалондæр.

Концертон программæйы фæлгæтты нæ республикæйы Культурæйы министр Зæгъойты Рада Президент Гаглойты Аланы номæй паддзахадон хорзæхæй схорзæхджын кодта РХИ-йы адæмон артист Æлборты Иналы. Зындгонд артист музыкалон аивадмæ бирæ азты дæргъы йæ хайбавæрд кæй бахаста, уый тыххæй хорзæхджын æрцыд Кады орденæй. Æлборты Иналыл ацы аз сæххæст 80 азы æмæ уыдонæй ирон культурæйæн бахай кодта æмæ лæггад кæны 60 азы бæрц. Ацы хъуыддагыл адæм дæр сæмбæлдысты стыр æхсызгонæй æмæ йын йæ лæггæдты тыххæй лæугæйæ æмдзæгъд кодтой.

Зæгъойты Рада йæ арфæйы ныхасы банысан кодта зарæггæнæджы стыр курдиат æмæ йæ лæггæдтæ национ культурæйы рæзты хъуыддаджы. «Ирыстоны ахæм адæймаг нæй, Æлборты Иналы чи нæ зоны. Ныр 60 азæй фылдæр Ирыстоны аивады арвыл ирдæй æрттивы стъалы, æрттивы дугивæнтæ æмæ боныгъæдтæм нæкæсгæйæ. Нæ куырыхон зарæггæнæг ирон зарæджы бирæ азты дæргъы исы бæрзонд æмæ уымæй бæркадджын кæны национ музыкæйы къæбиц. Инал «Симд»-имæ бирæ вазыгджын фæндæгтыл рацыд, ансамбль йæ тæккæ рæзты афоныл куы уыд, уæд дунейы алы къуымты æрзылдысты. «Симд»-имæ цыдис, уæззау рæстæджытæ куы ‘взæрста нæ паддзахад, ансамбль цырæгъты рухсмæ куы куыста, уæд. Йæ уарзон «Симд»-имæ ис ныр дæр, абон ансамбль ног фæлтæр куы ‘ртымбыл кодта æмæ та ногæй йæ рæзты фæндагыл радон къахдзæфтæ куы аразы, уæд. Нæ зынаргъ, Инал, бирæ нын фæцæр æнæниз æмæ амондджынæй», – загъта министр.

Æлборы фырт йæхæдæг дæр арфæйы ныхæстæ загъта республикæйы къухдариуæгадæн æмæ йæ уарзон сценæмæкæсджытæн, ахæм стыр аргъ ын кæй кæнынц æмæ йæ паддзахадон хорзæхы аккаг кæй скодтой, уый сæраппонд. «Мæнæн, куыд кæцыфæнды артистæн дæр, афтæ иууыл сæйрагдæр у сценæмæкæсæг. Зынаргъ сценæмæкæсджытæ, уæ хорзæх мæ куы уа æмæ уын уæ худгæбыл цæсгæмттæ куы уынон, уæд уый мæнæн у стыр амондджын хъуыддаг æмæ мын фæрнæй цæрут!», – банысан кодта артист.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.