Нӕ хӕрамдзаст сыхаг бӕстӕйы ӕхсӕнад нал сабыр кӕны – европӕйаг цардмӕ бӕлгӕйӕ искӕмӕн цагъайрагӕй ныллӕууыныл дӕр разы сты. Ныридӕгӕн дзы цы закъон хъавынц райсынмӕ «иноагентты» тыххӕй, уый нысанмӕздӕхт у, цӕмӕй паддзахады мидӕггагон хъуыддӕгтыл фӕсарӕнтӕй къаддӕр ӕндавой. Тбилисы уынгты схӕццӕ сты хуымӕтӕг цӕрджытӕ ӕмӕ пъӕлицӕйӕгтӕ, тыхы фӕрцы сӕ алчидӕр йӕ рӕстдзинад ӕмбарын кӕны. Адӕмы къухты дзы фенӕн ис Евроцӕдисы ӕмӕ НАТО-йы тырысатӕ.

Провокатортӕй дзӕвгары ӕрцахстой, фӕлӕ уӕддӕр змӕстытӕ нӕ мынӕг кӕнынц. Уымӕй уӕлдай митингмӕ ӕрбацӕуджытӕ сӕ ных сарӕзтой парламенты бӕстыхаймӕ, ныппырх ын кодтой йӕ рудзгуытӕ ӕмӕ йын батонынмӕ хъавыдысты дуӕрттӕ. Барадхъахъхъӕнӕг органтӕн ӕндӕр гӕнӕн нал уыд ӕмӕ спайда кодтой сӕрмагонд дзаумӕттӕй бунтгӕнджыты  ныхмӕ – ныппырх сыл кодтой дон, баппӕрстой сӕм сӕрмагонд цӕстысыгкалӕн газ, фӕнадтой ӕмӕ дзы ӕрцахстой иууыл активондӕр фӕткхалджыты.

Гуырдзыстоны цӕрджыты фылдӕр хаймӕ ацы закъон райсын раст кӕсы. Уымӕ гӕсгӕ дзы ауагътой егъау митинг ӕмӕ йӕм ӕрбацыдис бирӕ адӕм – бунтгӕнджытӕй фылдӕр. Фӕлӕ бунтгӕнджытӕ фӕткхалджытӕ ӕмӕ хулигантӕ сты ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ цӕсты тынгдӕр хауынц. Стӕй ма сӕ сӕрыл дзурынц ныгуылӕн бӕстӕты минӕвӕрттӕ, ӕвдисынц сӕ комкоммӕ эфиры ӕмӕ критикӕ кӕнынц Гуырдзыстоны тыхон структурӕты, ома ӕмбӕстӕгты бартӕ халынц. 3 майы «иноагентты» закъоны фарсхӕцджытӕ фӕбыцӕу сты бунтгӕнджытимӕ ӕмӕ сӕ фӕнадтой. Оппозицийы минӕвӕрттӕ зӕгъынц, ома тыхон структурӕты кусджытӕ граждайнаг уӕлӕдарӕс скодтой ӕмӕ сӕ уыдон фӕнадтой. Фӕлӕ дзы ӕвдисӕнтӕ нӕй ӕмӕ сӕ бон никӕй у комкоммӕ фӕаххосджын кӕнын.

Ацы цауты фӕстиуӕгӕн Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Кобахидзе кусӕгон балцы нал ацыд АИШ-мӕ. Уымӕн ӕмӕ дзы америкӕйаг портнертӕ ӕрдомдтой, цӕмӕй «иноагентты» закъоны райст аргъӕвой, кӕнӕ та йӕ бынтондӕр айсой парламентӕй. Гуырдзыстоны разамынадмӕ хардзау ӕркаст ацы хъуыддаг ӕмӕ АИШ-ы минӕварӕн бамбарын кодтой, ома ахӕм къахдзӕфтӕ дыууӕ бӕстӕйы хсӕн хорз ахастытыл, бангом кӕныныл дзурӕг не сты.

Цӕмӕн схӕццӕ ис Гуырдзыстоны ӕхсӕнад?

1 майы Гуырдзыстоны парламент райста «иноагентты» закъон – 83 депутаты сразы сты, 23-йӕ та йӕ ныхмӕ схъӕлӕс кодтой. Уыцы хъуыддаг нӕ фӕцыд АИШ-ы ӕмӕ йӕ сателитты зӕрдӕмӕ ӕмӕ сӕ «сусӕг агентты» растын кодтой ног революци саразынмӕ. Гуырдзыстоны разамынады ныхмӕ рацыдысты Евроцӕдис, АИШ, ИНО, НАТО, Европӕйы Совет, ныгуылӕн бӕстӕты лидертӕй кӕцыдӕртӕ, ӕмӕ сӕм бартхъирӕн кодтой, ома евроинтеграцийы фӕндагӕй иппӕрд кӕнут ӕмӕ уӕ нал дӕр Евроцӕдисмӕ айсдзыстӕм, нал дӕр НАТО-мӕ. Афтӕмӕй та ахӕм ӕнгӕс закъон рагӕй фӕстӕмӕ уӕвынад кӕны АИШ-ы, Израилы, Австралийы ӕмӕ ӕндӕр бӕстӕты. Евроцӕдисы ӕмӕ Францы та йӕ рӕхджы хъавынц райсынмӕ, фӕлӕ сӕм ӕнӕ уый дӕр дзӕвгар механизмтӕ ис фӕсарӕйнаг агентты фӕндӕгтӕ ӕрӕхгӕнынӕн. Зӕгъӕм, уымӕн ӕвдисӕн у, уӕрӕсейаг дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ куыд сӕхгӕдтой Европӕйы территорийыл, уый.

Гуырдзыстоны территорийыл 90-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ уӕвынад кӕнынц алыгъуызон ныгуылӕйнаг организацитӕ ӕмӕ фондтӕ. Уыдон ӕппынӕдзух архайынц паддзахады куыст контроль кӕныныл. Ацы организациты минӕвӕрттӕ хайад исынц алыгъуызон ӕвзӕрстыты, кусынц министрадты, тыхон структурӕты, ӕндавынц бӕстӕйы мидӕггагон ӕмӕ ӕддагон политикӕйыл. Ахӕм уавӕрты адӕмы пайдайӕн исты саразын зын у – фӕсарӕйнаг мидӕггагон «агенттӕ» дын цӕлхдуртӕ ӕвӕрдзысты. Комкоммӕ зӕгъгӕйӕ, Гуырдзыстон ныгуылӕны ахӕсты бахаудта ӕмӕ сӕ сӕрибарӕй азмӕлын нал уадзынц.

Сӕрмагонд ӕфсӕддон операци райдайыны фӕстӕ АИШ архайдта, цӕмӕй Гуырдзыстон санкцитӕ рахӕсса Уӕрӕсейӕн. Ахӕм къахдзӕф саразынӕй гуырдзиӕгтӕ бирӕ фесӕфтаиккой, сӕ экономикӕ Уӕрӕсеимӕ ӕнгом баст у ӕмӕ ноджы мӕгуырау уавӕрмӕ ӕрхаудаиккой. Уымӕй уӕлдай ма Гуырдзыстонӕй домдтой, цӕмӕй ӕрбакӕной дыккаг фронт Уӕрӕсейы ныхмӕ. Хӕстон архӕйдтыты фӕстиуӕгӕн ӕнӕмӕнг куынӕг ӕрцыдаиккой Гуырдзыстоны гарзджын тыхтӕ ӕмӕ ма гӕнӕн ис ӕмӕ фесӕфтаиккой сӕ паддзахад дӕр. Ныгуылӕн бӕстӕтӕ Гуырдзыстоны цӕрджытыл бынтондӕр нӕ мӕт кӕнынц, уыдонӕн сӕйраг у сӕхи глобалон проблемӕтӕ аскъуыддзаг кӕнын. Уымӕ гӕсгӕ Гуырдзыстоны разамынад не сразы АИШ-ы фӕндиӕгтыл ӕмӕ ныгуылӕн ӕрхъавыдысты сӕ аиуварс кӕнынмӕ, цӕмӕй сын сӕ бӕсты «сӕвӕрой» коммӕгӕсдӕр хистӕрты.

Чи сты бунтгӕнджытӕ?

Бунтгӕнджыты адихгӕнӕн ис дыууӕ къордыл. Иутӕ дзы сты фӕсарӕйнаг организациты ӕмӕ фондты кусджытӕ, кӕцытӕ мызд исынц долларты ӕмӕ евроты. Уыдонӕн бардзырд радтой, цӕмӕй рацӕуой уынгтӕм ӕмӕ парахат кӕной дезинформаци бӕстӕйы разамынады тыххӕй, халой ӕхсӕнадон фӕтк, аразой провокацитӕ. Дыккаг къорд та сты ахӕмтӕ, кӕцытӕн сӕ бон нӕу уавӕрмӕ объективон цӕстӕй ракӕсын, анализ саразын, ӕмӕ ӕууӕндынц провокаторты ныхӕстыл. Ома, митинджы хайадисджыты фылдӕр хай йӕ ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц, «иноагентты» закъон цы нысан кӕны, уый.

Ног райсгӕ закъонмӕ гӕсгӕ Гуырдзыстоны территорийыл уӕвӕг организацитӕ, кӕнӕ дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ кӕд ӕмӕ сӕ ӕфтиӕгтӕй 20% фылдӕр фӕсарӕнтӕй исынц, уӕд сӕ хъуамӕ ма сусӕг кӕной ӕмӕ райсой «иноагенты» статус. Ома ахӕм организацитӕ ӕмӕ дзыллон информацийы фӕрӕзтӕ ахӕм уавӕрты паддзахады пайдайӕн нӕ архайынц, фӕлӕ хъахъхъӕнынц фӕсарӕйнаг бӕстӕты интерестӕ. Ахӕм категорийы ӕмбӕстӕгтӕн нал уыдзӕн паддзахады вазыгджын къабазты кусыны бар, ӕвзӕрстыты сӕ кандидатурӕтӕ нал ӕвӕрдзысты ӕмӕ афтӕ дарддӕр. Францӕй ӕрвыст Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвили ацы закъон хоны уӕрӕсейаг ӕмӕ уымӕй сайы гуыр-дзиӕгты. Уæдæ сын æндæр куыд  хъуамӕ зӕгъа ӕргом, АИШ-ы ахӕм закъон 30-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ кӕй уӕвынад кӕны, уый.

АИШ-ы паддзахадон департаменты минӕвар Мэттью Миллер фехъусын кодта, зӕгъгӕ ахӕм закъон райсгӕйӕ Гуырдзыстон демократон стандарттӕн дзуапп нал дӕтдзӕн ӕмӕ йын евроинтеграцимӕ дӕр йӕ фӕндаг ӕрӕхгӕндзысты. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ АИШ 30-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ демократон бӕстӕ нӕу ӕмӕ ӕгас дунейы бирӕ азты дӕргъы сайдтой, сӕхи демократон бӕстӕйы цӕвиттон хуыдтой.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.