Республикæ Хуссар Ирыстоны Статистикон управленийы хистæр Тыбылты Иналмæ бахатыдтæн, цæмæй нын радзура сæ куысты тыххæй æмæ йын йæ ныхас хæссæм газеткæсджыты размæ.

– Цы у уæ куысты сæйрагдæр нысан?

– Фыццаджыдæр мæ зæгъын фæнды нæ куысты мидисы тыххæй. Зæгъын хъæуы уый, æмæ мах нæхæдæг ницы нымайæм æмæ бæрæг кæнæм. Æрвитæм фарстатæ профилон организацитæм æмæ уыдонæй сæ бакæнгæ куысты тыххæй райсæм зонæнтæ бæрнон адæймæгты къухфыстытимæ. Уый фæстæ уыдоныл бакусæм æмæ сæ мыхуыр кæнæм. Афтæ æмæ нымæцты тыххæй куы фæзыны фарстатæ, уæд нæ бон у уыдон бамбарын кæнын, фæлæ уæддæр хуыздæр у æмбæлон ведомствотæм бахатын. Уыимæ ма æмбарын кæнæм, Статуправленимæ кæй хъуамæ дæттой хыгъд куыд паддзахадон, афтæ хисæрмагонд æппæт организацитæ дæр. Кæй зæгъын æй хъæуы, ууыл мах кусæм æппæт амæлттæй дæр æмæ нын æнтыст дæр вæййы. Паддзахадон организациты фылдæр хай фæстаг азты фæхуыздæр кодтой хыгъд бадæттыны фæтк, фæлæ дзы нырма ис цухдзинæдтæ дæр. Статистикæ домы бæстон æмæ хъаруджын куыст. Нæ куысты фæстиуджытæ афтæ тынг нæ зынынц, фæлæ æнæмæнгхъæуæг та сты паддзахадон архайды, уыимæ цахæмфæнды сферæйы дæр, æгæрыстæмæй æмбæстæгты царды дæр. Махæн ис нæхи сайт æмæ уым равæрæм æппæт информаци. Чидæриддæр цымыдис кæны, уый сайтмæ бахизгæйæ, базонгæ уыдзæн æппæт цымыдисгæнæг информациимæ дæр. Бæрæг куыд у, афтæмæй рауадзæм бæрæгуат (справочник), цæуы алы квартал æмæ алы аз дæр æмæ дзы гæнæн ис спайдагæнæн.

Цы у уæ куысты иууыл ахсджиагдæр?

– Нæ куысты иууыл ахсджиагдæр фæдыздæхтытæй иу у фæлхасадон æргътæм хъус дарын. Нæ кусджытæ уыдон бæрæг кæнынц æрвылмæй дæр æмæ бахынцынц ивындзинæдтæ æмæ сыл нæхи рады бакусæм экономикон рæзты министрадимæ.

– Куысты размæцыды уын уæхи тынгдæр цы хъыг дары?

– Материалон-техникон базæмæ цы хауы, уый рæстæджы цыдимæ  дзуапп нал фæдæтты домæнтæн. Хатт вæййы фадат иу кæнæ иннæ ифтонггарз баивынæн, хатт та нæ вæййы. Фæлæ йæ нæ бамбæхсдзынæн, фæнды мæ  хуыздæр ифтонгадтæй куы уаиккам æххæст, фæлæ уал нырма кусæм, нæ къухы цы ис, уыдонæй.

– Кадртæй та куыд ифтонг стут?

– Статистикæ у монотонон хъуыддаг, фæлæ дзы вæййы ногдзинæдтæ дæр. Æрæджы райстам ног кусджытæ, уыдон тынг активонæй тырнынц статистикæйы иууыл лыстæгдæр куыстытæ кæнынмæ. Зæгъæн ис æмæ уыцы куыстыл фæхæст сты. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ фæлтæрд кусджытæ се ‘нцой балæууынц уыцы хъуыддаджы. Проблемон фарстатыл куы дзурæм, уæд зæгъын æмбæлы, штатон иуæгтæй цух кæй стæм. Азæй азмæ нæ куысты бæрц алы фæдыздæхты дæр фылдæр кæны æмæ 20 адæймаджы та фылдæр хатт нæ феххæссынц ведомствойы гъæдджын куыстыл.

– Цахæм бастдзинад уын ис уæ уæрæсейаг коллегæтимæ?

– Нæ уæрæсейаг коллегæтимæ нын ис æмгуысткæнынады программæ, фæлæ нырма уыцы куыст нæу регулярон. Раст у, хатт уымæ бахæссæм ивындзинæдтæ дæр, уæлдайдæр та афтæ уыд пандемийы рæстæджы, фæлæ уæддæр мах тырнæм уый бахъахъхъæнынмæ.  Зæрдылдаринаг уыд, ивгъуыд аз сентябры мæйы кæй райстам хайад горæт Санкт-Петербурджы æхсæнадæмон статистикон форумы. Йæ куысты хайад райстой Хæдбар Паддзахадты Æмхæларады бæстæты статистикæйы ведомствотæм хауæг æппæт организацитæ. Мах æмæ нæ абхазаг коллегæтæ, кæцытимæ нын ис хæларадон ахастытæ, хуынд уыдыстæм, куыд уазджытæ, афтæ. Форумы куысты ма хайад райстой Серби, Мексикæ, Лаос æмæ æндæр бæстæты минæвæрттæ. Хуссар Ирыстон æмæ Абхазы минæвæрттæм организатортæ равдыстой хъарм æмæ хæларадон ахастытæ æмæ сын уый тыххæй зæгъæм бузныг. Форумы махæн бантыст æппæт делегацитимæ базонгæ уæвын æмæ практикон куыст бакæнын. Уый та махæн фæахъаз уыдзæн нæ дарддæры архайды.

– Цахæм сты уæ дарддæры фæндтæ?

– Фæстаг азты мах бакуыстам æмæ ауагътам нæ архайды цалдæр дæсгай ногдзинады. Фæлæ зæгъын хъæуы, дунейы алцыдæр тынг ивы, æдзухдæр фæзынынц ног æмæ ног фæдыздæхтытæ не рвылбонон архайды æмæ æнæмæнг хъуамæ уай цæттæ. Мах тырнæм уымæ нæ фадæттæ æмæ гæнæнтæм гæсгæ.

                                                                              ХУЫБИАТЫ Никъала

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.