Паддзахадон хорзæхтæ – аккагдæртæн

Культурæйы кусæджы боны цытæн 28-æм марты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Гаглойты Алан йæхимæ æрбахуыдта нæ бæстæйы культурæйы къабазы кусджыты иу къорды, РХИ-йы Культурæйы министр Зæгъойты Радæйы сæргълæудæй. Цытджын фембæлды Гаглойты Алан паддзахадон хорзæхтæй схорзæхджын кодта культурæйы къабазы сæ куысты æнтыстытæ кæмæн ис, æппæт уыдоны æмæ сын зæрдиаг арфæ ракодта сæ профессионалон бæрæгбоны сæраппонд, кæцыйы банысан кодтой 25-æм марты. Гаглойты Алан йæ раныхасы загъта, Хуссар Ирыстоны культурæйы райрæзтæн йæ фæстиуджытæ зынгæ кæй сты.

«Абон мæн фæнды сымахæн стыр бузныджы ныхæстæ зæгъын уæ иузæрдион æмæ æнтыстджын куысты тыххæй культурæйы райрæзты хъуыддаджы. Нæ къух куыд амона, афтæ  культурæйы фадыгæн æххуыс кæндзыстæм. Мæн фидарæй уырны, нæ артисттæ æмæ сфæлдыстадон коллективтæ ноджы хуыздæр фæстиуджытæ кæй æвдисдзысты æмæ кæй парахат кæндзысты республикæйæн æдтейæ хъæздыг ирон культурæ», – банысан кодта бæстæйы сæргълæууæг æмæ нæ республикæйы культурæйы къабазы æппæт кусджытæн дæр йæ цæст бауарзта фидар æнæниздзинад æмæ се сфæлдыстадон куысты æнтыстытæ.

Гаглойты Алан: «Уырны мæ, кæй парахат кæндзыстут хъæздыг ирон культурæ»

Культурæйы министр Зæгъойты Радæ бузныг æмæ арфæйы ныхæстæ загъта президент Гаглойты Аланæн сæ фарсмæ кæй балæууы æмæ культурæйы фадыгæн кæй æххуыс кæны, уый тыххæй.

Гаглойты Алан: «Уырны мæ, кæй парахат кæндзыстут хъæздыг ирон культурæ»

РХИ-йы Президенты барамындæй фыдыбæстæйон национ хореографийы рæзтмæ хисæрмагонд стыр хайбавæрды æмæ бирæ азты дæргъы сфæлдыстадон куысты тыххæй «РХИ-йы адæмон артист»-ы кадджын ном лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон ансамбль «Симд»-ы кафæг Быценты Иналæн, «РХИ-йы адæмон ахуыргæнæг»-ы кадджын ном райста Культурæйы министрады цур хореографион скъола-студийы директор Четион Майя, «РХИ-йы адæмон артист»-ы кадджын ном ма лæвæрд  æрцыд «Симд»-ы раздæры солист Хуыгаты Олесяйæн, Хуссар Ирыстоны аивады сгуыхт архайджытæ систы «Симд»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Коцты Сергей æмæ скъола-студийы хореограф Джиоты Къоста. «РХИ-йы сгуыхт артист»-ы кадджын нæмттæ лæвæрд æрцыдысты Адæмон инструментты паддзахадон оркестр «Айзæлд»-ы артисттæ Джыгкайты Заринæ æмæ Сабанты Нанулийæн. «РХИ-йы сгуыхт артист»-ы кадджын ном райста «Симд»-ы оркестры артист Дудайты Сæрмæт. Театралон аивады йæ хорз æмæ фæстиуæгджын сфæлдыстадон куысты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Кадджын грамотæйæ хорзæхджын æрцыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмон театры артист Гаглойты Эдуард.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.