Сылгоймæгты дунеон бон 8-æм марты боны цытæн Президент Гаглойты Алан паддзахадон хорзæхтæ – ордентæ, майдантæ, РХИ-йы Кады грамотатæ æмæ бузныджы фыстæджытæ радта министрадты æмæ ведомствоты кусджытæн.

1989-2008 азты РХИ-йы территорийыл хæстон архайдтыты рæстæджы чи фæцæфтæ сты æмæ инвалидтæ чи систы, уыдонæн æххуысы фонды разамонæг Плиты Мадинæйы паддзахады сæргълæууæг схорзæхджын кодта Хæлардзинады орденæй.

Педагогон архайд, рæзгæ фæлтæр хъомыл æмæ ахуыр кæныны æмæ бирæ азты дæргъы æнтыстджын куысты тыххæй ахуырады фадыджы кусджытæй цалдæрæн Президенты Барамындæй лæвæрд æрцыд «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт ахуыргæнæджы»-ы кадджын нæмттæ.

Гаглойты Алан йæ ныхасы банысан кодта, зæгъгæ, Ирыстоны сылгоймæгтæ кæддæриддæр уыдысты цæвиттойнаг, зын рæстæджыты та лæууыдысты сæ цардæмбæлттæ, лæппутæ æмæ æфсымæрты фарс, цырын сæ кодтой уæлахизтæм æмæ размæ цæуынæн.

«Бæрæгбоны размæ мæ фæнды сымахæн зæгъын бузныг, паддзахад æмæ дунейæн иумæйагæй цы аразут, уый тыххæй. Уадз, æмæ æппæт сылгоймæгтæ – мадæлтæ, нанатæ, хотæ, цардæмбæлттæ æмæ чызджытæ уой амондджын, æнæниз, хæдзар йедзаг кæной хъармдзинадæй. Бузныг уын», – загъта уый.

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.