Президент Бибылты Анатоли Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæхтæ радта уæрæсейаг аивадон архайджытæн, кæцытæ Цхинвалмæ æрцыдысты Галаты Барисы номыл кафт æмæ зарды паддзахадон ансамбль «Симд»-ы хыгъдон концертмæ.

Фембæлды рæстæджы паддзахады сæргълæууæг банысан кодта ансамбль «Симд»-ы кафджыты хореографи фæхуыздæр кæныны хъуыддагмæ уазджытæй алкæцыйы хайбавæрд дæр.

«Стыр бузныг уын, нæ ансамбль сæндидзын кæныны хайад кæй райстат, уый тыххæй. Сымахæй алкæцы дæр стыр хайад райста, цæмæй хореографийы, нæ кафты аивады хъуыддаджы мах размæ рацыдаиккам, уый фæстиуæгæн. Ансамбль «Симд»-ы хыгъдон концертæн æмбæлон аргъ кæй скодтат, уый мæнæн æхсызгон у. Ноджыдæр ма йæ зæгъдзынæн, цæмæй нæ ансамблæй сæрыстыр уæм, уый тыххæй ууыл не ‘рлæудзыстæм. Мæн уырны уый, æмæ коллективы цы зæрдæйы уаг ис, уый ахъаз у йæ профессионалон размæдзыдæн», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

Адæмты ‘хсæн хæларадон ахастыты рæзтмæ сæрмагонд хайбавæрды, куль-турæ æмæ аивады фадыджы æнтыстыты тыххæй Президент Хæлардзинады Орденæй схорзæхджын кодта Уæрæсейы Федерацийы Адæмон артист, УФ-йы Паддзахадон премийы лауреат Докку Мальцаговы æмæ Республикæ Татарстаны Адæмон артист Айрат Хаметовы.

 «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист»-ы  кадджын ном лæвæрд æрцыд Республикæ Адыгейы сгуыхт артист Султан Тутаришевæн, «Республикæ Хуссар Ирыстоны аивæдты сгуыхт архайæг»-ы кадджын ном – дунейы адæмты кæфтыты кафедрæйы æмæ Мæскуыйы Культурæйы паддзахадон институты нырыккон хореографийы  доцент Наталья Романовайæн, «Республикæ Хуссар Ирыстоны Культурæйы сгуыхт архайæг»-ы кадджын ном – РЦИ-Аланийы Адæмон артист, Хæххон паддзахадон аграрон университеты адæмон кафты сгуыхт ансамбль «Хохаг»-ы аивадон къухдариуæггæнæг Æлборты Юрийæн.

Цалдæрæй та хорзæхджын æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæтæ æмæ  майдантæй.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.