Ирон дзюдоист Тасойты Инал Загребы ссис Европæйы чемпион. Инал хæцыд 100+ кг уæзы категорийы. Финалон тохы фæуæлахиз гуырдзиаг спортсмен Гурам Тушишвилийыл. Ерысты хайад иста Уæрæсейы Иналы сæйраг ныхмæлæууæг цæцæйнаг Тамерлан Башаев дæр. Уый та ссис бронзæйон призер. Æрдæгфиналы фембылд Тушишвилийæн.

«Фидарæй мæ уырныдта, кæй фæуæлахиз уыдзынæн, уый. Фæлæ уæддæр куывтон æнæрлæугæйæ. Бирæ кæй тренировкæ кæнын, уыцы хъуыддаг сусæггаг нæу. Æмæ уыйас куы кусай æмæ йæ фæстиуæг та сыгъзæрин майдан куы уа, уæд уый вæййы тынг æхсызгон хабар. Ноджы ма йæ зæгъон, æппынæдзух мæхиуыл кусын, æмæ афтæмæй цæттæ кæнын Олимпион хъæзтытæм. Мæ сæйраг хæс у уырдæм бахауын æмæ рамбулын», – банысан кодта Тасойты Инал.

 

Бокс

Къуылыхты Кристинæ боксæй ссис Европæйы чемпионаты сыгъзæрин майданы хицау. Ерыстæ уагъд цæуынц Белграды. Финалы ирон спортсменкæ фæуæлахиз уæрæсейаг Елена Бабичевайыл. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Къуылыхты Кристинæ кæй архайы Сербийы тырысайы бын.

 

Футбол

Уæрæсейы Фыццаг дивизионы 30-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты хъазыд Тулæйы «Арсенал»-имæ. Фембæлд фæцис 3:3 хыгъдæй.

4-æм минутыл хыгъд байгом кодтой фысымтæ. Алайнæгтæн хыгъд сæмхуызон кæнын бантыст 36-æм минутыл. Расгуыхт Даураты Руслан. 67-æм минутыл «Арсенал»-æн бантыст дыккаг пурти бакъуырын. Фæлæ уымæн алайнæгтæ сдзуапп кодтой дыууæ бакъуырд пуртийæ. Сæ автор ссис Хъараты Давид. Фæлæ, хъыгагæн, алайнæгтæн нæ бантыст хыгъд бахъахъхъæнын. Фысымтæ хыгъд сæмхуызон кодтой хъазты уæлæмхас рæстæджы.

Ацы хъазты фæстæ «Алани» æрæмбырд кодта 41 очкойы æмæ турнирон таблицæйы схызт 6-æм бынатмæ.

Радон туры Ирыстоны сæйраг футболон командæ Грознæйы фысымиуæг кæндзæн Ярославлы «Тюмень»-æн.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.