Президент Гаглойты Алан, паддзахадон хорзæхтæ – «Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы», «Хуссар Ирыстоны сабырад хъахъхъæныны службæйы тыххæй», «Сабырады сæраппонд фæллойы тыххæй» æмæ РХИ-йы Кады грамотæтæй схорзæхджын кодта Хуссар Ирыстоны сæрибардзинад æмæ хæдбардзинады сæраппонд хæстон архайдтыты ветеранты, республикæйы барадахъахъхъæнæг органты æмæ тыхон структурæты кусджыты.

Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны цытæн цытджын церемони уагъд цыдис РХИ-йы Президенты Администрацийы бæстыхайы.

Æрæмбырдуæвджыты раз ныхас кæнгæйæ, паддзахады сæргълæууæг банысан кодта Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты стыр хайбавæрд Хуссар Ирыстоны сабырдзинад æмæ стабилондзинад хъахъхъæныны хъуыддагмæ.

«Хуссар Ирыстоны ног историйы бирæ трагикон бонтæ ис. Республикæйы иууыл зындæр азты, сымах слæууыдыстут Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты рæнхъыты, удуæлдай тох кодтат æмæ хъахъхъæдтат бæстæйы суверенон рæзты  бар.

Махæй алкæмæн дæр йæ хæс у нæ зæххыл сабырдзинад бахъахъхъæнын не ‘мбæстæгты фæрныгады тыххæй, нæ Райгуырæн зæххы дидинæфтыды сæраппонд фæд-фæдылон рæзтмæ тырнын.

Абон нæ хæстонтæ хайад исынц Украинæйы делимитаризаци æмæ денацификацийы фæдыл сæрмагонд æфсæддон операцийы. Стыр Фыдыбæстæйон хæстæй нæ дадатæ æмæ нæ фыдтæ уæлахизимæ куыд æрыздæхтысты, уадз æмæ ныр дæр нæ хæстонтæ сæ хæдзæрттæм æрыздæхой уæлахизимæ, сæрæгас æмæ æнæнизæй», – загъта Гаглойты Алан.

Æфсæддон хæс цæсгомджынæй æххæст кæнын æмæ паддзахадон объекттæ хъахъхъæныны фæдыл активон архайды тыххæй «Республикæ Хуссар Ирыстоны æдасдзинады органты сгуыхт кусæг»-ы кадджын ном Президенты Барамындæй лæвæрд æрцыд Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы кусджытæ Наниты Альберт æмæ Пæрæстаты Геннадийæн.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.