РХИ-йы Культурæйы министрады цур Адæмон сфæлдыстады республикон центр архайы ирон адæмон традицитæ æмæ æгъдæуттæ сæндидзын æмæ сфидардæр кæныныл. Ацы Центры кусджытæ, сæ директор Гуыцмæзты Эльзæйы сæргълæудæй, æрвылаз дæр ауадзынц алыгъуызон фестиваль-конкурстæ.

Ныр дæр та ауагътой 8-æм фотоконкурс «Хуссар Ирыстон – 2023». Уыдис дзы æртæ номинацийы – «15 азы сабыр арвы бын», «Уæлахизы æмбæйттæ» æмæ «Пейзаж». Мадзал уагъд æрцыд 18-æм августы Адæмон сфæлдыстады центры. Йæ нысан у республикæйы цæрджыты сфæлдыстадон активондзинады рæзтæн ахъаз кæнын.

Фотоконкурсы хайад райстой 16 адæймаджы. Уыдон æрбавдыстой 80 къамы. «15 азы сабыр арвы бын»-ы номинацийы уыд 11 куысты, «Уæлахизы æмбæйттæ»-йы номинацийы – 12 куысты æмæ «Пейзаж»-ы номинацийы та – 57 куысты. Информацийы фæдыл Центры методист Жажиты Ацырухсы ныхæстæм гæсгæ, куыстытæй чи цал баллы райста, уыдоны банымайгæйæ, фæбæрæг сты фотоконкурсы уæлахиздзаутæ.

Æстæм республикон фотоконкурсы жюрийы уæнгтæ уыдысты: Адæмон сфæлдыстады республикон центры директор Гуыцмæзты Эльзæ – жюрийы сæрдар;  Дзеранты Джульеттæ, РХИ-йы культурæйы сгуыхт кусæг, Культурæйы министры хæдивæг; Цхуырбаты Арианæ – Сфæлдыстады центры нывкæнынады аивады фæдыл методист.

Фотоконкурс «Хуссар Ирыстон – 2023 азы» уæлахиздзаутæ

«15 азы сабыр арвы бын»-ы номинацийы уæлахиздзау ссис Бестауты Ларисæ «Сабыр арвы бын»-ы къамы тыххæй, дыккаг бынат бацахста Бондарева Ирина «Къæвдайы фæстæ»-йы къамы тыххæй æмæ  æртыккаг бынат та бацахста Гæззаты Тимур «Театралон фæзуат»-ы къамы тыххæй. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ Гæззаты Тимур æрвылаз дæр хайад кæй райсы фотконкурсы æмæ дзы алыхатт дæр кæй бацахсы призон бынæттæ.

«Уæлахизы æмбæйтты» номинацийы фыццаг бынат бацахста Къуезерты Фатимæ «Бред Пит улæфы»-йы къамы тыххæй, дыккаг бынат фæцис Æлборты Ланæйы «Сныв кæндзынæн æнхъæн дуне»-йы къамы тыххæй æмæ æртыккаг бынат та  рамбылдта Джыгкайты Хатунæ «Донхауæны раз»-ы къамы тыххæй. «Пейзаж»-ы номинацийы уыд иууыл фылдæр хайадисджытæ. Уым фыццаг бынат бацахста Карсанты Эдуард «Фæззæг»-ы къамы тыххæй, дыккаг бынатыл ацыд Тедеты Кристинæ «Брытъат»-ы къамы тыххæй æмæ æртыккаг бынат та рамбылдта Хаситы Ланæ, «Дменисаг преритæ»-йы къамы тыххæй.

Фотоконкурс «Хуссар Ирыстон – 2023 азы» уæлахиздзаутæ

Хайадисджытæй алкæцыйы куыстæн дæр бацæттæ кодтой табличкæтæ, цыран фыст уыдысты нывы ном, кæд ист æрцыд, æмæ авторы бæрæггæнæнтæ – мыггаг æмæ ном.

Фотоконкурсы уæлахиздзауты схорзæхджын кæныны церемони уагъд æрцæудзæн 2023 азы 25-æм августы 16 сахатыл Хетæгкаты Къостайы цырты раз, Уæрæсейы ‘рдыгæй Хуссар Ирыстоны хæдбардзинадыл 15 азы сæххæсты цытæн фоторавдысты. Уым равæрдзысты хайадисджыты æрбавдисгæ æппæт куыстыты дæр. Конкурсы æппæт хайадисджытæн лæвæрд æрцæудзысты адæмон сфæлдыстады центры дипломтæ. Призон бынæттæ бацахсджытæ хорзæхджын æрцæудзысты кады грамотæтæ æмæ æхцайы премитæй.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.