Традицион ссис Дменисы хъæуы мини-футболæй РХИ-йы физкультурæйы сгуыхт кусæг Габайты Иваны номарæн турнир уадзын. Ерыстæ ныр уагъд æрцыдысты 6-æм хатт. Цхинвалы районы администрацийы спорты хайады сæргълæууæг Бестауты Къæдзæх куыд зæгъы, афтæмæй ерысты ацы аз хайад райстой æрмæстдæр районы командæтæ, фæлæ та, зæгъ, иннæ аз ногæй фæхондзысты иннæ районты минæвæртты, афтæ ма цæгатирыстойнаг командæты дæр. Финалон хъазтмæ æрбацыд паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан æмæ раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн.

«Стыр бузныг мæ фæнды зæгъын ерысты орагнизатортæ, йæ хайадисджытæ æмæ спортуарзджытæн. Ахæм мадзæлттæ хъæуы арæхдæр аразын, уымæн æмæ адæмы æрбангомдæр кæнынц», – загъта паддзахады сæргълæууæг.

Спортивон бæрæгбоны цытæн æрæмбырдуæвджытæн раарфæ кнæнынмæ ма æрбацыдысты Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал æмæ Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан, президенты æххуысгæнæг Плиты Алан æмæ депутат Къуезерты Арсен.

Турниры иууыл хуыздæр йæхи равдыста Дменисы командæ æмæ ссис сæйраг призы хицау. Дыккаг бынат бацахста Къостайыхъæуы командæ, æмæ æртыккаг та ссис Тъбеты командæ.

Лæвæрд сын æрцыдысты майдантæ æмæ кубоктæ. Президенты номæй ма райстой æхцайы фæрæзтæ.

Бæрæг ма æрцыдысты турниры хуыздæр хъазджытæ. Хуыздæр кулдуаргæсы приз райста Кокойты Сослан, хуыздæр хъахъхъæнæгыл нымад æрцыд Гæджиты Ацæмæз, хуыздæр æрдæг хъахъхъæнæг ссис Хаситы Олег, хуыздæр размæбырсæг та Козаты Рональдо. Бæрæг ма æрцыд хуыздæр бомбардир дæр. Иууыл фылдæр пуртитæ бакъуырдта Сагкаты Спартак.

 

Фембæлд  футболисттимæ

Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæрдар Хубежты Руслан сæмбæлд Хуссар Ирыстоны сæйраг футболон командæ «Цхинвал»-ы тренертæ æмæ футболисттимæ. Командæ ныридæгæн РЦИ-Аланийы чемпионаты фæлгæтты акодта æртæ хъазты æмæ дзы дыууæйы фæуæлахиз. 3-æм туры рамбылдта  Октябры «Алани»-йы 3:2 хыгъдæй. Цхин­вайлæгты сконды дыууæ хатты расгуыхт Джиоты Марат, иу пурти та йæхи къулдуары бакъуырдта «Алани»-йы хъазæг æмæ афтæмæй «Цхинвал» фæуæлахиз.

Ныр спорткомитеты сæргълæууæг фыццаджыдæр æрбацыд, цæмæй байхъуса тренертæм æмæ футболисттæм, зæгъгæ, сын базонгæ уа цы проблемæтæ сын ис, уыдонимæ. Командæйы фылдæр хайæн республикæйы къухдариуæгады æххуысæй раздæр арæзт æрцыдысты куыстмыздтæ. Ныр, Хубежты Руслан  куыд загъта, афтæмæй скъуыддзаг æрцыд командæйы иннæ хайæн дæр куыстмыздтæ фидыны фарста.

Командæйæн æлхæд æрцæудзæн спортивон экипировкæ дæр. Афтæ ма сæхи цæттæ кæнынц БРИКС бæстæты ‘хсæн спортивон хъæзтытæм. Хубежты Руслан футболистты раз æрæвæрдта хæс, цæмæй суой РЦИ-Аланийы чемпионтæ.

Хубежты Руслан ма куыд фехъусын кодта, афтæмæй республикæйы къухдариуæгадимæ скъуыддзаг цыд Кониффайы эгидæйы бын дунейы чемпионаты хайад райсынæн финансон фæрæзтæ ссарыны фарст. Фæлæ, ацы бонты куыд рабæрæг, афтæмæй чемпионат ахастой иннæ азмæ.

Фембæлды кæронбæттæны Хубежы фырт дзуаппытæ радта футболистты цымыдисгæнæг фарстатæн.

«Хубежты Руслан Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты сæргъ куы слæууыд, уæдæй нырмæ нæм сæрмагондæй йæ хъус дары. Ныр мах та æппæт тыхтæй дæр архайдзыстæм, цæмæй не ‘нтыстытæй  рухс кæнæм футболуарзджыты зæрдæтæ», – банысан кодта командæ «Цхинвал»-ы сæйраг тренер Кæркуысты Роберт.

ХУРИТЫ Батрадз

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.