Æмбæстагон хъахъхъæнынады хъуыддæгты, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрады къорд кусæджы схорзæхджын кодтой майдантæ æмæ сын радтой сæрмагонд нæмттæ.

Уæлвæткон уавæрты пресс-службæйы куыд хъусын кæнынц, афтæмæй схорзæхджын кæныны церемони арæзт æрцыд ведомствойы сырæзтыл 15 азы сæххæсты цытæн.
«Министр Гассеты Ибрагимы бардзырдмæ гæсгæ, сæ службæйон хæстæ цæсгомджынæй æххæст кæныны тыххæй Уæлвæткон уавæрты министрады къорд кусæджы схорзæхджын кодтой «За отличие в службе 1, 2 и 3 степени» майдантæй, афтæ ма сын лæвæрд æрцыдысты сæрмагонд нæмттæ», – дзырдæуы пресс-службæйы хъусынгæнинаджы.
2008 азы 4-æм октябры арæзт æрцыд æххæстгæнæг хицауады орган, кæцы сæрмагондæй æххæстбарджын уыд цæрджыты фадыджы æмæ æрдзон æмæ техногенон характеры уæлвæткон уавæртæй республикæйы территори бахъахъхъæныны фадыджы скъуыддзаг кæныны тыххæй – Æмбæстагон хъахъхъæнынады хъуыддæгты, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрад. Уæдæй фæстæмæ министрады сæрмагонд сконд кадимæ æххæст кæны йæ разылæууæг хæстæ.