Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады уагъд æрцыд  хуыздæр кусджытæн хорзæхтæ радтыны церемони, бæрзонд профессионализм æмæ цæсгомджын куысты тыххæй, афтæ ма Аразæджы боны цытæн, кæцы нысан кæнынц 11-æм августы.

Хицауады Сæрдары къухæй республикæйы Президенты æмæ Хицауады кадджын грамотæтæ, афтæ ма бузныджы фыстæджытæ райстой 16 кусæджы: управлениты хистæрты хæдивджытæ, хайадты хистæртæ, специалисттæ, сæйраг специалисттæ æмæ консультанттæ.

Йæ арфæйы ныхасы Хицауады сæргълæууæг банысан кодта, зæгъгæ, пандемийы рæстæджы арæзтадон комплексы куыст не ‘рлæууыд æмæ æххæст кодта йæ хæстæ æххæст гуырахстæй: интенсивонæй арæзт цыдысты цæрæнуат, фæндæгтæ, социалон объекттæ. Уый ма банысан кодта, зæгъгæ, арæзтадон фадыджы сæйраг нысаниуæг ис экономикæйы рæзт æмæ адæмы социалон хинкъарынад фæхуыздæр кæнынæн.

«Абон мах кад кæнæм, йæ æвæллайгæ, цæсгомджын куыстæй арæзтадон фадыгмæ йæ хайбавæрд чи хæссы, уыдонæн кæцыты фæрцы адæмы æрвылбонон цард кæны хуыздæр, стабилондæр æмæ фæрнджындæр. Махæн бирæ бантыст, бирæ æрцыд арæзт, фæлæ нæм иууыл сæйрагдæр æнтыстытæ разæй æнхъæлмæ кæсынц. Махмæ æнхъæлмæ кæсынц егъау плæнттæ фæндагон æмæ транспортон инфраструктурæйы рæзты, улæфæн æмæ цæрæнуатон объектты арæзтад. Æмæ мæн ныфс ис, иумæйаг тыхтæй махæн кæй бантысдзæн уыдон саразын», – загъта Бекъойты Геннади.

Хорзæхджын кæныны цере-монийы хайад райстой Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуард æмæ йæ хæдивæг Гаглойты Сергей.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.