29 сентябры Информаци æмæ мыхуыры паддзахадон комитеты пресс-центры пресс-конференци уыд РХИ-йы генералон прокурор Собаты Григорийæн. Уый лæмбынæг дзуаппытæ радта журналистты фарстатæн.

10-аздзыд лæппуйы фæцæфы тыххæй

Генералон прокурор фехъусын кодта, зæгъгæ, хæцæнгарзæй æнарæхстæй пайда кæныны аххосæй 10-аздзыд лæппу кæй фæцæф, уый тыххæй уголовон хъуыддаг бакæндзысты развæлгъау слестгæнæн мадзæлтты фæстиуджытæм гæсгæ.

«Развæлгъау информацимæ гæсгæ Тедеты æфсымæртæ хъæдмæ ацыдысты æмæ сæмбæлдысты хъæддаг сырдыл. Хистæр æфсымæр æй хъуамæ фехстаид, фæлæ цыдæр амæлттæй нæмыг сæмбæлд кæстæр æфсымæрыл. Ныртæккæ лæппу уæззау, фæлæ стабилон уавæры ис. Дохтыртæ йæ цæттæ кæнынц операцимæ. Хистæр æфсымæр та шокы ис», — загъта генпрокурор.

19-аздзыд Тыджыты лæппуйы амæлæты тыххæй

Собаты Григори куыд радзырдта, афтæмæй 19-аздзыд Тыджыты Вячеславы амæлæты тыххæй слестгæнæн органтæм ницыуал фарста ис.

«Æвзонг лæппу фæмард æбæрæг уавæрты аххосæй, фæлæ мæ бон зæгъын у, ацы хъуыддаджы фæдыл слестгæнæн органтæм ницыуал фарстатæ ис. Мах æй зонæм, куыд уыдис, цы æрцыдис. Фæлæ слестгæнæн мадзæлтты сусæгдзинады тыххæй нырма ницы дзурæн ис. Лæмбынæг информаци райсæн ис Тыджыты Вячеславы мадæй, уымæн æмæ куыд зианджын, афтæ трагедийы моменттæ раргом кæныны бар æрмæстдæр уымæн ис. Уголовон хъуыддаг нырма ис прокуратурæйы.

Ныртæккæ скъуыддзаг цæуы ситуацион экспертизæ ауадзыны хъуыддаг. Ахæм экспертизæ 300 мин сомы лæууы. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый зынаргъ у», — банысан кодта Собаты Григори.

Уалыты Сосланы (Цугри) тыххæй

Ацы азы 17 апрелы нæ горæты цæрæг 38-аздзыд Уалыты Сослан рынчындонмæ бахауд кардæй цалдæр цæфимæ æмæ уым амард.

Ацы фыдракæнды тыххæй генпрокурор куыд загъта, афтæмæй Цхинвалы цæрæг Уалыты Сосланы амæлæты фæдыл уголовон хъуыддаджы тыххæй æппæт мадзæлттæ дæр кæронмæ бахæццæ сты æмæ сæ тагъд рæстæджы арвитдзысты тæрхондонмæ. Баззад ма сын, слестгæнæн мадзæлттæ кæй фесты, уый тыххæй зылынджынæн фыстæджы хуызы фехъусын кæнын, зылын-гæнæн документ саразын æмæ уголовон хъуыддаг тæрхондонмæ адæттын.

Уый банысан кодта, зæгъгæ, уголовон хъуыддаг бакондæуыд Уголовон кодексы 111.4 статьямæ гæсгæ. Уый нысан кæны, æнæрхъуыдыйæ мæлæт цы расайдта, æнæниздзинадæн барæй ахæм уæззау зиан ракæнын.

Йæ амæлæты азымджын Сиукъаты Георги ныртæккæ у ахст.

Дзабиты Иналы тыххæй

Дзабиты Иналы амæлæты аххосджынты тыххæй Собайы фырт куыд радзырдта, афтæмæй Дзабиты Иналы амæлæты хъуыддаджы фæдыл криминалон милицийы кусджытæм ахасты слестгæнæн мадзæлттæ фесты ацы аз марты мæйы. Азымджынтæ базонгæ сты азымы бæлвырдгæнæнтимæ. Ныртæккæ ма æмбырд кæнынц уголовон хъуыддаджы фæдыл уæлæмхас æрмæджытæ æмæ сæ тагъд рæстæджы бадæтдзысты тæрхондонмæ.

«Мæн уырны уый, æмæ азымджынты фæаххосджын кæныны тыххæй уголовон хъуыддаджы фаг бæлвырдгæнæнтæ ис», — бахахх кодта генпрокурор.

Дзабиты Иналы амæлæты тыххæй уголовон хъуыддаг у 30 томæй æмæ дзы ис 9 азымджыны. Дихгонд ма у цалдæр хæдбар хъуыддæгтыл.

«Ахст чи у, криминалон милицийы уыцы кусджытæй дарддæр ма дзы ис, горæтæй æддæмæ ацæуыны бар кæмæн нæй, уый тыххæй къухфыст чи радта, афтæ ма агуырды чи ис, ахæм фигуранттæ дæр. Уыдоныл хицæн хъуыддæгтæ ис конд æмæ сыл слестгæнæн мадзæлттæ дæр хицæнæй уадзынц.

Азымджынты аххосджын кæнынц дыууæ статьямæ гæсгæ — мæлæт чи расайдта, æнæниздзинадæн барæй ахæм уæззау зиан ракæнын æмæ уæззау фæстиуджытæ кæмæн уыд, куысты бынатæй æнæмбæлонæй спайда кæнын.»

Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ Наниты Игоры тыххæй

Дзабиты Иналы амæлæты тыххæй раздæры генералон прокурор Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ мидхъуыддæгты раздæры министр Наниты Игорыл уголовон хъуыддæгты баконды тыххæй Собаты Григори куыд радзырдта, афтæмæй развæлгъау эксчиновниктæ сты Уæрæсейы Федерацийы территорийыл. Ис сын адвокаттæ æмæ слестгæнæн мадзæлттæм дæр уыдоны æрæрвитынц.

«Адвокатты æрцыдмæ арæх фенхъæлмæ кæсæм. Хатт уыдон цыдæр аххосæгтæм гæсгæ, не ’рцæуынц æмæ уæд, аххосджынты бартæ бахъахъхъæныны тыххæй æрбакæнæм бынæттон адвокатты. Уголовон хъуыддæгты слестгæнæн мадзæлттæ цæуынц уголовон кодексы нормæтæм гæсгæ.

Дзæгъиаты Уырызмæг æмæ Наниты Игоры нæ фæнды слестгæнæг органтæн æххуыс кæнын. Уыдон Уæрæсейæ æрæрвитынц хъаст фæдагурæгыл. Сæ куысты рæстæджы кæд хæлд цыдысты адæймаджы бартæ æмæ уголовон кодекс, æгæрыстæмæй Дзабиты Иналы æмæ Хъуылымбегты æмæ Цхуырбаты лæппутæм ахасты дæр, уæд сæ ныр æрæмысыдысты», — загъта Собаты Григори æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, Дзæгъиаты Уырызмæт æмæ Наниты Игорь аххосджын цæуынц бынаты куысты бартæй æнæмбæлонæй пайда кæнынæй (превышение должностных полномочий).

Закъоны раз алчи дæр дзуапп ратдзæн

Генпрокурор куыд радзырдта, афтæмæй ацы аз Генералон прокуратурæ бакодта 26 уголовон хъуыддаджы экономикон бархалынæдты здæхты, паддзахадон бюджетæй æнæзакъонæй ныппаплой кодтой 132 милуан 803 мин сомы.

Абоны онг уал æрбаздæхтой 46 мил-уан 706 мин сомы. Уыдонæй 29 милуан 116 мин сомы æрбаздæхтой æхцайæ, 17 милуан 590 мин сомы та бафыстой мулчы — алыгъуызон техникæйы хуызы.

Банысан кодта, зæгъгæ, «Дорэкспострой»-ы раздæры директор Мæхъиты Семен уыд дунеон агуырды. Уæрæсейаг коллегæты информацимæ гæсгæ, уый æрцахстой æмæ ныртæккæ скъуыддзаг цæуы Хуссар Ирыстоны территоримæ йæ экстрадици. Уый та проблемон у, уымæн æмæ аххосджынæн дывæр — Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмбæстагдзинад ис.

«Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй сæ фылдæрæн ис уæрæсейаг æмбæстагдзинад дæр. Дыууæ паддзахады дæр се ’мбæстæгты нæ фæдæттынц фæсарæйнаг паддзахадæн. Уый у экстрадицийы процесс ныццауæзыны ахæм иунæг проблемæ», — загъта Собаты Григори æмæ ма йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, иунæг фæткхалæг дæр æнæфхæрд нæ баззайдзæн, кæд раздæр стыр бынаты куыста, уæддæр.

Хæцæнгæрзты проблемæ кæронмæ скъуыддзаг нæу

Нырма Хуссар Ирыстоны адæмæй бирæтæм ис хæцæнгæрзтæ, уыдонæй бирæты нæ фæнды сæ хæцæнгæрзты милицимæ радтын. Фæлæ ис æмбаргæ æмбæстæгтæ дæр, кæцытæ барвæндонæй сæ хæцæнгарз æрбахæссынц милицимæ.

Рейдон мадзæлтты руаджы дæр бирæ хæцæнгæрзтæ байсынц, фæлæ абоны онг ацы проблемæ кæронмæ нæ аскъуыддзаг.

Наркотикты æнæзакъонон æрзылд фæкъаддæр

Наркотикон буарадты æнæзакъонон æрзылды тыххæй та генпрокурор загъта, зæгъгæ, республикæйы фæкъаддæр наркотикон хосты æнæзакъонон æрзылд, фæлæ уый зæгъæн нæй, наркотиктæй æнæзакъонæй чи пайда кæны, уыдоны тыххæй, уымæн æмæ уыдон ацæуынц республикæйæ æддæмæ æмæ уым спай-да кæнынц норкотикон буарадтæй.

***

Хуссар Ирыстоны прокуратурæйыл 1 октябры 100 азы кæй æххæст кæны, уый сæраппонд генпрокурор раарфæ кодта йæ коллегæтæн, ветерантæн сæ профессионалон бæрæгбоны тыххæй. Загъта сын фидар æнæниздзинады, оптимизмы, профессионалон æнтыстыты æмæ республикæйы хæрзæбонæн æнтыстджын куысты фæндиæгтæ.

ОСИАТЫ Индирæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.