Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрады кусджытыл адæмы  æууæнк бæрзонд кæй у, уый бæрæг вæййы уыдонæн сæ цырд фердæхдзинадæй æмæ эфективондзинадæй. Ацы министрады кусджытæн ныры вазыгджын дуджы  сæ разы цы тæссаг хæслæвæрдтæ æвæрд æрцæуынц, уыдон  æххæст кæнынц сæ цардæн тæссаг уавæрты. Кæд нæ республикæйы Уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдты ликвидацийы фæдыл министрад æвзонг у – 14 азы йедтæмæ йыл нæ цæуы, уæддæр уыцы азты  министрады службæгæнджытæ архайынц цæсгомджынæй æмæ æнæзивæгæй æрбалæууынц цæрджыты фарсмæ, уæлвæткон уавæртæй сæ бахъахъхъæныны сæраппонд, архайынц сæ профессионалон æмвæзад фæбæрзонддæр кæныныл.

Ацы бонты нæ республикæйы Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрады  сырæзтыл 14 азы сæххæсты цытæн уагъд æрцыд цытджын мадзал. Мадзалы хайад райстой министрады кусджытæ министры хæстæ æххæстгæнæг  Цоциты Азæмæты сæргълæудæй. Йæ раныхасы  Цоциты Азæмæт бузныджы ныхæстæ загъта йæ кусджытæн, куысты рæстæджы егъау профессионализм кæй равдисынц, уый тыххæй.

Цытджын мадзалы дарддæр уыд паддзахадон хорзæхтæ дæттыны церемони.  Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæрты æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министры хæстæ æххæстгæнæг Цоциты Азæмæты барамындмæ гæсгæ, министрады сырæзтыл, æмæ цæсгомджынæй сæ профессионалон хæстæ æххæст кæныны фæдыл, министрады иуæй-иу кусджытæ хорзæхджын æрцыдысты майдантæй «За отличие в службе 1, 2 æмæ 3 къæпхæнтæй», «За спасение жизни». «За ликвидацию последствий стихийных бедствий», афтæ ма министрады иуæй-иу кусджытæ хорзæхджын æрцыдысты уагдоны грамотæтæй.

Министрады иуæй-иу кусджытæн ма уыцы бон  лæвæрд æрцыдысты сæрмагонд цинтæ.

ТАНДЕЛАТЫ Виленæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.