Фæндагон арæзтады фадыджы хуыздæр кусджытæ хорзæхджын æрцыдысты Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады паддзахадон хорзæхтæй.

Хицауады сæргълæууæг раарфæ кодта мадзалы хайадисджытæн.

«Абон мах аккаг хорзæхтæ дæттæм Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады хуыздæр кусджытæн. Фадыджы æппæт æнтыстытæ къухты æфтынц кусджыты зонындзинæдтæ, энерги æмæ цæсгомджын куысты фæрцы.

Бирæ куыст нын ис фæндагон сферæйы рæзты, æмбæстæгты царды гъæд æмæ æмвæзад фæбæрзонддæр кæныны. Ныфс мæ ис, уыдон иууылдæр скъуыддзаг кæй æрцæудзысты хуссарирыстойнаг аразджыты бæрзонд профессионализм, бæрндзинад æмæ хъуыддагмæ æнувыддзинады фæрцы», — банысан кодта Хицауады сæргълæууæг.

Цæсгомджын куыст æмæ уæлдæр профессионализм æмæ Аразæджы бон нысан кæныны цытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Кады грамотæтæ лæвæрд æрцыд: ПУК «Управление капитального хозяйства»-йы техникон хайады сæйраг специалист Хъæцмæзты Сабинæ; Арæзтады министрады архитектурæ æмæ горæтарæзтады управленийы консультант Коцты Сергей; Арæзтады министрады барадон управленийы хистæр Хъуылымбегты Азæ; ПУК «Управление капитального хозяйства»-йы техникон хайады хистæр Лолаты Галинæ; ПУК «Управление капитального хозяйства»-йы арæзтадон контролы хайады сæйраг специалист Наниты Станислав æмæ Арæзтады министрады барадон управленийы консультант Тедеты Заринæйæн.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.