10 ноябры куыд Уæрæсейы Федерацийы, афтæ нæ республикæйы дæр нысан кæнынц барадхъахъхъæнæг органты профессионалон бæрæгбон. Кæд коронавирусон низы тыххæй нæй гæнæн, бирæнымæц адæм кæм уа, ахæм мадзæлттæ уадзын, уæддæр хъуыддаг æмæ уавæртæ домдтой ацы бæрæгбон бæнысан кæнын. Уымæн æмæ фарон дæр æргъæвд æрцыдысты цытджын мадзæлттæ æмæ милицийы кусджытæ сæ профессионалон бæрæгбоны рохуаты аззадысты. Ацы аз фæндон рахастой, цæмæй ОМОН-ы егъау залы саразой цытджын мадзал, фæлæ уыимæ иумæ æххæст æрцæуой санитарон домæнтæ. Залмæ бахизæны æрæвæрдтой маскæтæ æмæ дезинфекцигæнæн тæнгъæд.  Маскæ скæнынæй сæрибар уыдысты, хæрзæрæджы коронавирусæй чи фæрынчын, уыдон.

Цытджын мадзалмæ фæуазæг сты бæстæйы Президент Бибылты Анатоли, Парламенты сæрдар Тадтаты Алан, Генералон прокурор Багаты Магомед, РХИ-йы тыхон структурæты минæвæрттæ, журналисттæ æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Мадзал йæ раныхасæй байгом кодта Мидхъуыддæгты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Пухаты Мераб, кæцы бузныджы ныхæстæ загъта æрæмбырдуæвджытæн, ахæм тæссаг эпидемиологон уавæры кæй саккаг кодтой милицийы кусджытæн раарфæ кæнынмæ æрбацæуын. Уымæй уæлдай ма Пухаты Мераб зæрдиаг арфæтæ ракодта йе ‘мкусджытæн, сæ бинонтæн, кæцытæ, милицийы уæззау службæ хæсгæйæ, æрвылбон дæр зындзинæдтæ æвзарынц, фæлæ уæддæр сæ ныфс дарынц хуыздæр фидæныл. Ве-домствойы сæргълæууæг ма æрдзырдта барадхъахъхъæг органты сырæзты историйы тыххæй æмæ сын цахæм ахадыдзинад уыд æхсæнады царды, уыдæттыл.

«Хуссар Ирыстоны историмæ куы акæсæм, уæд адæмы царды мидхъуыддæгты органтæ ахсынц егъау бынат, уымæн æмæ милицийы кусджытæ æппынæдзух хъахъхъæдтой æхсæнадон сабырад æмæ цæрджыты æдасдзинад. Æрмæстдæр милицийæн уыд хæсгонд, цæмæй хъахъхъæна адæмы бартæ æмæ сæрибардзинад, хисæрмагонд æмæ паддзахадон фæллой. Ныридæгæн дæр та, куыд уынут, афтæмæй милицийы раз æвæрд ис бирæ хæстæ, кæцытæ баст сты коронавирусон низимæ. Цæмæй ныры проблемæты сæрты  ахизæм, нæ къахдзæфтæ эффективон уой, уый тыххæй нын нæ куыстмæ хъуамæ уа бæрнон ахаст, сæвзæргæ уавæрæн дæттæм раст анализ æмæ уымæ гæсгæ нæ уынаффæтæ дæр уыдзысты рæстмæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ ныл не ‘мбæстæгтæ æууæнддзысты уæд, кæд æмæ уæм профессионалтæ нæ куысты, уа нын æмбæлон уагахаст, нæхиуыл хæцын зонæм алыгъуызон уавæрты æмæ цæттæ уæм алы уысм дæр æххуысмæ», – загъта Пухаты Мераб.

Милицийы куыст рагæй фæстæмæ тæссаг уыд, 90-æм азты та бынтон схæццæ дуг æмæ сæ бахъуыд сæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын дæр. Уыимæ ма иумæ æххæст кодтой сæ комкоммæ хæстæ дæр, ома, хъахъхъæдтой æхсæ-надон фæтк. Ахæм хæццæ дуджы æмæ æндыгъд уавæрты бирæ фæмард барадхъахъхъæнæг органты кусджытæй. Пухаты Мераб бахатыд залы бадджытæм, цæмæй уыцы фæмардуæвджыты рухс нæмттæ ссарой иу уысм æмырæй алæугæйæ.

Бибылты Анатоли дæр йæ раныхасы арфæйы ныхæстæ загъта Мидхъуыддæгты министрады кусджытæн, фæнысан æй кодта, зæгъгæ, ныридæгæн милицийы разлæууæг сæйраг хæстæй иу у барадхъахъхъæнæг органты кадыл бæрзонд схæцын, адæмы æууæнкдзинад раздахын.

«Фарон цы æндыгъд уавæр уыд не ‘хсæнады Дзабиты Иналы фæмарды фæстиуæгæн, уый стыр хъæдгом ныууагъта милицийы куыстыл, æгас барадхъахъхъæнæг органты системæйыл. Ныр æппынæдзух архайын хъæуы, цæмæй фидæны ахæм цаутæн æрцæуыны фадат мауал уа, уыцы худинаг та бамбæрзын хъæуы аккаг куыстæй, профессионалон архайдæй. Ис закъон æмæ алчидæр хъуамæ архайа йæ фæлгæтты, уæлдайдæр та пагæттæ чи дары, æхсæнадон фæтк æмæ æдасдзинад чи хъахъхъæны, уыдон. Искæцы уавæры куы фæтыхсай, куы нæ уал йæ зонай, куыд бакæнай, уый, уæд алыхатт дæр архайын хъæуы закъонмæ гæсгæ æмæ никуы фæрæдидзынæ. Адæм æй хъуамæ хатой, милици сæ кæдфæнды дæр кæй бахъахъхъæндзæнис, сæ зын уавæрты алыхатт дæр сæ фарсмæ кæй балæудзæнис, уый», – загъта Президент.

Уыимæ ма Бибылты Анатоли æрдзырдта  æхсæнадон сабырдзинадмæ милицийы хайбавæрдыл дæр æмæ банысан кодта, зæгъгæ, иу бон дæр милици куы нæ бакуса, йæ службæйон хæстæ куы нæ сæххæст кæна, уæд нæ сабыр цард æвиппайды æрбайхæлдзæнис.

Бибылты Анатоли нæ ферох кодта милицийы ветеранты дæр, кæцытæ намысджынæй сæххæст кодтой сæ профессионалон службæйон хæстæ, бахъахъхъæдтой Ирыстоны æддагон æмæ мидæггагон знæгтæй.

«Алы æрыгон кусæгæн дæр цæвиттон хъуамæ уой ветерантæ, кæцытæ рацыдысты уæззау фæндæгтыл, сæ тых, сæ хъару нæ бахæлæг кодтой Райгуырæн бæстæйæн, удуæлдай лæггад бакодтой сæ адæмæн. Криминалимæ тохгæнгæйæ ма хъахъхъæдтой Ирыстоны хæдбардзинад дæр, æмæ дзы ахæм уавæрты бирæтæ фæмардысты, сæ службæйон хæстæ æххæст кæнгæйæ æмæ сæ Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау», – банысан кодта Бибылты Анатоли.

СÆ СÆЙРАГ ХÆС – БАРВÆТК ÆМÆ САБЫРАД ХЪАХЪХЪÆНЫН

Кæронбæттæны бæстæйы Президент схорзæхджын кодта цалдæр кусæджы, – инæлар-майоры чинтæ радта ОМОН-ы командир Плиты Игорæн æмæ ИКЦ-йы директор Бола-таты Аланæн, æртæ адæймагæн та радта булкъоны чинтæ. Уымæй уæлдай цалдæр кусæджы та хорзæхджын æрцыдысты «Мидхъуыддæгты министрады аккаг кусæг»-ы кадджын нæмттæй æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Кады грамотæтæй.

Пухаты Мераб дæр, сæ службæйон хæстæ æмбæлонæй кæй æххæст кæнынц, уый тыххæй цалдæр кусæджы схорзæхджын кодта ведомствойон хорзæхтæй.

Милицийы профессионалон бæрæгбоны фæдыл ма Парламенты сæрдар Тадтаты Алан фæуазæг ис Иумæйаг информацион-координацион центрмæ æмæ сын зæрдиагæй раарфæ кодта.

«ИКЦ-йы сырæзт стыр ахъаз фæцис нæ республикæйы фæтк бахъахъхъæнынæн, егъау хайбавæрд хæссут фæтк-халæн цаутæ къаддæр кæнынмæ, æххуыс кæнут фыдгæнджыты æндæр бæстæтæй экстрадици кæныны хъуыддаджы. Бæстæйы къухдариуæгад уын уæ куыстæн стыр аргъ кæны æмæ нæ дарддæр дæр ныфс ис, æмбæлонæй кæй æххæст кæндзыстут уæ разылæууæг хæстæ», – загъта Парламенты сæргълæууæг.

Тадтаты Алан Праламенты Кады грамотатæй схорзæхджын кодта цалдæр кусæджы.

ДЖИОТЫ Александр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.