Азербайджан ӕмӕ Сомихы ‘хсӕн уавӕр ногӕй фӕкарздӕр. Азербайджан домы арӕнгӕрон сомихаг хъӕутӕ барвӕндонӕй радтын. Сомих куы нæ сразы уа, уӕд Азербайджаны президент Ильхам Алиев дæр арӕнты делимитацийыл нӕ разы кӕны. Сомихы премьер-министр Пашинянӕй та йӕ ныгуылӕйнаг куратортӕ домынц фарста цыбыр рӕстӕгмӕ аскъуыддзаг кӕнын. Ахӕм сӕвзӕргӕ уавӕрты Пашинян ацыд арӕнгӕрон хъӕутӕм ӕмӕ фембӕлд цӕрджытимӕ.

Хъӕууон цӕрджытӕ политикӕмӕ дард лӕууынц ӕмӕ йӕ не мбарынц, сӕ фыдӕлты уӕзгуытӕ цӕмӕн хъуамӕ ныууадзой ӕмӕ гӕвзыккӕй ӕцӕгӕлон бынатмӕ цӕмӕн хъуамӕ фӕуой лидзинаг. Пашинянӕн йӕ бон ницы уыд сдзуапп кӕнын сӕ фарстатӕн. Ныфс сын бавӕрдта, ома уын компенсацитӕ ӕнӕмӕнг бафиддзыстӕм, ӕмӕ арӕнгӕрон иннӕ хъӕутӕм та фӕндӕгтӕ сцалцӕг кӕндзыстӕм. Фӕлӕ бынӕттон цӕрджытӕ нӕ разы кодтой йӕ ныхӕстыл ӕмӕ сӕ уӕд Пашинян фӕтӕрсын кодта хӕстӕй. «Мах куы нӕ сразы уӕм сӕ домӕнтыл, уӕд къуырийы кӕрон гӕнӕн ис ӕмӕ хӕст райдайа ӕмӕ йӕ ничи зоны, цахӕм фӕстиуджытӕ йын уыдзӕн. Ӕмӕ стӕй мӕн аххосджын кӕндзыстут, ома уавӕримӕ зонгӕ уыдтӕ ӕмӕ нӕ нӕ бахызтай фыдбылызӕй».

Пашиняны ныхӕстӕй ӕрмӕст уыцы хъӕуы цӕрджытӕ нӕ фӕтарстысты, фӕлӕ ӕгас Фӕскавказы бӕстӕтӕ ӕмӕ ма дунейы дӕр. УФ-йы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвар Мария Захарова банысан кодта, ома сӕвзӕргӕ уавӕры Уӕрӕсе ницы аххосджын у, ӕппӕт бӕллӕхтӕ дæр ӕрцыдысты Ереван ӕмӕ ныгуылӕны ‘хсӕн консультациты фӕстиуӕгӕн.

Ацы цау тынг бандӕвта Сомихы ӕхсӕнадыл, бынтон ӕрӕджы Хӕххон Карабах фесӕфтой, сӕ маст нырма не рысыст ӕмӕ та сын ныр ног «рӕхуыст». 20 марты Сомихы парламенты уыд рабадт ӕмӕ депутат Левон Кочарян комкоммӕ Пашинянмӕ фарст радта, ома Сомихы премьер-министр дӕ, ӕви Азербайджаны ӕнӕзмӕлгӕ мулкъы агент. Депутатты хъуыдымӕ гӕсгӕ Азербайджан ӕрмӕст ацы хъӕутыл не рлӕудзӕн, фӕлӕ ӕрдомдзӕн ноджы ӕндӕр территоритӕ. Ӕмӕ кӕдмӕ хъуамӕ хатыр кӕна Сомих?

Советон Цӕдисы скондӕй рахизгӕйӕ Азербайджаны ӕмӕ Сомихы баззадысты националон анклавтӕ. Фӕлӕ сӕм хӕстон архӕйдтытӕ куы райдыдтой, уӕд ацы анклавты цӕрджытӕ кӕнӕ лидзинаг фесты, кӕнӕ та сразы сты ассимиляцийыл. Сомихы разамынад зӕгъы, ома Азербайджаны территорийыл ис 31 сомихаг хъӕуы. Фӕлӕ Пашинянмӕ кӕм ис, уыцы территоритӕ фӕстӕмӕ æрдомыны ныфсхастдзинад.

Пашинян сомихы нацийы знаг кӕй у, уый бӕрӕг у йӕ хъуыддæгтæй. Ӕрмӕст уыцы хъӕутӕ сын не скӕндзӕн сӕ фыццаг. Азербайджанӕн нӕй сурзӕххыл фӕндаг Нахичеваны автономон республикӕмӕ – се ‘хсӕн ис Зангезуры (сомихагау та Сюник) область, ӕмӕ сӕ рагӕй фӕнды «къаридор» саразын, ома автомобилон ӕмӕ ӕфсӕнфӕндæгтæ. Хъуыддӕгтӕ йӕ куыд ӕвдисынц, афтӕмӕй «къалидор» нӕ, фӕлӕ тагъд рӕстӕджы Зангузеры район ӕнӕхъӕнӕй сӕхи бакӕндзысты. Уӕлахиздзауы домӕнтӕ ӕххӕст кӕнын хъӕуы. Сомихы разамынад та сӕ нацийы вазыгджын фарстатӕ скъуыддзаг кӕныны бӕсты бынӕттон цӕрджыты сайы Евроцӕдисимӕ интеграцийӕ.

Ныгуылӕн бӕстӕтӕ Сомихы цӕмӕн сразæнгард кодтой, уый бӕрӕг у – фӕнды сӕ Уӕрӕсейы арӕнтӕм æввахс ног мас-штабон хӕст расидын. Ам та ныгуылӕн «демократийы» сӕраппонд, уадз æмæ, сомихӕгтӕ мӕлой. Пашинянӕн йӕ куратортимӕ развӕлгъау план конд у, ӕрмӕст ма ӕнхъӕлмӕ кӕсынц хуыздӕр рӕстӕгмӕ.

Ног хӕст кӕй ӕрӕввахс кӕны, ууыл дзурӕг моменттӕ бирӕ сты. Фӕстаг рӕстӕджы ныгуылӕн информацион фӕрӕзты регуляронӕй фӕзынынц ахӕм хуызы информацитӕ, ома Азербайджан тагъд рӕстӕджы ныббырсдзӕн ӕнӕбон, мӕгуыр Сомихмӕ ӕмӕ йӕм хӕцӕнгарзӕй фӕкӕсын хъӕуы. Райдыдтой НАТО-йы инструктортӕ сомихаг ӕфсӕддонтӕн ахуыртӕ уадзын, ласынц сӕм алыгъуызон ӕхсӕнгарз ӕмӕ хӕстон техникӕ. Сӕйраг «ӕххуысгӕнӕгыл» дзы нымад у Франц – се ‘фсӕддон мисси дзы æрбынат кодта, амоны сын, цӕмӕй Уӕрӕсеимӕ сæ бастдзинӕдтӕ аскъуыной. 90-ӕм азтӕй фӕстӕмӕ Занге-зуры областы арӕнтӕ контроль кӕнынц уӕрӕсейаг арӕнхъахъхъӕнджытӕ ӕмӕ сӕ ныр Пашинян арвитынмӕ хъавы. Ӕппынӕдзух дзы бынӕттон цӕрджытӕн ӕнӕуынон кӕнынц Путины политикӕ, сæ туджы сын уадзынц, сымахæн, дам, алцыдӕр экономикон проблемӕтӕй райдайгӕйӕ у Уӕрӕсейы аххос.

Арӕнтыл арӕх ӕрцӕуы провокацитӕ. Хъыгагӕн дзы фæмард вæййынц ӕфсӕддонтӕ дӕр, ӕмӕ Ереван уайтагъд Уӕрӕсейы саххосджын кӕны, ома нын ницы ӕххуыс кӕнут ӕмӕ хъуамӕ рахизӕм ОДКБ (Коллективон ӕдасдзинады бадзырды организаци) скондӕй. 30 мартӕй фӕстӕмӕ Сомихы территорийыл нал кусдзысты уӕрӕсейаг «Мир» картӕтӕ дӕр. Пашинян нырыонг дӕр ӕппӕт бадзырдтӕ фехӕлдтаид Уӕрӕсеимӕ, фӕлӕ егъау экономикон ӕххуыс исы Уӕрӕсейӕ ӕмӕ йын уыцы факт фадат нӕ дӕтты йӕ сау хъуыддӕгтӕ кӕронмӕ бакӕнынӕн.

Куыд уынӕм, афтӕмӕй Сомих цӕуы растдӕр Украинӕйы фӕндагыл. Ныгуылӕн куратортӕ сӕ конспекттӕ нӕ фӕивтой. Украинаг ахуыр фæндагыл аразынц – Сомихӕн дӕр ныфс ӕвӕрынц Евроинтеграцийӕ ӕмӕ фидӕны та НАТО-йы скондмӕ  бахизынӕй. Пашинян ӕргомӕй дзурын райдыдта сомихаг нацийы номӕй, зӕгъгӕ нын Уӕрӕсеимӕ хӕлар ахастытӕ приоритетон нал сты, сомихӕгтӕ сӕ фидӕн уынынц ныгуылӕнимӕ.

НАТО-йы скондмӕ Сомихы кӕй никуы айсдзысты, ууыл иунӕг эксперт дӕр нӕ дызӕрдыг кӕны. Фӕлӕ ма Евроцӕдисмӕ айсыны процессы дӕр бирӕ цӕлхдуртӕ ис. Сомихӕн Европӕимӕ нӕй иумӕйаг арӕн – ӕрмӕстдӕр Турчы уылты. Ӕмӕ Туркӕн та цы ахаст ис Сомихы бӕстӕимӕ, уый алчидӕр зоны. Турк ӕмӕ Азербайджанӕн сӕ стратегион планы рагӕй ис Сомихы территори бацахсын. Сӕ бӕллиц куы сӕххӕст уа, уӕд иуӕй сурзӕххыл баиу уыдзысты, иннӕмӕй та сӕ территоритӕ ауӕрӕх кӕндзысты. Пашиняны хуызӕн национ лидеримӕ сомихӕгтӕ тагъд рӕстӕджы сӕ паддзахад кӕй фесафдзысты, уый, хъыгагæн, дызӕрдыггаг нӕу. Турк ӕмӕ Азербайджан ӕнхъӕлмӕ кӕсынц, цӕмӕй Сомих йӕ ахастытӕ кӕронмӕ фехала Уӕрӕсеимӕ, уый фӕстиуӕгӕн Сомихы территорийӕ ацӕуой уӕрӕсейаг ӕфсӕддонтӕ ӕмӕ стӕй ӕрӕвналдзысты сӕ план ӕххӕст кӕнын-мӕ. Сомихы цӕрджыты ныр стыр ныфс бацыд ныгуылӕн гарзджын тыхтӕй, ома нын баххуыс кӕндзысты. Фӕлӕ йӕ нырма нӕ бамбӕрстой, иунӕг европӕйаг ӕфсӕддон дӕр йӕ къухмӕ ӕхсӕнгарз кӕй нӕ райсдзӕн Сомихы бахъахъхъӕныны сæраппонд.

Абон Сомих домынц, цӕмӕй Уӕрӕсе ацӕуа сӕ территорийӕ ӕмӕ сӕ домӕн, ӕвӕццӕгӕн, рӕхджы ӕххӕст ӕрцӕудзӕн. Уӕрӕсейы империйы фӕрцы сты Сомих паддзахад, бахызта сӕ скуынӕгӕй ӕмӕ ныр алцӕмӕйдӕр сӕхицӕй буц сты, нал сӕ хъӕуынц сӕ ирвӕзынгӕнджытӕ. Ӕнӕ Уӕрӕсе та Сомихы паддзахадӕн фидӕн нӕй. Сомихы территори 200 азы размӕ цахӕм уыд, уыцы уагмӕ та ӕрхаудзӕн тагъд рӕстӕджы. Æмæ уæд та ног ӕлдариуӕг кӕндзысты туркӕгтӕ, сомихӕгтӕ та кӕнӕ лидзинаг фӕуыдзысты, кӕнӕ сӕ дӕлбар цӕрдзысты. Ахӕм уавӕрты сомихӕгтӕ æппынфæстаг фесафдзысты, сæ паддзахад дæр, се ‘взаг, сӕ культурӕ, сӕ традицитӕ дӕр.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.