Нæ цытджын Уæлахизы бæрæгбонмæ Цæгат Ирыстоны райдыдтой цæттæ кæныны мадзæлттæ. 9 майы радон хатт сбæрæг кæндзыстæм Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 79 азы бон. Раздæр куыд уыд, афтæ ацы хатт дæр бæрæгбоны кадæн республикæйы ацæудзысты дзыллон мадзæлттæ. Цæттæ кæнын та сæм райдыдтой суанг апрелы райдианæй.

Хæстон парадтæ ацæудзысты Дзæуджыхъæу æмæ Мæздæджы. Уыимæ акцитæ «Сæ цæсгæмттæм сын бакæс», «Æнæмæлгæ пъолк» æмæ бирæ æндæр мадзæлттæ.

«Хъуамæ Уæлахизы боныл сæмбæлæм цæттæйæ, скæнæм æй бæрзонд æмвæзадыл. Нæ республикæйæ 100 мин адæймаджы ацыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнынмæ. Уыдонæй сæ хæдзæрттæм нал сыздæхт 47 мин хæстоны. Уæлахизы боныл ныр æмбæлæм сæрмагонд æфсæддон операцийы рæстæг. Иудзинад, патриотон удысконд æмæ историон цаутæ зæрдыл дарын нын тынг ахсджиаг у», – загъта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Уый ма бафæдзæхста районты разамонджыты, цæмæй аккаг хуызы сæмбæлой бæрæгбоныл.

Ныртæккæ скъолаты уагъд цæуынц лæгдзинады уроктæ, фæхонынц Ветеранты советы, æхсæнадон организациты уæнгты, стæй сæрмагонд операцийы архайджыты. Уæлдæр ахуыр­гæнæндæтты арæзт æрцыд тематикон къуымтæ.

Хæстон  намысы  бынæтты    уагъд æрцæудзысты мотоавтодугътæ. Арæзт æрцæудзысты патриотон  акцитæ  «Георгиаг лентæ», «Зæрдылдарæн цæхæрадон», спартакиадæтæ, гом уроктæ, тымбыл стъолтæ…

Сæйрагдæр мадзæлттæ райдайдзысты 8 майы. Уыцы бон Фыдыбæстæйы Стыр хæсты хъæбатырты цыртдзæвæнтыл сæвæрдзысты дидинджытæ æмæ веноктæ. Уæрæсейаг æфсады дæлхайæдтæ æмæ æфсæддон техникæ кæм архайдзæн, ахæм парад ацæудзæн Дзæуджыхъæуы Сæрибары фæзы.

Уыцы бон ма республикæйы Сæргълæууæг кадджын уагæй фембæлдзæн хæсты ветерантимæ. Хæдтулгæтæ æмæ мотоциклты дугъы архайджытæ бабæрæг кæндзысты хæстон номарæн бынæттæ.

Республикæйы разамонджытæ ма бахынцыдтой æдасдзинадимæ æппæт фарстатæ дæр. Мидхъуыддæгты министрадимæ, тыхы æппæт структурæтимæ баныхас кодтой, цæмæй æп­пæт ахсджиаг объекттæ дæр уыцы бонты уæлдай хъахъхъæд цæуой, базæрттæ æмæ стыр фæлхасадон центртæ сæхгæной, адæм бирæгæйттæй кæм æмбырд кæнынц, уым къæрцхъусдæр уой, парады рæстæг проспектмæ æппæт бахизæнты дæр æцæгæлон предмет иртасæнтæ сæвæрой æмæ афтæ дарддæр.

Нæ уацх.

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.