Хуссарирыстойнаг æвзонг богалтæ хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой уæгъдибар хъæбысхæстæй Налцыччы уагъдцæуæг ерысты. Турниры уæлахиздзаутæ систы Гæджиты Аслан (30 кг), Тедеты Артур (43 кг), Тедеты Хасан (47 кг) æмæ Бекъойты Валери. Æвзист призертæ  систы Дзабиты Аслан (30 кг) æмæ Плиты Алан (45 кг). Бронзæйон хорзæхтæ та райстой Гæджиты Валери (32 кг), Гæбæраты Артур (36 кг), Тедеты Георги (39 кг), Зассеты Давид (39 кг), Быценты Барсæг (36 кг), Хъæцмæзты Арсен (41 кг) æмæ Туаты Хъазбег (68 кг).

Спортсменты цæттæ кæнынц Гæджиты Артур, Гæджиты Марат, Джиголаты Андрей, Гæззаты Алан æмæ Пухаты Георги.

Футбол

Дзæуджыхъæуы «Алани» дарддæр мæгуырау бæрæггæнæнтæ æвдисы Уæрæсейы фыццаг дивизоны. Ныр та чемпионаты 27-æм туры уазæгуаты 4:1 хыгъдæй фембылды Красноярскы «Енисей»-æн. Хъазты фæстæ йæ комментаритæ радта «Алани»-йы сæйраг тренер Евгений Калешин.

«Мæ хъуыдымæ гæсгæ, нæ ацы худинагимæ хъæудзæн цæрын. Æхсæнадмæ мæ хъæуы фæхæццæ кæнын уый, æмæ знон Красноярскы кæй фембæлдтæн клубы хицауимæ. Уый куыд фæлтæрдджын адæймаг, афтæ æмбæрста, хабар цæмæ цæуы, уый. Æмæ ныр официалонæй зæгъæн ис, æмæ клуб кæй цæуы рацарæзтмæ. Уый бандавдзæн клубы, къухдариуæггæнджыты сконд, тренерон скондыл, æмæ, кæй зæгъын æй хъæуы, футболистты    куысты аспекттыл», – банысан кодта Калешин.

 

***

Сæрды райдианы Цхинвалы райдайдзæн РХИ-йы президенты призтæ рамбулыны сæраппонд турнир футболæй. Турниры хайад райсыны тыххæй куырдиæттæ бадæттæн уыдзæн Фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитетмæ  20-æм майы онг. Хъазты формат у 8×8. Ома, хъазæн фæзы алы командæйы сконды дæр уыдзæн фæйнæ 8 хъазæджы. Уыдон хъаздзысты дыууæ таймы 25 минуттæ.

Турниры финал уагъд æрцæудзæн 26-æм августы РХИ-йы хæдбардзинад банымайыны боны цытæн.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.