Рæстæг дугъон бæхæй хъауджыдæр нæу, афтæ згъоры æмæ йæ адæймаг хатгæ дæр нæ кæны. Ацы аз 29-æм апрелы 33 азы сæххæст ис, Дзауы районы цы стыр зæххæнкъуыст æрцыдис, ууыл. Уый йæхи цæстæй чи федта æмæ уыцы тас йæхиуыл чи бавзæрста, уыдонæй никуы ферох уыдзæн æвирхъау бон.
1991 азы 29-æм апрель уыдис къуырисæр бон. Уалдзыгон рæстæг адæймаджы зæрдæйыл рухс æнкъарæнтæ æфтыдта. Уыцы райсом, куыд фæзæгъынц, хур бæстыл атылд, æрдз та цъæх-цъæхид адардта æмæ йыл алчи æмбæлдис райзæрдæйæ. Йæ фæсонæрхæджы дæр никæмæн æрцыдаид, ахæм удылæхцондзинад æфтауæг бон адæмыл кæй рахæтдзæн дунесфæлдисæг.

Уыцы рæстæджы Гуырдзыстоны фашистон хицауад сфæнд кодта Хуссар Ирыстоны адæмы сæ фыдæлты уæзæгæй фæсурын. Ирон адæм хорз зыдтой гуырдзиаг фашистты фыдаудæнтæ, сæ хин хъуыддæгтæ æмæ та сæ фыртыхстæй арæзтой, сæхи ма цæмæй фервæзын кæной, ахæм мадзæлттæ. Уый сæраппонд 29-æм апрелы Дзауы райцентры нысангонд уыд митинг ауадзын. Сорганизаци йæ кодта уæды райкомы партийы нымæрдар, дзæнæттаг Джиоты Заирæ. Митингмæ æрбамбырд сты, районы цыдæриддæр куыстуæттæ уыдис, уыдоны кусджытæ æмæ бынæттон цæрджытæ дæр. Хуссар Ирыстоны адæм цы æнхъæл нæ уыдысты, уыцы диссаг сыл цалдæр уысммæ æрцыдис. Зæхх афтæ нынкъуыстис æмæ районы цæрджытæн сæ бирæ азты фæллой ныппаплой, сæ хæдзæрттæ ныппырх сты æмæ аззадысты уынджы. Хахеты хъæу та æнæхъæнæй фæцис зæххы бын.

Æвæдза, хуымæтæджы нæ акæнынц, зæгъгæ, æрдзы ныхмæ стохгæнæн нæй. Уымæ гæсгæ 33 азы размæ цы ‘рцыдис, уый абон дæр уайы нæ цæстытыл, раст цыма знон уыдис, уыйау. Уымæн æмæ раздæрау нæ уарзон, рæсугъд æмæ курортон районæй ницыуал баззад, æрцыдис дзы уды зиæнттæ дæр. Уæд æз уыдтæн къаннæг чызг, ахуыр кодтон æртыккаг къласы, фæлæ уыцы бон мæ зæрдыл баззад, ферохгæнæн кæмæн нæй, ахæм сау стъæлфæй. Ацы стыр зæххæнкъуыст бирæ фыдæбон æрхаста адæмæн йæ райдианæй нырмæ. Уæды рæстæджы специалисттæ æмæ къамис куыд сбæрæг кодтой, афтæмæй Дзауы районæн йæ 90 проценты ныппырх ис. Æмæ дæсгай азты фæстæ районы æддаг хуызыл абон дæр бæрæг у, æрдзон æнамонддзинады фæстиуджытæ кæронмæ иуварс кæй не ‘рцыдысты.

Зæххæнкъуысты хабар куы айхъуыст, уæд нæ фарсмæ æрбалæууыдис Уæрæсе æмæ нæм алырдыгæй райдыдта гуманитарон æххуыс цæуын. Æнæхæдзар адæмæн рæстæгмæ цæрынæн æрластой цатыртæ æмæ вагæттæ. Вагæтты фылдæр хай байуæрстой скъолатæн, рынчындон, администраци æмæ æндæр куыстуæттæн, цæмæй æхсæнадон цард бынтондæр ма ‘рлæууыдаид. Советон Цæдис кæй ныппырх, уымæ гæсгæ бæстæ схæццæ æмæ Уæрæсе йæхæдæг дæр уыд уæззау уавæры. Ног хæдзæрттæ саразыны хъуыддаджы нын кæй нæ баххуыс кодтаид, уый бамбæрстой, зæххæнкъуысты азарæй чи басыгъд, уыцы тыхст адæм æмæ хъуыдыйаг фесты хæххон зонæйы цæргæйæ, зымæг куыд арвитдзысты, уый тыххæй…

Раздæрау абон бирæтæн сæхи фæндиаг, дыууæуæладзыгон капиталон хæдзæрттæ саразын нал бантыст. Хæдзар саразын та æнцон кæй нæу, зынаргъ кæй лæууы, уымæ гæсгæ сабыргай, кæмæн куыд йæ къух амыдта æмæ амоны, афтæ æндидзын кæнынц сæ цæрæнхæдзæрттæ. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ зæххæнкъуысты адæм æфснайæн банчы кæй фесæфтой се ‘вæрд æхцатæ дæр, æндæра сын, чизоны, уыцы къапеччытæ дæр ахъаз уыдаиккой сæ тыхст рæстæджы. Æмбæрстгонд у, йæ куыстмыздæй хæдзар кæй ничи сараздзæнис æмæ районы цæрджытæн сæ фылдæр райсынц кредиттæ. Абоны онг зæххæнкъуысты фæстиуæгæн сæ хæдзæрттæ кæмæн ныппырх сты, уыцы бинонтæн сæрмагондæй никуы ничи баххуыс кодта. Уый банысан кодта Дзауы районы администрацийы сæргълæууæг Тыбылты Вандæ дæр.

«Бæргæ, сæ хæдзæрттæ кæмæн ныппырх сты, уыдонæн истæмæй куы баххуыс кæниккой, фæлæ Уæрæсейы Федераци ныртæккæ йæхæдæг дæр ис уæззау уавæры. Адæм сæхи тыхтæй сæ хæдзæртты кæй сæндидзын кодтой, уый æз алы хатт дæр фæзæгъын. Хицауадæй æппындæр ницы æххуыс райстой, афтæмæй бирæ азты дæргъы фыдæбон кæнынц. Корпустæ саразыныл цы æхцайы фæрæзтæ бахардз, уыдон бынтондæр, сæ хæдзæрттæ кæмæн ныппырх сты, уыцы тыхст адæмыл сæ куы адих кодтаиккой, (æндæр дæр сæ нæ хъуыд), уæд алчи дæр йæхицæн дыууæ къуымы сарæзтаид. Банысан кæнын хъæуы уый дæр, æмæ нæм фæстаг азты цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ сырæзт æмæ сæ цы категори адæмыл байуæрстой, уыдоны ‘хсæн иунæг ахæм бинонтæ дæр нæй, кæцыйæн зæххæнкъуысты ныппырх йæ хæдзар. Абон нæм хæдзæртты тыххæй ис тынг бирæ куырдиæттæ. Уый та ууыл дзурæг у, æмæ районы ацы фарст кæй у иууыл ахсджиагдæр. Адæм абон дæр æнхъæлмæ кæсынц хицауады æххуысмæ. Фæлæ, мæнмæ гæсгæ, ацы фарстыл раздæр хъуыдис хъуыды кæнын. Ацы проблемæ, кæй зæгъын æй хъæуы, рох нæ уыдзæн, чизоны рæстæг куыд фæзила», – банысан кодта администрацийы сæргълæууæг.

Æдæппæтæй Дзауы районы цал хæдзары ныппырх, уый базоныны фæдыл мах администрацийы хайæдты нæ райстам бæрæг бæлвырд дзуапп. 32 азы мидæг уыцы информаци макуы æрцыдаид фыст, уый æнхъæл, раст зæгъгæйæ, нæдæр уыдтæн. Цы нæ вæййы, уæд та нæм Уæрæсейæ æрцыдысты æмæ нæ фæрсынц, зæгъгæ, районы æмткæй цал хæдзары ныппырх, цæмæй сын баххуыс кæнæм, уæд сын цы зæгъдзыстæм? Диссаг мæм фæкаст æмæ уæд мæ фарстæн райдыдтон агурын дзуапп.

Райадминистрацийы ног бæстыхай куы сырæзт æмæ йæм кусджытæ вагæттæй куы балыгъдысты, уæд Гаглойты Залинæйæ нæ ферох сты, бирæ азты кæй бахъахъхъæдтой, уыцы документаци. Уыдоны ‘хсæн уыдысты, зæххæнкъуысты фæстæ сæрмагонд къамис хæдзæртты уавæры тыххæй цы акттæ сарæзтой, уыцы журналтæ. Бузныг Залинæйæн, бирæ азты кæй бахъахъхъæдта ацы документтæ æмæ, чизоны, уыдон дарддæр бæстонгонд æрцæуой. Журналтæн сæ гæххæт ныббур ис, фæлæ нырма фыстытæн ис равзарæн. Къамисы уæнгтæ йæ рæстæджы бæстон куыст кæй бакодтой, уый зыны, документты алцы дæр фыст кæй æрцыдис, уымæй. Куы арафæлдахбафæлдах кодтон журналты, уæд ма дзы мæ цæст цæуыл не схæцыд. Специалисттæ саргъ кодтой, дæс процентæй сæдæ проценты онг чи ныппырх, уыцы хæдзæрттæн æмæ куыстуæттæн. Зæгъæм, ацы документты æхсæн æз ссардтон нæ пырх хæдзары фæдыл арæзт акт дæр. Фыст дзы уыдис, хæдзар 100 проценты пырх кæй у æмæ йæ асыгъдæг кæнын кæй хъæуы. Æдæппæт Дзауы районы цал хæдзары ныппырх, уыцы бæлвырд нымæцыл мæ цæст никуы схæцыд, чизоны, сæфгæ дæр фæкодта уыцы сыф, фæлæ афтæ чи зæгъы, зæгъгæ, дын абон дæ фарстæн ничиуал сдзуапп кæндзæн, бирæ азтæ рацыд, уый аххосагæн, зæгъгæ, уыдо-нæн хъусын кæнæм – Цхинвалы архивы æфснайд сты æмæ сæ хæссæм уæ размæ!

Уæдæ уæд афтæ. Дзауы районы бынтондæр ныппырх ис 2295 цæрæн хæдзары. Уымæй дарддæр æндæр æмæ æндæр процентты разианчындæуыд 600 хæдзарæн. Уæд æнæ хæдзарæй баззадысты 9021 адæймаджы. Зæххæнкъуысты районы ныппырх 3 сабидоны, 12 скъолайы, æнæниздзинад хъахъхъæныны объекттæ – 7, 12 дуканийы æмæ хæрæндоны, 7 культурон объекты (библиотекæтæ, кинотеатр, культурæйы хæдзар), кондадон объекттæ (электрохызæг, Дзауы дæттæуадзæн завод, типографи), 112 æндæр æмæ æндæр административон агъуысты, 6 хъæууонхæдзарадон объекты. Хайгай ныппырх сты Къуайсайы æрзæткъахæн управленийы объекттæ. Зæххæнкъуыст цы разиан кодта, уый уæд развæлгъау зонæнтæм гæсгæ банымадтой æмæ у 322 милуан сомы аргъ.

ЦХУЫРБАТЫ Лариса

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.