Ацы бонты Хуссар Ирыстонмæ йæ хъуыддæгты фæдыл æрцыд Донецкы Адæмон Республикæйы æхсæннацион æхсæнадон организаци «Землячество Алании»-йы сæргълæууæг, Адæмон советы депутаты æххуысгæнæг  Бæззаты Еленæ. Йемæ ма уыдысты йæ цардæмбал Эльбрус æмæ йæ 21-аздзыд фырт Александр дæр. Донецкаг уазджытæ фембæлдысты газет «Хурзæрин»-ы коллективимæ. Радзырдтой сын Донецкы сæрмагонд æфсæддон операцийы ирон хæстонтæ цы хъæбатырдзинæдтæ æвдисынц, куыд сын æххуыс кæнынц æмæ иумиагæй уавæры  тыххæй.

Бæззаты Александр у гимнаст æмæ фæнд кæны ацы аз июны мæйы БРИКС-ы бæстæтæн Уæрæсе Казаны цы Спортивон Хъæзтытæ организаци кæны, уым хайад райсын Хуссар Ирыстоны номæй. Уымæ гæсгæ фембæлд РХИ-йы Фæсивæдон политикæ æмæ спорты  хъуыддæгты фæдыл комитеты сæргълæууæг Хубежты Русланимæ.

Алыксандр ма бацыд спорты галуан «Олимп»-мæ дæр æмæ аивадон гимнастикæйæ архайæг спортсменкæтæн ауагъта гом урок, фенын сын кодта иумиаг физикон цæттæдзинады бындуртæ. Спортсментæ æмæ сæ тренер гом урокæй баззадысты райгондæй æмæ йын загътой бузныджы ныхæстæ. Аивадон гимнастикæйæ сæйраг тренер Цхуырбаты Земæ куыд банысан кодта, афтæмæй уыдонæн æнæнхъæлæджы уыд Александры æрбацыд, фæлæ сын уыд тынг æхсызгон. Загъта­ма, зæгъгæ, йæ хъус дары Александры спортивон архайдмæ æмæ йын фæцин кæны йе нтыстытыл.

Бæззаты Александр Эльбрусы фырт райгуырд 2002 азы. 2009 азæй фæстæмæ архайы спортивон гимнастикæйæ. 2018 азы йæ фæхуыдтой УФ-йы Владимиры областы æвзæнгты æмбырдгонд командæйы скондмæ.

2018 азы райста Хуссар Ирыстоны æмбæстагдзинад йæ историон уидæгтæм гæсгæ. Йæ фыд Эльбрус у Къуыдаргомы Везуры хъæуæй рацæугæ. Абон дæр йе ‘ввахс хиуæттæ цæрынц уым. 2019 азы Александрæн радтой Уæрæсейы спорты дæсныйы ном. 2019 азы бацыд горæт Звенигороды Олимипион фæсауæрцы ахуыргæнæндонмæ æмæ йæ каст фæцис 2021 азы. 2021 азæй абоны онг у УФ-йы горæт Смоленскы Спорты академийы спортивон гимнастикæйы хайады студент.

Бæззайы фырт у Централон Федералон зылды æртæ хатты уæлахиздзау, куыд командон хыгъды, афтæ сæрмагонд ерысты дæр. 2021 азæй ма у спорты мастеры кандидатты онг спортсменты тæрхонгæнæг æмæ тренер. Тренировкæтæ уадзы кæстæр къорды спортсментæн æвзæнгты разрядты онг. Ныридæгæн ын æнтыстытæ ис йæ тренерон куысты. Йæ хъомылгæнинæгтæй дыууæйæ систы Брянскы   уагъдцæуæг Æппæтуæрæсейон ерысты уæлахиздзаутæ.

Æртæ хатты ралæууыд Уæрæсейы чемпионатты. Хайад райста 2024 азы Уæрæсейы чемпионаты дæр, фæлæ, хъыгагæн, йæ къух кæй фетынг, уымæ гæсгæ кæронмæ хайад нал райста ерысты. Спорт у спорт.

Ивгъуыд аз Монголийы Мунку-Сардыкы хохыл (йæ бæрзæнд 3491 метры) æрсагътой Ирыстон æмæ Донецкы паддзахадон тырысатæ. 16-æм июны Донецкы Адæмон Республикæйы спортсменты къорд спортивон гимнастикæйæ Уæрæсейы Федерацийы спорты мастер Бæззаты Александры сæргълæудæй ацыдысты Монголимæ. 18-æм июны та спортсментæ схызтысты Скæсæн Саяны иууыл бæрзонддæр бæрзæнд Мунку-Сардыкы хохмæ. Хохмæ схизыны хайад истой Донецкы æвзонг спортсментæ спорты ахæм хуызтæй: спортивон гимнасттæ, дугъгæнджытæ, триатлоны дæснытæ, хъæбысæйхæцджытæ æмæ æндæртæ.

Бæззаты Еленæ нын куыд радзырдта, афтæмæй хохмæ схызт æмæ тырысатæ æрсадзыны проект реализаци æрцыдис президентон грант «Мосты Дружбы»-йы программæйы фæлгæтты. «Программæйы организатор у Иркутскы областон организаци Хæххон клуб «Байкал» (йæ сæрдар Скаллер Григорий) Донецкы æхсæннацион æхсæнадон организаци «Землячество Алании»- имæ иумæ.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.