Израилæгтæ палестинæгты сæ фыдæлты зæххытæй кæй сурынц, цæмæй сæ сæхи бакæной, ууыл дызæрдыг ничи кæны. Дзуттæгты фæнды сæ паддзахады арæнтыл фæйнæрдæм ахæцын, сæ территоритæ ауæрæх кæнын. Æмæ сæ алыварс сыхæгты ныр сæдæ азæй фылдæр сусæгæй-æргомæй кæй куынæг кæнынц, уый та сын сæхи аххос фæкæнынц. Ома, æнцойад нын нæ дæттынц, нæ паддзахады æдасдзинадыл нын æндавынц. Æмæ уæд искæцы сакъадахы саразæд сæ паддзахад æмæ сын сыхæгтæ ма уа.

Куыд рабæрæг, афтæмæй ма палестинæгтæ къуылымпы кæнынц дзуттæгты, 200 азы цæмæ бæллынц, уыцы хъуыддаджы – «Бен-Гурионы канал» саразын. Экономистты хъуыдымæ гæсгæ Бен-Гурионы каналы проектæн ис егъау стратегион нысаниуæг æмæ йæ сырæзты фæстæ бандавдзæн глобалон энергетикæйыл æмæ базарадыл. Иууыл фылдæр зиæнттæ дзы баййафдзæн Египеты экономикæ, уымæн æмæ Бен-Гурионы канал суыдзӕн Суэцы каналы конкурент. Уымæй уæлдай ма фæцуддзысты Китайы позицитæ дæр Æввахс Хурыскæсæны регионы – йæ экономикон проектты фылдæр хайæ ницыуал пайда уыдзæн. Уымæ гæсгæ ацы масштабон проекты арæзтад фидæны, гæнæн ис, æмæ расайа дунеон хæстмæ дæр.

Уӕдӕ ацы канал саразыны тыххæй кæлы мингай сывæллæтты æмæ сылгоймæгты туг, ацы экономикон проекты тыххæй сæвæрдтой дзуттæгтæ сæхиуыл лæгсырдты ном?

Суэцы каналы историйӕ

Суэцы канал тынг рагон проект у – къахын ӕй райдыдтой нӕ эрӕйы агъоммӕ 2000 азты. Каналы арӕзтадыл бахъуыдысты бирӕ рӕстӕг, цалдӕр фӕлтӕры йыл архайдтой, фараонтӕ йӕ сӕ кӕрӕдзимӕ дӕттой. Нӕ эрӕйы агъоммӕ 500 азты каналы арӕзтад кӕронмӕ бахӕццӕ ӕмӕ кусын райдыдта. Фӕлӕ нӕ эрӕйы II ӕнусы фӕстӕмӕ раууатмӕ ӕрцыд ӕмӕ йӕ функцитӕ нал ӕххӕст кодта. 642 азы арабӕгтӕ Египеты территори куы бацахстой, уӕд сцалцӕг кодтой канал ӕмӕ та райдыдта кусын. Фӕлӕ 776 азы халиф Мансур бардзырд радта, цӕмӕй канал сыджытӕй байдзаг кӕной.

XIX-ӕм ӕнусы французаг дипломат Фердинанд де Лессепс сфӕнд кодта рагон канал сног кӕнын. Бадзырдта Египеты разамынадимӕ ӕмӕ 1859 азы райдыдтой арӕзтадон куыстытӕ. Кусджыты фылдӕр хай уыдысты бынӕттон цӕрджытӕ, фӕлӕ ма дзы хайад райстой мингай европӕйӕгтӕ дӕр. Кусыны уавӕртӕ дзы уыдыс-ты уӕззау – ӕнтӕф ӕмӕ ӕнӕдонӕй мардысты адæм. Историктӕ куыд сбӕлвырд кодтой, афтӕмӕй 10 азы дӕргъы каналы арӕзтады фӕмард 120 мин адӕймагӕй фылдӕр. 1869 азы арӕзтад кӕронмӕ бахӕццӕ ӕмӕ бадзырдмӕ гӕсгӕ Египет 99 азы ӕмгъуыдмӕ Суэцы канал радта Францӕн. Ома, акционерон компани «Всеобщая компания Суэцкого канала»-йы акциты 53% лӕвӕрд ӕрцыдысты Францӕн, 44% – Египеты хицауадмӕ ӕмӕ 3% та – ӕндӕр бӕстӕтӕм. Ӕфтиӕгты 74% бӕрц цыдысты акционертӕм, иннӕтӕ та – Египеты къазнамӕ.

Суэцы каналы ӕрбайгомимӕ дунейы базарады хъуыддаг бирӕ фӕхуыздӕр, Европӕйӕ Азимӕ ӕмӕ фӕстӕмӕ товартӕ ласын фенцондӕр сты. Ныр нал хъуыд Африкӕйы алыварс зилын ӕмӕ базаргӕнджытӕн сӕ фӕндаг фӕцыбырдӕр 8-15 мин километры бӕрц. Фӕлӕ ацы хъуыддаг нӕ фӕцыд Стыр Британийы зӕрдӕмӕ. Уымӕн ӕмӕ йын уӕды рӕстӕджы уыд иууыл хъомысджындӕр денджызон флот, контроль кодта дунейы базарад ӕмӕ Суэцы каналы ӕрбайгомимӕ йӕ позицитӕ фӕцудыдтой. Уымӕ гӕсгӕ Францимӕ сӕ ахастытӕ февзӕр  сты ӕмӕ сын расайдта тугкалӕн хӕстмӕ.

Стыр Британи уыйбӕрц бакодта ӕмӕ Египеты паддзахадон акцитӕ аслам аргъӕй балхӕдта. Франц хӕстон архӕйдтыты ныллӕмӕгъ, Стыр Британи йӕ басаста, ӕмӕ 1880 азы иунӕгӕй контроль кӕнын райдыдта Суэцы канал. Египет ссис Стыр Британийы колони ӕмӕ альтернативон канал саразын дзуттӕгты нал интерес кодта. Уымӕн ӕмӕ ӕппӕт ӕфтиӕгтӕ сӕ дзыппытӕм цӕуын райдыдтой.

1919-1921 азты Египет официалонӕй ссис хӕдбар паддзахад, фӕлӕ йын йӕ экономикӕ, мидӕггагон ӕмӕ ӕддагон политикӕ контроль кодта Стыр Британи, сӕ территорийыл уыдысты англисаг ӕфсӕддон базӕтӕ. 1951 азты райдыдтой змӕстытӕ Египеты англисӕгты ныхмӕ ӕмӕ иу азы фӕстӕ революцийы фӕстиуӕгӕн ссис ӕцӕгӕй хӕдбар паддзахад. 1956 азы та национализаци сарӕзтой Суэцы каналӕн. Стыр Британи, Франц ӕмӕ Израиль бадзырдтой, цӕмӕй иумӕ бабырсой Египетмӕ ӕмӕ байсой Суэцы канал, фӕлӕ сӕм Советон Цӕдис бартхъирӕн кодта ядерон бомбӕйӕ ӕмӕ нал бауӕн-дыдысты.

Бен-Гурионы каналы апп æмæ хъомыс

Суэцы канал кӕй нӕ уал контроль кодта Стыр Британи, уый фӕстиуӕгӕн фесӕфта хъомысджын паддзахады статус ӕмӕ та англисæгтæ райдыдтой хъуыды кӕнын ног канал саразыныл. Дзуттæгтæ æппынæдзух пайдамæ кæсынц æмæ бæлвырдæй зыдтой, Суэцы каналæй цæйбæрц æфтиæгтæ цæуы, уый. Алы аз дӕр пайда хӕссы 4-10 миллиард доллары бӕрц, стӕй ма йын ис стратегион нысаниуӕг дӕр. Уымæ гæсгæ фырхæлæгæй мардысты, алыгъуызон амæлттæ агуырдтой, цæмæй йæ контроль кæной. Фæлæ ныгуылæн бæстæтæн нæ бантыст Египеты паддзахад ныппырх кæнын, налдӕр сæхи контроль кæнын бауагътой египетæгтæ.

Суанг ма 19-æм æнусы дæр бритайнæгтæ хъуыды кодтой ахӕм масштабон проект саразыныл. Уæды рæстæджы Суэцы канал нырма кæронмæ арæзт нæ уыд, фæлæ йæ арӕзтадыл дзырд цыд. Египеты разамынады нæ фæндыдис Суэцы канал англосаксты разæй скæнын. 1855 азы англисаг контрадмирал Уильям Аллен сарӕзта проект «Мертвое море – новый путь в Индию». Йӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ ног канал хъуамӕ баиу кодтаид Зӕххастӕуы, Мард ӕмӕ Сырх денджызтӕ. Куыд ма бахынцыдта, афтӕмӕй йӕ арӕзтад Суэцы проектӕй асламдӕр хъуамӕ рауадаид. Фӕстӕдӕр Суэцы канал сӕхи куы бакодтой, уӕд ацы проект рохуаты баззад.

1963 азы АИШ-ы бафӕндыд Аллены проект сног кӕнын, фӕлӕ йын йӕ арӕзтадмӕ бахастой ивындзинӕдтӕ. Канал айгӕрдыны тыххӕй сӕ къахыны бӕсты фӕндыд срӕмудзын 520 атомон бомбӕйы зӕххы бын, фӕлӕ нӕ бауӕндыдысты. Ӕмбӕрстой йӕ, сӕ ныхмӕ кӕй растадаиккой дунейы ӕхсӕнад. Фӕстӕдӕр фӕзынд Бен-Гурионы проект, кӕцыйы арӕзтадмӕ хъуамӕ ӕрӕвнӕлдтаиккой 2021 азы. Фӕлӕ ныкъуылымпы сты бӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ. Бен-Гурион уыд зынгӕ дзуттаг политик, хонынц ӕй Израилы паддзахады бындурӕвӕрӕг.

Израилаг каналы пъланмӕ гӕсгӕ наутӕ цӕудзысты дыууӕрдӕм дӕр – арӕзт хъуамӕ ӕрцӕуой дыууӕ каналы фӕрсӕй фӕрстӕм. Сӕ арф уыдзӕн 50 метры, сӕ фӕтӕн та – 200 метры. Ома Суэцы каналӕй уыдзӕн фӕтӕндӕр ӕмӕ арфдӕр. Стӕй ма йӕ фӕрстӕ уыдзысты кӕдзӕхӕй конд ӕмӕ змисӕй нӕ йедзаг кӕндзӕн. Суэцы каналы дӕргъ у 193 километры, израилаг каналы дӕргъ та хӕццӕ кӕндзӕн 300 километрмӕ. Каналы фӕрсты фӕнд кӕнынц чысыл горӕттӕ, хӕрӕндӕттӕ, уазӕгдонтӕ саразын. Йӕ арӕзтад хъуамӕ фӕуа фондз азмӕ ӕмӕ йыл бахардз уыдзӕн 16-55 миллиард доллары бӕрц.

Цы бар дары Палестинӕмӕ

Бен-Гурионы канал?

Бен-Гурионы каналы иу хай проектмӕ гӕсгӕ цӕуы Палестинӕйы территорийыл, бӕлвырдӕй та Сектор Газайы астӕуты. Ис ын йӕ фӕрсты ауадзӕн дӕр, фӕлӕ уӕд арӕзтады аргъ фӕфылдӕр уыдзӕн, канал ноджы адаргъдӕр уыдзӕн, стӕй ма проектмӕ ивындзинӕдтӕ бахӕссын хорзӕрдӕм нӕ бандавдзӕн каналыл. Проектмӕ гӕсгӕ Сектор Газайы бынаты арӕзт хъуамӕ ӕрцӕуа кӕройнаг базарадон порт. Дзуттӕгтӕ йӕ ӕмбарынц, палестинаг арабӕгтӕ сӕхицӕн домдзысты ӕфтиӕгтӕ, стӕй ма сӕ нымӕц дӕр дзӕвгар у, сӕ фылдӕр хай та не сразы уыдзысты ӕндӕр ранмӕ цӕрынмӕ ацӕуыныл. Æнцон аскъуыддзаггӕнӕн хъуыддаг нӕу. Уымӕн ӕмӕ палестинӕгты ӕвварс ӕнӕмӕнг рахӕцдзысты иннӕ арабаг бӕстӕтӕ ӕмӕ рацӕудзысты каналы арӕзтады ныхмӕ.

Дзуттӕгтӕ развӕлгъау бадзырдтой цалдӕр сыхаг бӕстӕимӕ, ныфс сын бавӕрдтой, ома, сымах дӕр уыдзыстут Бен-Гурионы каналы хицӕуттӕ ӕмӕ уын стыр пайда хӕсдзӕн. Зӕгъӕм, Азербайджан ӕмӕ Иугонд Арабаг Эмиратты разамынадӕй исчи искӕй Израилы ныхмӕ сдзургӕ фехъуыста? Нӕдӕр геноцид уынынц, нӕдӕр сӕм Газайы сывӕллӕтты удхар хъары. Уый та уымӕн ӕмӕ сын дзуттӕгтӕ бирӕ фӕллӕйттӕ баныфсӕвӕрдтой фидӕны. 2021 азы Бен-Гурионы проекты нысанӕн рауагътой монетӕ, кӕцыйы фарсыл конд сты Израиль ӕмӕ Иугонд Арабаг Эмиратты тырысатӕ.

Бен-Гурионы каналы фӕрцы Израиль суыдзӕн базарады ӕмӕ энергетикон логистикӕйы глобалон центр ӕмӕ сӕххӕст уыдзӕн йӕ рагон бӕллиц – Иерусалим суыдзæн дунеон базарады центр. Ныгуылӕн бӕстӕтӕ ныридӕгӕн сӕ тыхтӕ радтой ацы проекты арӕзтадмӕ АИШ-ы фӕндонмӕ гӕсгӕ. Египетӕн мӕгуырау ахастытӕ ис ныгуылӕн бӕстӕтимӕ, йӕ фидӕн бӕтты Уӕрӕсе ӕмӕ Китаимӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ ныгуылӕн бӕстӕтӕ Суэцы каналӕн аразынц альтернативӕ.

Палестинӕгтӕн Израилимӕ сӕ дон рагӕй нӕ рӕсугъд кӕны, сӕ кӕрӕдзийӕн удхӕссӕг сты ӕмӕ «Бен-Гурионы канал» арӕзт куы ӕрцӕуа, уӕд ӕй эксплуатаци кӕнын нӕ уадздзысты. Ӕфсӕддонты хъуыдымӕ гӕсгӕ, ахӕм уавӕрты цӕмӕй канал ӕдасӕй куса, уый тыххӕй йӕм 25-40 километрмӕ æввахс иунæг хӕрамдзаст цӕрæг дæр ма хъуамӕ уа. Кӕннод науты страховкӕтӕ зынаргъ уыдзысты ӕмӕ къазнӕмӕ цъус ӕфтиӕгтӕ цӕудзӕн. Комкоммӕ зӕгъгӕйӕ, израилаг-палестинаг хӕст баст у бизнесимӕ ӕмӕ стыр ӕхцатимӕ. Сабыр цӕрӕг адӕмы мӕлӕт та мурмӕ дӕр нӕ дарынц хъомысджын бизнесментӕ.

Факттӕм куы ӕркӕсӕм, уӕд бӕрӕг у Сектор Газайы цӕрджыты афтӕ ӕгъатырӕй цӕмӕн цӕгъдынц, сӕ горӕттӕ сын зӕххимӕ цӕмӕн раст кӕнынц, цӕмӕннӕ сын дӕттынц алидзыны фадат, уый. Хъӕуы сӕ Палестинӕйы территори ӕнӕ адӕмӕй. Лигъдӕттӕ дӕр дзы ма хъуамӕ уа, кӕннод та сын сомбон «сӕрниз» уыдзысты.

ДЖИОТЫ Алыксандр

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.