Уӕрӕсейы регионтӕй иууыл бирӕнациондӕрыл нымад у Дагъыстан. Ам цӕры 3 милуан адӕймагӕй фылдӕр алыгъуызон нацитӕ, чысылнымӕц адӕмтӕ, этникон къордтӕ – алкӕцыдӕр йӕхи менталитетимӕ. Уымӕй уӕлдай ма дзы ис дзӕвгар ӕвзӕгтыл дзурджытӕ дӕр – паддзахадон ӕвзӕгтӕ дзы уырыссаг ӕвзагимӕ ис 14, фӕлӕ ӕцӕгӕй та бирӕ фылдӕр сты. 30 фылдӕр дзы ис автохтонон ӕвзӕгтӕ, кӕцытӕ ма ноджы дих кӕнынц бирӕ диалекттыл. Ис дзы, иу хъæу кæуыл дзуры, ахӕм ӕвзӕгтӕ. Ахӕм уникалон уавӕр ацы территорийыл сӕвзӕрд мин азты дæргъы. Суанг ма рагон грекъаг историк ӕмӕ географ Страбон дӕр фыста, зӕгъгӕ Кавказаг Албанийы (Дагъыстаны рагзаманты ном) цӕрджытӕ дзурынц 26 ӕвзагыл. Ӕмӕ уымӕн ис бӕрӕг аххосӕгтӕ – географион ӕгъдауӕй йӕ бынат ис чырыстон Европӕ ӕмӕ пысылмон Хурыскӕсӕны арæнтыл. Цӕгатварс йӕ сыхӕгтӕ уыдысты цӕугӕ цардкӕнӕг знӕмтӕ, хуссарварс та – зӕхкусӕг адӕмтӕ.

Бирӕ историктӕ Дагъыстаны хонынц «чысыл Уӕрӕсе», – бирӕнымӕц знӕмтӕ, культурӕтӕ, традицитӕ, динтӕ дзы кӕй ис рагӕй фӕстӕмӕ, уымӕ гӕсгӕ. Горӕт Дербенты та ЮНЕСКО банымадта иууыл толерантондӕр уӕрӕсейаг горӕтыл. Йӕ номы этимологимӕ йын куы ӕркӕсӕм, уӕд «даг» нысан кӕны «хох», «стан» та – «бӕстӕ», ома, «хӕхты бӕстӕ». Стӕй ма Дагъыстаныл дзырд куы фӕцӕуы, уӕд хицӕн нацийы кой нӕ фӕкӕнынц, фӕлӕ территори вӕййы сӕ хъуыдыйы. Ӕппӕт факттӕ бахынцгӕйӕ йӕ сӕрибарӕй схонӕн ис интернационалон республикӕ.

Ӕрӕджы Махачкалайы аэропорты цы змӕстытӕ ӕрцыд, уыдон Дагъыстаны хуызæн респуб-ликæйы хуымæтæджы нæ уыдысты ӕмӕ йын хорз ном нӕ сарӕзтой. Змæнтджыты фылдӕр хай архайдтой Уæрæсейы территорийӕ, фӕлӕ сӕйраг куратортӕ уыдысты фæсарæнтæй. Ныридæгæн слестгæнæн органтæ бæлвырд кæнынц провокаторты æмæ сæ тагъд бæрндзинадмæ æркæндзысты. Ацы æвирхъау цауы тых-хæй 30 октябры Путин ауагъта сæрмагонд æмбырд Хъахъхъæнынады советы уæнгтимæ æмæ тыхон ведомствоты хистæртимæ æмæ комкоммæ загъта, Палестинæ æмæ Израилы ‘хсæн конфликтæй Уæрæсейы знæгтæ спайда кæнынмæ кæй хъавынц нæ ныхмæ. Ома, нын не ‘хсæнад схæццæ кæной æмæ нæм мидæггагон хæст райдайа.

Цæмæй райдыдтой змæстытæ

29 октябры провакатортæ телеграм-каналтæй апарахат кодтой информаци, ома Израилæй æртæхы хæдтæхæг дзуттаг лигъдæттимæ æмæ сæ нæ хъæуы нæ зæхмæ æрбауадзын. Уыцы телеграм-каналтæй иууыл активондæр уыд «Утро Дагестана», кæцыйы архайд бæттынц Паддзахадон Думæйы раздæры депутат Илья Пономаревимæ. Уый ныртæккæ цæры Украинæйы æмæ уырдыгæй цъыф калы Уæрæсейыл. Æрæджы йæ бахастой экстремистты æмæ террористты номхыгъдмæ æмæ йæ агурынц барадхъахъхъæнæг органтæ. Телеграм-канал «Утро Дагестана»-йы администраторы дæр сбæрæг кодтой – разынд махачкалайаг Абакар Абакаров. Раздæр уыцы Абакар уыд æнтыстджын бизнесмен, политик æмæ æхсæнадон архайæг. Фæлæ 2014 азы Хъырымы æрдæгсакъадах Уæрæсемæ куы æрбаиу, уæд УФ-йы хицауады ныхмӕ райдыдта дзурын æмæ 2016 азы бынтондæр ацыд Украинæмæ цæрынмæ. Сæрмагонд æфсæддон операцийы райдианы та йæ сæр бафснайдта Турчы æмæ ныр цæры Стамбулы. Уырдыгæй кæны йæ знагиуæгон архайд. Социалон хызæг «телеграмы» бындурæвæрæг Павел Дуров куыд фехъусын кодта, афтæмæй «Утро Дагестана» æхгæд æрцыд.

Рогзонд æрыгон лæппуты бунтмæ сразæнгард кæнынæн спайда кодтой алыгъуызон методтæй – лозунг «В защиту Палестины», дзырдтой сын, зæгъгæ, «иу диныл хæст стæм Палестинæйы адæмимæ», «палестинæгтæ не ‘фсымæртæ сты» æмæ афтæ дарддæр. 500 адæймаджы бæрц куы æрæмбырд кодтой, уæд сæ арвыстой Махачкалайы аэропортмæ æмæ уыдон та штурмæй исын райдыдтой æмбæстагон объекты æмбонд. Рæстæг куыд цыд, афтæ провокаторты нымæц фылдæр кодта æмæ баисты 1500 бæрц. Ахæм уавæрты полицийæгтæ æмæ аэропорты хъахъхъæнджытæн сæ бон нал бацис сæ бауромын æмæ багуылф кодтой терминалмæ. Знæтæй райдыдтой агурын дзуттæгты, бæлццæттӕм гуымирæй сæхи æвдыстой, куырдтой сын сæ паспорттæ. Æгæрыстæмæй ма хæдтæхæджы турбинæтæ дæр басгæрстой. Цымæ цы зæрды уыд, дзутта-гыл куы фембæлдаиккой, уæд? Амардтаиккой йæ?

 

Провокацийы фæстиуджытæ

Фæткхалджытæ фæтæрсын кодтой аэропорты кусджыты дæр æмæ бæлццæтты дæр. Баурæдтой ма автобус дагъыстайнаг сывæллæттимæ æмæ сæ ныййарджытимæ, кæцытæ Израилы уыдысты хоскæнынмæ дохтыртæм. Разындис ма се ‘хсæн ахæмтæ, кæцытæ æрмæстдæр исты радавынмæ чи бацыд æмæ уыдон хæссын райдыдтой аэропортӕй алыгъуызон техникон ифтонггæрзтæ. Æнæзакъонон архайдтыты фæстиуæгæн 20 адæймагæй фылдæр фесты алыгъуызон цæфтæ, 10 дзы бахаудтой рынчындонмæ, уыдонæй дыууæйæ сты уæззау уавæры.

Бунтгӕнджытӕн кӕд сӕ зӕрдӕтӕ афтӕ тынг риссынц адӕмты мӕгуырдзинадыл, уӕд 2014 азӕй фӕстӕмӕ украинаг фашисттӕ Донбассы цӕрджыты ӕппынӕдзух цӕгъдынц ӕмӕ цӕмӕннӕ искуы растадысты сӕ сӕрыл? Палестинӕ сӕм сӕ сыхаг цӕрджытӕй феввахсдӕр?

Дагъыстаны рагæй фæстæмæ бирæ нацитæ кæй цæры, уый бунтгæнджытæй бирæтæ нæ зыдтой. Æндæра дзуттæгтæ ацы территоритыл фыдæлтæй фæстæмæ цæрынц, провокатортæн куыд у, афтæ уыдонæн дæр сæ фыдæлты зæхх у. Дзуттæгтæй Дербенты ныр дӕр бирæ цæры, кæд æмæ дзы Советон Цæдисы ныппырхимæ Израилмæ дзӕвгарӕй алыгъдысты, уæддæр. Æмæ сæ ныр фæсурынмæ хъавынц? Цы зæрды ис се ‘мзæххонтæн?  Ирони ма дзы ахӕм ис æмæ Дагъыстаны прокурор дзуттаг у – Виктор Эпп. Бунтгæнджытæ дзуттæгты зæрдиагæй агуырдтой æмæ сæ ныр та дзуттаг агурдзæн.

Ныридæгæн бæлвырд æрцы-дысты 150 адæймагæй фылдæр æмæ сæ радгай ахсынц. Бакод-той уголовон хъуыддæгтæ дæр – 15 адæймаджы дзы разындысты провокатортæ, кæцытæ уыдысты иууыл активондæр æмæ сæ фæдыл кодтой знæт адæмы. Провокацийы организатортæ бунтгӕнджыты къорды аэропортмæ дæр барæй бакодтой, цæмæй камерæты фыст æрцæуой æмæ фылдæр хайадисджыты æрцахсой. Ома цас фылдæр адæмы фæрæдийын кæнæм, уыйбæрц фылдæр адæм растдзæн фæстæдæр сæ сæрыл. Бунты хайадисджыты фылдæр хай, Палестинæ кæм ис, уый зонгæ дæр нæ кæнынц. Нæдæр уый зонынц æмæ сæ се знæгтæ кæй спайда кодтой æдылытау æмæ ныр гæнæн ис æмæ ахæстонмæ 8-10 азы æмгъуыдмæ ацæуой. Æмæ цæй тыххæй?

Ацы провокацийы аххосджын сты барадхъахъхъæнæг органтæ дæр æмæ фæстæдæр бæрндзинадмæ конд æрцæудзысты аххосджынтæ. Ныры дуджы нæй бамбæхсæн ахæм масштабон агитацийæн æмæ развæлгъау хъуамæ мадзæлттæ райстаиккой, ма йæ бауагътаиккой скарз кæнын. Зæгъæн ис, ома уый æнхъæл нæ уыдысты. Фæлæ Ленин куыд дзырдта – «зынджы стъæлфæнæй арт ссудзы».

Геополитикæ

Анализ скӕнгӕйӕ ис саразæн хатдзæг, пысылмон диныл хæст адæмтæ Израилмӕ кӕй райдыдтой ӕнӕуынон цӕстӕй кӕсын, уый. Æмæ уыцы тенденци тынг æвзæр у. Дыууæ миллиард адæймаджы дæм знаджы цæстæй куы кæсой, уæд дын æнцойад нæ уыдзæн иунæг ран дæр зæххы къорийыл. Уымӕ гӕсгӕ дзуттӕгтӕн сӕ уавӕр мӕгуырау у. Ныридæгæн дуне «ныггуыпп» кæнынмæ хъавы, АИШ æмæ йæ сателиттæ алцыдæр сарæзтой егъау хæст сцырен кæнынæн. Æмæ сæ фæнды, цæмæй Уæрæсе дæр уа уыцы хæсты активон хайадисæг. Уымæ гæсгæ спайда кодтой Уæрæсейы иууыл проблемон регионы цæрджытæй, кæцытæ не сты ахуыргонд æмæ сæ æнцонтæй асайдзынæ. Нырæй фæстæмæ дæр ахæм провокацитæ саразынмæ хъавдзысты, фæлæ цырд фæлæууын хъæуы. Не знаг мæнгард у, стæй ма не ‘хсæн уæйгæнджытæ дæр дзæвгар ис æмæ уымæ гæсгæ тæссаг у ӕхсӕнад схæццæ кæнынæй.

Дагъыстаны сæргълæууæг Сергей Меликов фæндон бахаста, ома бунтгæнджыты Украинæйы цæуæг сæрмагонд æфсæддон операцимæ арвитæм, цæмæй уым сæ худинаг сраст кæной. Фæлæ уый рӕдыд хъуыды у. Уымæй æгад кæнæм ныры хæстонты, кæцытæ хъазуатонæй тох кæнынц бандеронты ныхмæ. Алкæцы фæткхалæджы æмæ фыдгæнæджы уырдæм куы æрвитæм, уæд адæм хъуыды кæнын райдайдзысты, ома уым иууылдæр ахæмтæ сты, аккаг æфсæддон дзы нæй. Кæд закъоны раз исчи фæрæдыдис, уæд куыд æмбæлы, ахæм хуызы бæрндзинадмæ конд æрцæуæд.

Дины кусджытӕ дӕр ӕрсидтысты, цӕмӕй сабырад мачи хала, конфесситӕ сӕ кӕрӕдзийӕ аргъуц кӕной, мачи тауа ӕнӕуынондзинад ӕхсӕнады. Уӕрӕсейы пысылмон диныл хӕст адӕм куыд бирӕ цӕры, афтӕ дзы дзуттӕгтӕ дӕр бирӕ ис, ӕмӕ нӕ хъӕуы фӕсарӕйнаг провокатортӕм хъусын. Патриарх Кирилл куыд банысан кодта, афтӕмӕй ӕрмӕстдӕр Уӕрӕсейы фыдӕлтӕй фӕстӕмӕ пысылмӕттӕ ӕмӕ дзуттӕгтӕ цӕрынц хъӕрмудӕй, ӕмӕ уыцы бастдзинад нӕ хъӕуы скъуынын. Мидӕггагон хӕст нӕм куы райдайа, уӕд ӕвыдӕй ничи баззайдзӕнис. Не знӕгты фӕнды, цӕмӕй Уӕрӕсе дунейы раз разына террористон паддзахадӕй, ома дзы дзуттӕгты ӕгъатырӕй цӕгъдынц.

Махачкалайы цауты хӕдфӕстӕ ИНО-йы Генералон секретариаты минӕвар Стефан Дюжаррик уайтагъд фӕазымджын кодта Уӕрӕсейы разамонджыты, ома нӕй гӕнӕн адӕмы сӕ дины тыххӕй ӕфхӕрын. УФ-йы Фӕсарӕйнаг хъуыддæгты министрады минӕвар Мария Захарова дзуапп радта фӕлитой Дюжаррикӕн. «Сымахӕй ничи федта, провокатортӕ цыбыр рӕстӕгмӕ ахст кӕй ӕрцыдысты ӕмӕ змӕстытӕ кӕй ныссабыр сты. Сымах ныр 10 азы дӕргъы нӕ уынут, Украинӕйы фашисттӕ дины тыххӕй кӕй цӕгъдынц адӕмы, мингӕйттӕй сӕ ахӕстӕтты куыд бакодтой, кувӕндӕттӕ куыд пырх кӕнынц, судзынц, ӕхгӕнынц. Фӕлӕ Махачкалайы ӕвип-пайды федтат. Уӕ дыдзӕсгом митӕн кӕрон нӕй».

Дагъыстаны историйӕ

Дагъыстаны скъолаты дӕр сӕвзӕрд уникалон уавӕр. Ахуырдзаутӕ уырыссаг ӕвзаджы ӕдде ноджы ахуыр кӕнынц бынӕттон ӕвзӕгтӕ дӕр (авайраг, лезгинаг, даргинаг, кумыкаг æмæ æндæртæ), ноджы ма фӕсарӕйнаг ӕвзаг, ӕмӕ ма фӕзонынц сӕхи мадӕлон ӕвзаг дӕр, кӕцы скъолайы программӕйы фылдӕр хатт нӕ вӕййы. Афтӕмӕй ахуырдзауты фылдӕр хай базонынц 4-5 ӕвзаджы. Рӕстӕг куыд цӕуы, афтӕ уым дӕр рох кӕнынц сӕ мадӕлон ӕвзӕгтӕ. Стыр горӕтмӕ дзы чи ахауы, уыдон нал фӕдзурынц сӕ мадӕлон ӕвзагыл ӕмӕ ӕвзагыл дзурджытӕ азӕйазмӕ къаддӕр кӕнынц. Фӕлӕ царды сконд афтӕ у – кӕцыдӕр æвзӕгтӕ рох кӕнынц, кӕцыдӕртӕ тыхджын кӕнынц. Стӕй ма дзы ис скъолаты проблемӕ дӕр – нӕ фаг кӕнынц. Разыны дзы ахӕм ӕрыгӕттӕ дӕр, кӕцытӕ ӕрмӕстдӕр фӕзонынц сӕхи комбӕсты ‘взаг ӕмӕ сӕ ӕндӕр ничи фембары.

Археологтӕ ӕмӕ историктӕ куыд сбӕлвырд кодтой, афтӕмӕй Дагъыстаны территорийыл паддзахад фӕзынд нӕ эрӕйы агъоммӕйы 5 ӕнусы. Уый фӕстӕ хӕстон архайдтыты фӕстиуӕгӕн ацы территори бирӕ хӕттыты ӕрцыд дӕрӕн, алырӕттӕй йӕм знӕгтӕ лӕбурдтой, рӕстӕгмӕ-иу дзы фӕзынд ног паддзахад, ног дин, ног культурӕ. Бынӕттон цӕрджытӕн ӕндӕр гӕнӕн нӕ уыд ӕмӕ сӕхи айстой хӕхты ‘рдӕм. Фӕстӕдӕр сӕ быдырты ӕрцардысты арабтӕ, персӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр хуссар-скӕсӕйнаг ӕмӕ азиаг знӕмтӕ. Семӕ ӕрхастой пысылмон дин ӕмӕ йӕ тыхӕй хъардтой бынӕттон цӕрджытӕн. Уый размӕ бынӕттон цӕрджыты фылдӕр хай хӕст уыдысты муртаттаг диныл – куывтой хурмӕ, артмӕ ӕмӕ ӕндӕр бардуӕгтӕм. Уыдис сын алыгъуызон тотемтӕ. Уыцы рагон традицитӕй ныры онг дӕр бирӕтӕ ӕрхӕццӕ сты.

Дзӕвгар дзы уыд чырыстон диныл хӕст адӕм дӕр – Гуырдзыстонӕй ӕмӕ Сомихстонӕй цыдысты миссионертӕ ӕмӕ парахат кодтой ног дин. Арӕзт дзы ӕрцыд бирӕ чырыстон кувӕндӕттӕ, кӕцытӕ фӕстӕдӕр пырх ӕрцыдысты, кӕнӕ дзы пысылмон кувӕндӕттӕ сарӕзтой. Иудаизмыл хӕст адӕмтӕ дӕр дзы цард, фӕлӕ сӕ нымӕц бирӕ нӕ уыд.

Пысылмон дин Дагъыстаны парахат кӕнын райдыдта нӕ эрӕйы VII ӕнусы Арабаг Халифаты сырӕзтӕй фӕстӕмӕ. Арабӕгтӕ бацахстой горӕт Дербент ӕмӕ дзы сарӕзтой пысылмон дины центр. Фӕлӕ бынӕттон адӕм нӕ разы кодтой ӕцӕгӕлон дин райсыныл ӕмӕ уӕд арабӕгтӕ хинӕй райдыдтой архайын. Пысылмон дин-иу чи райста, уый-иу сӕрибар ӕрцыд хъалон фидынӕй. Афтӕмӕй адӕмы сындӕггай хизын кодтой ног динмӕ, кӕд ӕмӕ уыцы процесс сӕдӕ азтӕ ахаста, уӕддӕр. Фӕлӕ арф кӕмтты уӕддӕр сӕ фыдӕлты традицитыл сӕ къух нӕ истой ӕмӕ уыдон та цыдысты карз ӕфхӕрд – басыгътой-иу ӕгас хъӕутӕ ӕмӕ-иу сын сӕ цӕрджыты та цагъайрӕгтӕй акодтой. Цӕмӕй пысылмон дин тагъддӕр апарахат уыдаид, уый тыххӕй ма ӕндӕр рӕттæй цӕрынмӕ кодтой адӕмты. Зӕгъӕм, Сирийӕ ӕркодтой 20 мин адӕймаджы ӕмӕ сӕ ӕрцӕрын кодтой Дагъыстаны алы къуымты, цӕмӕй адӕмӕн ӕмбарын кодтаиккой ислам. Афтӕмӕй Дагъыстаны ислам ауагъта арф уидӕгтӕ.

Ныридӕгӕн ам цӕры бирӕ нацитӕ – ирӕттӕ, гуырдзиӕгтӕ, азербайджайнӕгтӕ, сомихӕгтӕ, цӕцӕйнӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр кавказаг ӕмӕ славяйнаг адӕмтӕ. Цӕрынц ма дзы Фӕскавказы, Хӕстӕг Скӕсӕны ӕмӕ Централон Азийы нациты минӕвӕрттӕ. Кӕд ӕмӕ мин азты иумӕ фӕрӕзтой цӕрын, уӕд дарддӕр дӕр се ‘хсӕн мацы хъаугъатӕ хъуамæ уа. Махачкалайаг бунтгӕнджытӕ тагъд сӕ рӕдыд бамбардзысты ӕмӕ дзы дарддӕр ахӕм хъуыдытыл хӕст гоймӕгтӕ бирӕ къаддӕр уыдзӕн.

ДЖИОТЫ Алыксандр

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.