Тагъд рæстæджы нæ горæты администрацийы балансмæ лæвæрд æрцæудзæн ноджы иу фондзуæладзыгон хæдзар, кæцы арæзт æрцыд раздæры Бигæдзаумæтты фабрикæйы территорийыл,чи сырæзтысты, уыцы  дыууæ бирæуæладзыгон хæдзæртты фарсмæ æмæ аскъуыддзаг кæндзæнис бирæ тыхст бинонты цæрæнуатон проблемæтæ.

Ацы бирæуæладзыгон хæдзар аразы арæзтадон фирмæ «СТМ-Юг». Йæ минæвар Тадтаты Батрадз куыд загъта, афтæмæй: – дыууæ корпус цæттæ сты райгæй. Æртыккаджы ныртæккæ цæуы мидæггагон куыстытæ. Уыцы куыстытæ цырд темптæй арæзт цæуынц æмæ хъуамæ фæуой дыууæ-æртæ мæймæ. Фæззæгмæ, зæгъгæ, сцæттæ кæндзыстæм хæдзар. Йæ алыварс территорийы арæзт æрцæудзæнис сывæллæттæн хъазæн фæзуат, уыдзæнис дзы æвæрд фæхсбандæттæ дæр. Афтæ ма машинæтæн уромæн бынат.

Ацы цæрæн комплексы цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ арæзт цæуы уыдон æрæджы бабæрæг кодтой УФ-йæ нæм цы цытджын уазджытæ æрцыд, уыдон дæр. Уазджытæ райгондæй баззадысты Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы хæдзæрттæ рæзынц, уыдонæй. Арæзтадон темптæ графикæй фæстæдæр кæй нæ зайынц, уый дæр сæ зæрдæмæ фæцыд.

Цæрæн хæдзæрттæ фидæн азы арæзт æрцæудзысты Исахъы уынджы цы аварион хæдзæрттæ ис, уыдон бынаты дæр.

Уазæгты Марфа

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.