Адæймагæн сæйраг цæрæнуат кæй у, уый хынцы нæ республикæйы разамынад æмæ цæрæнуæттæ арæзт цæуы, канд нæ сæйраг горæты нæ, фæлæ республикæйы районты цæрджытæн дæр. Æмæ уал æртæуæладзыгон муниципалон, цæрынæн æппæт фадæттæ дæр кæм уыдзæнис, ахæм хæдзар арæзт æрцæудзæн раздæры санатори «Дзау»-ы фарсмæ. Ацы хæдзар арæзт цæуы Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Хæдзары арæзтадыл кусы хуссарирыстойнаг фирмæ ООО «Шанс». Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ацы арæзтадон фирмæйæн хæдзæрттæ аразыны хъуыддаджы кæй ис стыр фæлтæрддзинад.

Дзауы поселочы æртæуæладзыгон хæдзары арæзтадмæ кусджытæ æрывнæлдтой апрелы райдианы. Ахæм цæрæн хæдзар Дзауы райцентры арæзт цæуы нæ цард куы сæмтъеры, уæдæй фæстæмæ фыццаг хатт. Хæдзары арæзтад уыд æнæмæнгхъæуæг, уымæн æмæ 1991 азы стыр зæххæнкъуысты фæстиуæгæн ныппырх сты поселочы цæр-джытæн сæ хæдзæрттæ. Цæрджытæй бирæтæ сæхи тыхтæй бадзæбæх кодтой сæ хæ-дзæрттæ, фæлæ бирæтæ та нырма дæр цæрынц вагæтты æмæ аварион агъуыстыты.

Бынæттон администрацийы кусджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй цæрæн хæдзар райсыны тыххæй цæрджытæй æрбацыд 500 курдиаты. Арæзтцæуæг хæдзар та у æрмæстдæр 18 фатерон. Уыцы хъуыддаг районы администрацийы катайы бафтыдта. Уымæ гæсгæ фæнд кæнынц сæрмагонд къамис саразын, цæмæй бæлвырд æрцæуой иууыл тыхстдæр чи у, уыдон.

Бæрæг куыд у, афтæмæй ма Дзауы Инвестпрограммæйы фæлгæтты 2020-2022 азтæн рахицæнгонд фæрæзтæй ноджыдæр арæзт æрцæудзæн  дыууæ  бирæфатерон  хæдзары.

Ныридæгæн хæдзарæн арæзт æрцыд йæ ныккæнд, арæзт цæуынц систæ фидаргæнæн æфсæйнаг конструкцитæ æмæ уыцы иурæстæджы куыст цæуы хæдзары систæ амайыныл. Объекты арæзтадыл æдæппæт кусынц 20 адæймаджы. Арæзтадон фирмæйы директор Козаты Игорь куыд зæгъы, афтæмæй кусджытæ архайынц сæ куыст æнæзæрдæхуд-тæй  бакæныныл. Куыстытæ куыд фылдæр кæной, афтæ фæфылдæр кæндзысты кусджыты  нымæц  дæр.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ арæзтадон фирмæ «Шанс» кæддæриддæр куыстмæ кæй æрбахоны бынæттон цæрджыты, цæмæй уыдон куыстæй ифтонг æрцæуой, уый нысанæн. Æмæ та кæд ныр дæр бахатыдысты бынæттон цæрджытæм, цæмæй хæдзар уыдон саразой, уæддæр уыдон нæ равдыстой фæндондзинад æмæ уымæ гæсгæ куыстмæ ист æрцыдысты æддейæ æрцæугæ кусджытæ. Игорь куыд зæгъы, афтæмæй уыдон радтой хъусынгæнинаг дæр куыстмæ фæхоныны тыххæй.

Æнæуый сæ куыст цæуы æнæкъуылымпыйæ. Æххæст сты арæзтадон æрмæджытæй, финансгонд цæуынц рæстæгыл, кæд проектон документаци рæстæгыл арæзт не ‘рцыдис, уæддæр. Æмæ кæд проектмæ гæсгæ хæдзар арæзт хъуамæ фæуа 13 мæймæ, уæддæр арæзтадон компанийы сæргълæууæг куыд зæгъы, афтæмæй уыдон сæ разы хæс æрæ-вæрдтой азы кæронмæ йæ саразыны тыххæй.

Æртæуæладзыгон хæдзарæн уыдзæнис дыууæ бахизæны. 18 фатеры дæр уыдзысты дыууæхатæнонтæ. Уыдзæнис дзы зал, фынæйгæнæн уат, кухни, ваннæ, санузел, лоджæ. Уыдоны уыдзæнис цæрынæн алы уавæртæ дæр, бауадздзысты йæм газ. Рæхджы райдайдзысты газы хæтæлтæ æрбауадзыны куыстытæ. Уыдон сæххæст кæндзысты бы-нæттон, сæрмагонд бригадæ.

Объекты мидæггагон систæ арæзт æрцæудзысты  рог блоктæ æмæ агуырийæ.

Хæдзары кæрты сывæллæттæн арæзт æрцæудзæн хъазæн фæзуат, афтæ ма улæфæн зонæ, цыран æвæрд уыдзысты фæхсбандæттæ. Машинæтæн дзы уыдзæнис æрлæууæн бынат.

Хæдзарæн йæ иумæйаг фæзуат у 1 432 квадротон метры бæрц æмæ йыл бахардз уы-дзæн 65 милуан сомы.

Банысан кæнын хъæуы уый æмæ ахæм бирæуæладзыгон хæдзар арæзт æрцæудзæн Знауыры районы дæр.

Куыд райцентры, афтæ районæн йæхи территорийыл дæр куыст цæуы æндæр æмæ æндæр объектты арæзтадыл, кæцытæ здæхт сты цæрджыты царды уавæртæ хуыздæр кæнынмæ. Районы коммуналон хæдзарады тыхтæй куыстытæ æххæст цæуынц райцентры хицæн уынгты, цæрджыты нуазыны донæй æнæкъуылымпыйæ сифтонг кæныны тыххæй. Ацы уагдоны хистæр Цхуырбаты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ поселочы 5 уынджы æвæрд æрцыдысты хæдзæртты доны хæтæлтæ кæ-дæм хъуамæ баиу кæной, ахæм цъайтæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Хуымысæрты хъæуы цæрджытæ рагæй тыхстысты нуазыны доны хъуагдзинадæй, ныр уыдонæн дæр сæ проблемæ скъуыддзаг æрцыд.

Уымæй дарддæр донуадзæн хахх баивдæуыд 600 метры бæрц  доны хæтæлтæй. Ацы хъæумæ, афтæ ма Угæрдæнтæ æмæ Хуымысæрты хъæуы сæрмæ дæр цалцæг æрцыдысты фæндæгтæ. Районы цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады кусджытæ ахæм æмæ æндæр куыстытæ æххæст кæндзысты дарддæрдæр.

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.