Нæ горæты Октябры æмæ Маяковскийы уынгтыл цы фарастуæладзыгон хæдзæрттæ уыд, уыдон арæзт æрцыдысты 1970 азты. Фæлæ 2008 азы хæсты фæстиуæгæн уæллаг уæладзгуытæн тынг разианчындæуыд æмæ цæрынæн нал бæззыдысты. Хицауад æмæ сæрмагонд къамисы хъуыдымæ гæсгæ нал сбæззыдысты реконструкци кæнынæн. Уымæ гæсгæ ист æрцыд уынаффæ, цæмæй бирæуæладзыгон хæдзæрттæ фæндзæм уæладзыгæй уæлæмæ ист æрцæуой æмæ фидар æрцæуой.

Сæ цæрджытæ конд æрцыдысты «Хурзæрин»-ы районмæ. Ам ногарæзт фатерты, кæцытæ сты иу, дыууæ, æртæхатæнонтæ, цæуынц иуæй-иу цæрджыты зæрдæтæм, фæлæ иннæтæн бар уыдзæнис, сæхи бирæуæладзыгон хæдзæрттæ куы сцæттæ уой, уæд, æхсæзæм уæладзыгæй бынмæ чи цард, уыцы цæрджытæ æрыздæхой сæ раздæры бынæттæм.

Ацы бирæуæладзыгон хæдзæртты цы арæзтадон куыстытæ цæуынц, уыдон лæвæрд æрцыдысты уæрæсейаг фирмæ ООО «СоюзСтройПроект»-мæ. Уыдон ныридæгæн реконструкцигонд фесты, Маяковскийы уынджы цы хæдзар уыд, уый, фатертæ дæр мидæгæй схæрзарæзт кодтой. Зæгъын хъæуы уый, æмæ ацы бирæуæладзыгон хæдзар кæй рауад иттæг аив, йæ алфæмблай дæр цæуы хæрзарæзт. Раст ахæм аналогимæ гæсгæ арæзт æрцæудзысты, Октябры уынджы кæрон цы фарастуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уыдон дæр.

«СоюзСтройПроект»-ы бæрнон кусæг Деметы Артуры ныхæстæм гæсгæ, «ацы бирæуæладзыгон хæдзæрттæн ныридæгæн бавнæлдтой сæ уæллаг уæладзгуыты халынмæ, хъуамæ хæдзар демонтажгонд æрцæуа ацы аз, июны мæймæ. Уыцы иу рæстæджы кæндзыстæм сантехникон куыстытæ дæр. Мидæггагон инженерон коммуникацитæ иууылдæр ивд æрцыдысты ногтæй æмæ хуыздæртæй. Проектмæ гæсгæ фатертæ бæрæг фестырдæр уыдзысты, цы уыдысты, уымæй. Уæлæмхас сын арæзт æрцæудзæнис тыргътæ дæр, фарастуæладзыгон хæдзæртты уыд лифттæ, фæлæ ныр хæдзæрттæ фондзуæладзыгон кæй сты, уымæ гæсгæ сæ лифттæ нал уыдзæнис».

Мах фарстæн, ома, демонтаж кæныны рæстæджы бинаг фатертæ ницы хъыгдард цæуынц, зæгъгæ, ацы арæзтадон фирмæйы бæрнон кусджытæ афтæ загътой: «Мах архайæм проектмæ гæсгæ, уым та хъусдард цæуы алы деталмæ дæр, систæ кæрæдзимæ фидар цæуынц æфсæн конструкцитæй, цæмæй зæххæнкъуыстæн уой фæразон».

Ацы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ лæвæрд хъуамæ æрцæуой ацы аз декабры мæйы. Арæзтадон фирмæ ООО «Союз-СтройПроект» куыд зæгъы, афтæмæй уыдон куыстытæ фæуыдзысты æмгъуыдæй раздæр. Ацы фирмæйы бæрнон кусæг Артур Демеевы ныхæстæм гæсгæ, арæзтады кусы бирæ бынæттон кусджытæ. Бирæуæладзыгон хæдзæрттæ арæзт куы фæуой, уæд хæрзарæзт æрцæудзæнис сæ алфæмблай дæр. Уынджы арæзт æрцæудзæнис сывæллæттæн хъазæн фæз, йæ алыварс та сагъд æрцæудзысты бæлæстæ æмæ цъæхдарæнтæ. Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм, ацы фирмæ ноджыдæр нæ горæты кæй аразы цалдæр бирæуæладзыгон хæдзары Хъайтарты уынджы кæрон. Уым арæзт æрцæудзæнис дыууæ фондзуæладзыгон хæдзары, сæ иу — аст, иннæ та — фондз бахизæнимæ. Ам иууыл иумæ уыдзæнис 200 фатеры. Ацы арæзтадтæ куы фæуой, уæд та бавналдзысты, Гаглойты Владимиры уынджы цы корпустæ хъуамæ æрцæуой арæзт, уыдонмæ. Гъе, афтæмæй, цадæггай не ’мбæстæгтæй чи куыд тыхстдæр у, афтæ ифтонг цæудзæнис фатертæй.

Уазæгты М.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.