Хъайтарты уынджы кæрон цы ног бирæуæладзыгон хæдзар арæзт цæуы, уый эксплуатацимæ лæвæрд æрцæудзæн фидæн азы кæрон. Ныртæккæ уым сырæзт фыццаг уæладзыг. Хæдзар аразы арæзтадон фирмæ «СТМ-Юг», кæцымæ стыр фæлтæрддзинад ис ахæм хæдзæрттæ ара-зыны хъуыддаджы. Арæзтады хайад исынц 30 кусæджы бæрц. «Хæдзары уыдзæн 75 фатеры. Уыдзысты иу, дыууæ æмæ æртæхатæнонтæ. Иухатæнон фатерты фæзуат уыдзæн 43,5 кв. м.  дыууæхатæнонты – 50 кв. м. æмæ æртæхатæнонты та – 83,5 кв. метры», – зæгъы Таймураз Кантеев, компани «СТМ-Юг»-ы сæйраг инженер. Уый ма нын куыд загъта, афтæмæй сæ фирмæ уыцыиу рæстæджы кусы, Ирæтты уынджы раздæры бигæдзаумæтты фабрикæйы фæзуаты цы бирæуæладзыгон хæдзар арæзт æрцæудзæн, уым дæр. Уым та, зæгъгæ, ныртæккæ цæуы демонтажгæнæн куыстытæ.

«Хъайтарты уынджы цы хæдзар аразæм, уый арæзт цæуы, раздæр ам цы аварион бирæуæладзыгон хæдзар уыд, уый бынаты. Ам ныр арæзт æрцæудзæн, нырыккон домæнтæн дзуапп чи дæтта, ахæм хæдзар. Фатертæ уыдзысты бирæ уæрæхдæр æмæ райдзастдæр», – загъта Таймураз Кантеев.

Ам раздæр цы бирæуæладзыгон хæдзар уыд, уый арæзт æрцыд 1983 азы. Уый кæд стыр æмгъуыд нæу, уæддæр хæдзар уыд аварион уавæры. 2008 азы хæсты рæстæджы ацы хæдзары 60 фатерæй басыгъд 17. Хæсты фæстæ йын йæ агъуыст хъуамæ раивтаиккой, фæлæ куыстытæ æбæрæг аххосæгтæм гæсгæ афæстиат сты æмæ хæдзар афæдзы дæргъы баззад æнæмбæрзтæй.. Цæрджытæ куыд дзырдтой, афтæмæй сæ проблемæимæ цыдысты алы инстанцитæм, фæлæ сæм хъусдарæг нæ уыд. Арæзтад æмæ архитектурæйы министрад 2018 азы æрхуыдта Цæгат Ирыстон-Аланийæ экспертон къамис æмæ уыдон сбæлвырд кодтой хæдзар кæй у аварион æмæ йын сцалцæггæнæн кæй нал ис. 2019-22 азтæн республикæйы социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæмæ хаст æрцыд ацы бирæуæладзыгон хæдзары арæзтад дæр. Ныр дыууæ азы æмгъуыдмæ ам сырæздзæн ног фондзуæладзыгон хæдзар. Йæ кæрты та арæзт æрцæудзæн сывæллæттæн хъазæн фæз. Фæхсбандæттæ дæр дзы æвæрд æрцæудзæн.

Ам чи цардысты, уыдонæн фатертæ радтой Гуыбаты æфсымæрты уынджы цы бирæуæла-дзыгон хæдзæрттæ сырæзт, уыдоны. Цалынмæ цæрджытæ ног фатертæм нæ балыгъдысты, уæдмæ семæ фембæлд нæ бæстæйы сæргълæууæг Бибылты Анатоли. Уымæн йæ хъуыды уыд ахæм: цæрджытæ хъуамæ ныридæгæн аскъуыддзаг кæной фæстæмæ йæ фатеры æрцæрдзæн æви сæ цы хæдзармæ арвыстой, уым баззайдзысты цæргæйæ. Цæрджытæй фæстæмæ йæхи фатеры цæрын чи равзæрста, уыдон æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц хæдзар кæд сцæттæ уыдзæн, уымæ.  

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.