24-æм декабры нæ республикæмæ кусæгон балцы æрцыдысты Цæгат Кавказы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы министры хæдивæг Игорь Кошин æмæ йе ‘мбæлццæттæ.

Уазджытыл цытджын æгъдауæй Дзауы районы фембæлдысты РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Пухаты Эрик, Уæрæсейы минæварады минæвар Марат Кулахметов, Арæзтад æмæ архитектурæйы министр Зæгъойты Эдуард æмæ æндæр бæрнон кусджытæ.

Уазджытæн се ‘рцыды сæр уыд фæстаг æртæ азы Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы социалон нысаниуæджы объекттæ арæзт цыд, уыдонæй 2019 азмæ чи рахызтысты, уыдон куыд реализаци цыдысты, уый бабæрæг кæнын.

ДЗАУЫ РАЙОНЫ ЦÆРДЖЫТÆН – ЦÆРÆН ХÆДЗÆРТТÆ

Цæрæнуæттæ арæзт цæуы канд горæты нæ, фæлæ районты цæрджытæн дæр. Æртæуæладзыгон муниципалон, цæрынæн æппæт фадæттæ дæр кæм ис, ахæм хæдзар арæзт æрцыд санатори «Дзау»-ы фарсмæ. Уазджытæ азылдысты объекттыл. Ацы хæдзар арæзт æрцыд Инвестпрограммæйы фæлгæтты. Хæдзары арæзтадыл куыста хуссарирыстойнаг фирмæ ООО «Шанс». Дзауы районы администраци сарæзта сæрмагонд къамис, цæмæй,  иууыл тыхстдæр чи у, фатертæ уыдоныл уæрст æрцæуой. Дзауы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг загъта, зæгъгæ, 90% къамис йæ куыст фæцис, хæдзары та ныртæккæ цæуынц æфснайæн-сыгъдæггæнæн куыстытæ, фатертæм сæ хицæуттæ балидздзысты Ног азы фæстæ. Дарддæр уазджытæ сæ фæндаг акодтой горæтмæ.

НОГ САБИДОН

Цытджын æгъдауæй байгом Чиаты Иосифы уынджы (раздæры Суворовы уынг) цы сабиты рæвдауæндон арæзт æрцыд, уый. Ацы рæвдауæндонæн разиан, чындæуыд 2008 азы. Уагдон нымад цыд аварионыл, уымæ гæсгæ уырдæм нал цыдысты сывæллæттæ.

Хуссар Ирыстоны фæстаг цалдæр азы дæргъы канд цалцæг нæ, фæлæ ма бындуронæй арæзт цæуынц сабиты рæвдауæндæттæ. Уымæ нæ кæсгæйæ, уæддæр нæ фаг кæнынц сабитæн бынæттæ, дзæвгар бахъæуы ныййарджыты сабиты рæвдауæндонмæ рады лæууын. Ацы районы та, ома, Чиайы фырты уынгмæ хæстæг нæй иунæг рæвдауæндон дæр. Уымæ гæсгæ ныййарджытæ сæ сабиты кодтой æндæр районтæм.

Абон, цытджын бæрæгбонмæ, сабиты рæвдауæндон бакæныны церемонимæ, æрбацыдысты канд Ахуырады министрады бæрнон кусджытæ нæ, фæлæ ма æввахс уынджы цæрджытæ дæр.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы рæвдауæндон арæзт æрцыд, уый  сарæзта бынæттон арæзтадон   организаци «Престиж», йæ сæргълæууæг – Беппиты Инал. Бæстыхай арæзт æрцыд 160 сабийæн. Рæвдауæндон дзуапп дæтты æппæт нырыккон домæнтæн. Ам уыдзæн, уæлдæф чи сыгъдæг кæны, ахæм ифтонгад, сабиты къордтæй алкæмæн дæр ис, хицæн спортивон залтæ, цыран ис, интеллект чи размæ кæны, ахæм æрмæджытæ æмæ афтæ дарддæр.

Кæрты, алы къордæн дæр ис сæрмагонд спортивон фæз, кæцы æхгæд у ахæм уæлцъарæй, цæмæй дзы сабитæ хъазой афæдзы алы афон дæр. Ацы рæвдауæндон лæвæрд æрцыд Ахуырады министрадмæ æмæ февралы мæйы официалонæй райдайдзæн кусын. Директор та йын æвзæрст цæудзæн конкурсы хуызы. Гасситы Натали куыд зæгъы, афтæмæй ацы рæвдауæндон хъуамæ суа эксперименталон. Уым сабитæ ахуыр кæндзысты ног методтæм гæсгæ, уый тыххæй та сабиты рæвдауæндоны ис алы уавæртæ дæр.

ХЪАЛОНТЫ КОМИТЕТЫ НОГ ХÆДЗАР

Чиаты Иосифы уынгыл ма арæзт æрцыд Хъалонтæ æмæ фиддонты комитетæн ног хæдзар. Ацы арæзтадыл архайдта бынæттон арæзтадон фирмæ «Бадо». Арæзтадæн хицæн æрцыд 53 милуан сомы. Проектмæ гæсгæ ам арæзт æрцыд цыппаруæладзыгон хæдзар. Уырдæм ныридæгæн конд æрцыдысты ацы комитеты кусджытæ. Сæ зæронд бынаты та æрбынат кæндзысты горæты мидхъуыддæгты хайады кусджытæ.

Президент æмæ уазджытæ азылдысты ацы бæстыхайы дæр.

НОГ ГУЫРÆН ХÆДЗАР

Цытджын æгъдауæй байгом, цы Ног гуырæн хæдзар арæзт æрцыд, уый дæр.  Æнæниздзинад æмæ социалон рæзты министр Тотчиты Георги фехъусын кодта, абон гуырæн хæдзары кæй райгуырд дыууæ сабийы. Президент загъта, зæгъгæ, уый у иууыл хуыздæр хабар æмæ ныфс бавæрдта, уыцы дыууæ ноггуырд чызджы ныййарджытæ ног азмæ лæвæрттæ кæй райсдзысты. Уый фæстæ Æнæниздзинад хъахъхъæныны министр уазджытæн радзырдта Гуырæн хæдзары нысаниуæджы тыххæй.

ГУЫБАТЫ ÆФСЫМÆРТЫ УЫНДЖЫ БИРÆУÆЛАДЗЫГОН ХÆДЗÆРТТÆ

Гуырæн хæдзарæй уазджытæ æмæ РХИ-йы Президент сæ фæндаг акодтой ЦАРЗ-ы микрорайонмæ. Игорь Кошины зæрдæмæ тынг фæцыд, ам цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ сырæзт, уыдоны планировкæ. Марат Кулахметов цытджын уавæрты, æртæхатæнон фатеры дæгъæлтæ радта Джиоты Валерийы бинонтæн. Уый цард, Октябры уынджы цы аварион хæдзар ис, уым. Ныр ацы бирæ бинонтæ æрцæрдзысты ног, райдзаст фатеры. Бибылты Анатоли зæрдæбын арфæтæ ракодта бинонтæн, ног азы хæдразмæ сæм хорз лæвар кæй æрхауд, уый тыххæй.

НЫХАС БАКÆНГÆ КУЫСТЫ ФÆСТИУДЖЫТЫЛ

Азылды фæстæ РХИ-йы президент Бибылты Анатоли ауагъта æмбырд.

Уый раарфæ кодта уазджытæн сæ кусæгон балцы тыххæй. «Мах райгонд стæм, нæ республикæйы хæрзиуæгæн æмæ йæ дарддæры райрæзты фарстатæм Мæскуы лæмбынæг йæ хъус кæй дары.

Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл Æхсæнхицауадон къамис Инвестпрограммæйы фæлгæтты цы мадзæлттæ сфидар кодта 2019 азæн, уыдон, фактон æгъдауæй, æххæст æрцыдысты».

Рабадты рæстæджы Бибылты Анатоли, ацы аз эксплуатацимæ цы объекттæ лæвæрд æрцыдысты, уыдон æхсæнæй рахицæн кодта медицинон кластеры Гуырæн хæдзары бæстыхай. «Медицинон уагдон æрцыд ифтонг нырыккон  ифтонггæрзтæй. Уыдон, æнæмæнг, дзуапп дæтдзысты сæ нысанæн æмæ ныр нæхимæ хос цæудзæнис рынчын ноггуырд пациенттæн. Интенсивон терапи ауадзыны фæстæ, уыдон бынаты кæй цæудзысты реабилитаци, уый æхсызгон у мæнæн. Уымæн æмæ раздæр нæ уыд ахæм уавæртæ. Мæн ныфс ис, ныртæккæ гуырæн хæдзары цы медперсонал кусы, уыдон кæй сты ква-лификациджын».

Бибылты Анатоли загъта, зæгъгæ, къаддæр йæ зæрдæмæ фæцыдысты сабиты рæвдауæндон æмæ хъалонты  фæдыл Комитеты хæдзар дæр. Сæрмагондæй рахицæн кодта Дзауы поселочы æмæ Гуыбаты æфсымæрты уынджы бирæуæладзыгон хæдзæртты. Ныр, дам, бирæ азты тыхст цы адæм уыдысты, уыдон бахиздзысты сæ фатертæм æмæ зæрдæрайæ цæрдзысты.

Президент æрдзырдта, цы объекттæ сырæзт, уыдон гъæдыл дæр. Раздæр азтимæ абаргæйæ, ныр объекттæ арæзт кæй цæуынц проектон-сметæйон документацимæ гæсгæ. Цы фæрæзтæ рахицæн кæны Уæрæсе, уыдон хардз кæй æрцæудзысты нысанмæздæхтæй. Уый та æвæрццагæй бандæвта Хуссар Ирыстоны уавæрыл, уынгты хæрзарæзтад дæр бындуронæй фæивта. Арæзтадон-цалцæггæнæн программæ дæр дарддæр кæны. Финанскæнынад цæуы Уæрæсейы руаджы æнæкъуылымпыйæ. Уымæ гæсгæ махæн бар нæй, цæмæй процесс æрлæууын кæнæм. Мах архайдзыстæм, цæмæй дарддæр дæр Инвестпрограммæмæ цы объекттæ вæййы хаст, уыдон æмгъуыдæй раздæр лæвæрд цæуой эксплуатацимæ. 2020-2022 азтæн  Инвестицион программæйы нывæзты цы объекттæ ис, уыдон хъуамæ лæвæрд æрцæуой декабры мæйы нæ, фæлæ ноябры.

Игорь Кошин дæр загъта, зæгъгæ, сымахæн ис, сæрыстыр цæмæй хъуамæ уат 2019 азы, уыцы объекттæ. Иууыл ахадгæдæр уыдонæй у Гуырæн хæдзар. Абон уым райгуырд дыууæ чызджы. Уадз,  уыдон уæт амондджын гуырдтæ. «Мæ зæрдæмæ тынг фæцыд, æмгъуыдæй раздæр чи райгуырынц ахæм сывæллæттæн хайад кæй уыдзæн гуырæн хæдзары, уый. Уый та дзурæг у республикæйы размæцыдыл», – дзырдта Игорь Кошин.

Уымæн  дæр йæ зæрдæмæ  тынг фæцыдысты ЦАРЗ-ы микрорайоны Гуыбаты æфсымæрты уынгыл цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ сырæзт, уыдон. Хъуамæ, дам, ныртæккæ арæзт цæуа ахæм хæдзæрттæ, цæмæй цæрджытæ сæхи хатой амондджынæй.

Кæронбæттæны Бибылты Анатоли арфæ ракодта Уæрæсейы Федерацийæн. Абон, дам, цы объекттæ байгом кодтам, уыдон, сæйраджыдæр, арæзт æрцыдысты бынæттон фирмæты руаджы. Объекттæ сты гъæдджын. Уый та нысан кæны, нæ аразджытæн дæр сæ бон кæй у аразын хæрзгъæд объекттæ.

Уый ма загъта 2020-22 азты Уæрæсе кæй адард-дæр кæндзæнис йе ‘ххуыс Хуссар Ирыстонæн. Уый ацы азтæн рахицæн кодта 4,5 миллиард сомы. Уырдæм хаст æрцыд 52 мадзалы.

УАЗÆГТЫ Марфа

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.