Азы кæронмæ арæзт æрцæудзæн бирæуæладзыгон хæдзар æмæ дзы уыдзæнис 75 цæрæн фатеры. Хæдзар арæзт цæуы Гуыбаты æфсымæрты уынгыл, раздæры профтехахуыргæнæндоны бынаты. Банысан кæнын хъæуы уый, æмæ аразджытæ зымæгон бонты дæр æнцад кæй нæ бадтысты. Уыдон кодтой демонтажон куыстытæ, хæлдтой зæронд ахуы-гæнæндоны къултæ æмæ æвзæрстой, аразынæн ма дзы чи сбæздзæнис, уыцы æрмæджы-ты, иннæ пырхæнты та ластой брондонмæ. Ныр та æрæвнæлдтой хæдзарæн бындурæвæрæн куыстытæм.

Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ ацы бирæуæладзыгон хæдзары арæзтад раздæр нысан кæй цыдис нæ горæты Гаглойты Владимиры уынджы. Фæлæ республикæйы разамынады инициативæйæ уый рахаст æрцыд ацы бынатмæ, цæмæй рæза æмæ рæсугъддæр кæна ацы микрорайон дæр, уый нысанæн.

Æмæ, æцæгæйдæр, рæзы æмæ аивдæр кæны Царзы микрорайон. Уырдæм аивгъуыйгæ аз арæзт æрцыд асфальт фæндаг. Æмæ канд фæндаг нæ, фæлæ ма дзы цы бирæуæладзыгон хæдзæрттæ ис, уыдоны кæртытæ дæр æрцыдысты асфальт, сывæллæттæн дзы арæзт æрцыдис хъазæн фæзуат дæр.

Ныр та æрæвнæлдтой ацы бирæуæладзыгон хæдзары арæзтадмæ. Арæзтады ныртæккæ кусынц 25 кусæджы бæрц, æххæст сты техникæйæ дæр, се ‘ппæт дæр сты бынæттон цæрджытæ. Аразгæ та йæ кæны арæзтадон организаци «СТМ-Юг».

Арæзтадон фадыджы хистæр Коцты Эдуард куыд зæгъы, афтæмæй ма ам ноджыдæр арæзт æрцæудзæнис иу ахæм бирæуæладзыгон хæдзар, хæрзарæзт æрцæудзæн сæ кæрт, æвæрд дзы æрцæудзысты фæхсбандæттæ, арæзт дзы æрцæудзæнис сывæллæттæн хъазæн фæзуат. Дыууæ цæрæн хæдзары æдæппæт уыдзæнис 150 фатеры. Уыдонæй 50 фатеры уыдзæнис æртæхатæнон 50 – дыууæхатæнон. Иннæтæ та уыдзысты иухатæнон фатертæ. Уыдон арæзт æрцæудзысты иууыл хуыздæр планировкæимæ.

Бестауты Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.