Ацы уæлион дунейы нæ знагæй уæддæр куы фæуыдаид амонд…

Поэты загъдау, йæ уæзæгæй кæй сурынц, уый дæр æмбæхстæй чи мары, уыцы гуырдзыйы хуызæнæн знаг куыд хъуамæ схонай, йæ цæф, йæ рæхуысты рыстæй риссыны уæлдай дæхи худинаджы бынаты куыднæ хъуамæ æнкъарай…

Хæларæй нæ фæцис амонд… Стыр Уæрæсе балæууыд нæ фарсмæ, фервæзын нæ кодта скуынæгæй, фæлæ уый дæр æгæр æрæгмæ уыд, дыууынæм азы геноциды рæстæджы куыд æрæгмæ уыд, афтæ… Уæддæр, Хуыцауæй бузныг,  æппынфæстаджы амонд дæр амонд у – лæвар бæхы дæндагæй ничи сгары. Афтæ зæгъæм, знагæй нæ амонд кæй нæ фæцис, уый тыххæй дæр, хæларæй нæ амонд кæй фæрцы фæцис, уыцы Хуыцауы хъуамæ дарæм азымы, æмæ раст нæ уыдзæн. Нæхи аххос дæр дзы ис… Цыма нын «дыууынæм аз» æмæ «дыууынæм май» символикон сты, трагизмы амæхст сиволикон… Дыууынæм азы тыххæй нæ поэт бафæдзæхста, бæлвырддæр зæгъгæйæ карз æлгъыст нæ ракодта: «Дыууынæм аз махæй кæмæй фæуа рохы, уый не хсæн æлгъыст уæд фæлтау!» Бафæдзæхста нæ, ралгъыста нæ, фæлæ йын ницæмæ æрдардтам йæ фæдзæхст. Йæ фæдзæхст ын нæ сæххæст кодтам, ферох нæ дыууынæм аз æмæ ныл æрцыд йе лгъыст – æрцыд ныл дыууынæм май…

Æмæ ма ууыл дæр хъæциккам, фæлæ, уæу, додойаг куыд фæцис нæ цыфыддæр знаджы сæр – мыййаг та нæ куы ферох уа уый дæр, уæд ма æндæр æлгъысты фаг скомдзыстæм, æвæстаг, бындурзылд нæ фæуыдзæн нæргæ Аланты цагъдуæлдай бæстæ, Зары хъæд нын сары фæдæй нæ баззайдзæн?!.

Зондзонæн нын ницы у. Нæ хуыздæртæн сæ зондамынд дæр, сæ фæдзæхст дæр æмæ се лгъыст дæр кæй ницæмæ дардтам æмæ дарæм, уый у не сафæг, не намонды дзуарæфтыд æмæ алцы хъысмæт æмæ знаджы аххос ма кæнæм…

Æндæр поэт та загъта: «Нæхи йедтæмæ никæй хъæуæм мах, нæхæдæг та нæ ауæрдæм нæхиуыл». Цы йæ æмбæхсæм, стæй йæ искæмæй куыд хъуамæ бамбæхсæм – кæд абон искæй хъæуæм, уæддæр уый тыххæй нæ, æмæ кæуылдæр нæ фыруарзтæй хуыссæг кæй нæ хæцы!.. Абоны, æмæ æрмæст абоны нæ – дунеон политикæ ахæм дуртæй амад у, æмæ уыцы дуртæй иу куынæ уай, дуры бæсты искуы хылычъыйæн бавæрынæн уæддæр куынæ бæззай, уæд дæ уарзт дæр никæй хъæуы æмæ дæ маст дæр. Зын у, не мбæлы афтæ дзурын, фæлæ афтæ у æмæ цы бакæнæм – кæмæндæр, дам, йæ мады мард нæ хъæр кодтой! Махæн абон цы нæ бону нæ судзаггаджы мæрдтыл кæуынæй дарддæр. Махæн нæ бон нæу дунеон æмбыд системæ ныппырх кæнын, цардарæзтады æууæлтæ æмæ барæнтæ фæивын. Тынг нæ куы бафæнда, уæддæр æдых æмæ  ницыхъом стæм, царды рохтæ кæй къухты сты, уыцы тыхджынты раз. О, фæлæ… Искуы-иу хатт-иу нæ хъысмæтыл дæр ахъуыды кæнæм. Знаг кæй æлхæны, знаг кæй ардауы, куыд наци, афтæ цæмæй ныллæмæгъ уæм, уымæ нæ чи кæны, уыдоны ных дæр-иу бакъуырæм.

Кæд нæ нæ хъару æмæ нæ уавæртæ уыйбæрцтæ нæ амыдтой, цæмæй уал азы дæргъы сбæрæг кодтаиккам æмæ бæрндзинадмæ æркодтаиккам, Зары фцæгыл нын нæ сабитæ, нæ сылгоймæгтæ æмæ нæ зæрæдты чи ныццагъта, уыцы лæгмарты, уæд нæ цы бон ис, нæ сæртæ уырдыгмæ æруадзынæй дарддæр. Фæлæ… Нæ бон уый дæр нæ уыд, цæмæй уыцы лæгмартæн блокадон Цхинвалæй ссад æмæ æндæр продукттæ чи ласта, уыдонæй иуы уæддæр æрцахстаиккам æмæ йæ искуы ныккæнды ныппæрстаиккам?!. Цæмæй уым бамбыдаид æмæ йе мбыды тæф искæмæнты зонд-зонæн фæуыдаид!..

Кæддæр нæ фыдæлтæн сæ цæст цы зæххытыл не ххæссыд, уыцы зæххытæ се знæгтæн цæрынæн баззадысты, сæ фæстагæттæ та сæгъы сыкъайы тъыстæй се уæнгтæ айвазынзхъом кæм нал уыдысты, уыцы бæстæ дæр æдзæрæг кæны –  иу-цалдæр азы ма æмæ Ирыстоны ирæттæй фæфылдæр уыдзысты æндæр æвзæгтыл дзурджытæ. Цæмæн? Уымæн æмæ нæм фыдæлтæй фæстæмæ ис уыцы низ – нæхиуыл ма ауæрдын, нæ сомбонмæ куырм, уæлæнгай цæстæй кæсын…

Зары трагеди цы бон æрцыд, уыцы бон та цæмæн балæууыдыстæм кæрæдзийы фарсмæ, цæмæн та фæзынд не хсæн æнгомдзинад, уæд æндæр ирæттæ уыдыстæм?.. Фæлæ ахæм у нæ ныхыфыст. Æстайæм азты кæрон нæм сæдæтæ æмæ æрдзæтæй куы рбафсæрстой, уæд иууылдæр иумæ уыдыстæм иу-стæмтæй дарддæр. Стæй та бæстæ куы фæсабырдæр, чысыл та не муд куы рцыдыстæм, уадиссаг хæцыны сæр куы нал хъуыд, уæд та февзæрдыстæм баррикадæйы фæйнæфарс, уыцы «иу-стæмтæ» фæуæлахиз сты нацийы фылдæр хайыл æмæ нæ кæрæдзимидæг скодтой…

Зары хъæд – сары фæд…

Чизоны нын афтæ хъæуы… Чизоны цæмæн, хъæуы нын, фæлæ тæригъæд у, ирон лæппуты хуыздæрты туг кæй сæрвæлтау ныккалд, уыцы Ирыстон.

Ау, хорз æй куы хъуыды кæнæм, 23 ноябры гуырдзыйы æнæнымæц æрдонгты ныхмæ цы цалдæр ирон лæппуйы æрлæууыд, уыдоны куыд къуылымпы кодтой уыцы «иу-стæмтæ», куыд сын лæгъзтæ кодтой, цæмæй сæ горæтмæ æрбауагътаиккой. Стæй рæстæг рацыд, æмæ уыцы «иу-стæмтæ» рабадтысты, цы республикæйы райгуырд сæ нæ фæндыд, уыцы республикæйы разамынады куыдбæрзонддæр бынæтты æмæ бакæс уыдонмæ, бæлвырддæр зæгъгæйæ – махмæ!..

Кæддæр, иу-дыууадæс азы размæ уыдаид, Згъудеры къуылдымы рæбын 23 æм ноябры митинджы ныхас кæныны рæстæджы къухæй ацамыдтон, гуырдзыйы горæтмæ æрбауадзын нæ чи домдта, уыдонæй чидæртæ кæм бадтысты, уыцы астуæладзыгон хæдзармæ æмæ судзгæ-дудгæ масты хай фæдæн, уымæн æмæ дзы чидæртæ мæ фæстæ лæууыдысты, куыд бæрнон бынæтты бадджытæ, афтæ, æмæ сæ уыцы бынæтты чи баурæдта, уыдонмæ мæ уайдзæф хардзау куыднæ хъуамæ æркастаид…

Нæ фыдæлтæм мард æмæ дзуар иу уыдысты. Ныр афтæ нал у. Хорз, ма æххæст кæнæм, нæ зондджынтæ нын цы фæдзæхстытæ ныууагътой, уыдоны, мауал хъуыды кæнæм нæ сомбоныл, фæлæ нæ судзаггаджы мæрдтæй уæддæр æфсæрмы кæнæм. Сæ марджытæм сын кæй нæ баххæссыдыстæм, уый нын фаг  хъуамæ уа худинагæн, уыцы марджытимæ чи æмдзæхтон кодта, уыдонæй иу-дыууæйæ уæддæр æрдомæм æмбæлон дзуапп, цæмæй бынтон æгадæй ма баззайæм историйы цæсты…

ГÆБÆРАТЫ Юри

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.