Хуссар  Ирыстоны Парламент æмæ Уæрæсейы Федерацийы Советы æмгуыстады фæдыл рабадты фæстиуджыты тыххæй информацион агентад  Спутникы  брифинджы    дзырдтой Æддагон политикæ æмæ æхсæнпарламентон бастдзинæдты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Дриаты Заза, Социалон политикæ æмæ æнæниздзинад хъахъхъæныны фæдыл комитеты сæрдар Плиты Алыксандр æмæ Бюджет æмæ фиддонты фæдыл комитеты сæрдар Джиоты Еленæ.

Дывӕр ӕмбӕстагдзинады фарст

Хуссар Ирыстоны Парламент ӕмӕ Уӕрӕсейы Федералон Æмбырды Федерацийы Советы ӕмгуыстады фӕдыл къамисы радон рабадты фӕлгӕтты дзырд цыд дывӕр ӕмбӕстагдзинады фарстыл. Æддагон политикӕ ӕмӕ ӕхсӕнпарламентон бастдзинӕдты фӕдыл парламентон комитеты сӕрдар Дриаты Заза куыд банысан кодта, уымӕ гӕсгӕ дывӕр ӕмбӕстагдзинады фарст ӕрбӕстон кӕныны фӕдыл Хуссар Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы Федерацийы ӕхсӕн сразыдзинадыл къухтӕ бафыссыны хъуыддаг ахастæуыд  ацы азы сӕрдмӕ. Йӕ фæфæстæйы сӕйраг аххосаг баст у Мӕскуыйы областы Крокус Сити Холлы ӕрцӕугӕ трагикон цауы фæстиуджытимӕ. Сразыдзинад ныртӕккӕ ис къух бафыссыны стадийы Уӕрӕсейы президенты администрацийы.

Ангиограф самал кæнын æнæмæнгхъæуæг у

Парламентон комитеты сæрдар Плиты Алыксандры ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрадæн ангиограф самал кæнын æнæмæнгхъæуæг у. Уымæн æмæ фылдæр хатт не ‘мбæстæгты хос кæнынмæ арви­тæм республикæйæн æддæмæ.

Уыцы проблемæ рæгъмæ хаст æрцыд æхсæнпарламентон рабадты.

«Нæ уæрæсейаг коллегæтæ фарстмæ æмбаргæ ахаст равдыстой. Бахæс кодтой, цæмæй бацæттæ кæнæм документтæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрады уылты бæстон хъуамæ æрцæуа ацы ахсджиаг фарст», – банысан кодта Алыксандр.

Дохтырты квалификаци фæбæрзонддæр кæнын

Ацы фарст дæр нысан æрцыд къамисы куысты. Уæрæсейы размæдзыд медицинон центртимæ бадзурыны руаджы   хуссарирыстойнаг дохтыртæ хъуамæ сæ квалификаци бæрзонд кæной.

«Ацы фарстмæ дæр нæ уæрæсейаг коллегæтæ равдыстой æмбаргæ ахаст. Медицинæ бонæй-бон размæ цæуы æмæ нæ дохтыртæн дæр технологон прогрессимæ хъуамæ хъæздыг кæной сæ зонындзинæдтæ. Уымæ гæсгæ æнæмæнгхъæуæг у квалификаци фæбæрзонддæр кæныны хъуыддаг. Бастдзинæдтæ биноныг кæныны фæстæ нæ дохтыртæ æрвыст цæудзысты Мæскуыйы фæсдипломон ахуырады академимæ», – дзырдта Александр.

Реабилитацион центрты арæзтад

Плиты Алыксандры ныхæстæм гæсгæ, реабилитацион центрты арæзт  æнæмæнгхъæуæг у, канд республикæйы цæрджытæн нæ, фæлæ Сæрмагонд æфсæддон операцийæ цы фæсивæд æрæздæхдзæн уæлахизимæ, уыдонæн. Уымæ гæсгæ ныфс бавæрдта, æппæтдæр кæй араздзæн, цæмæй ацы фарстыл æмбæлон куыст конд æрцæуа.

Националон туристон портал

Туристон порталы сырæзт хорзæрдæм бандавдзæн Хуссар Ирыстоны туризмы райрæзыныл. Парламентон комитеты сæрдары ныхæстæм гæсгæ туристон фадыг райрæзын кæнын экономикон æгъдауæй пайда у æмæ йæм цымыдис дæр ис. Ныридæгæн ууыл Хицауады цы куыст  æрцыд, уыдон фенын кодтой сæ уæрæсейаг коллегæтæн æмæ сæм æмбаргæ ахаст æвдыст æрцыд.

«Туристон портал арæзт куы æрцæуа, уæд уый зонгæ кæндзæн нæ уазджыты Хуссар Ирыстоны фенддаг бынæттимæ, нæ культурæ æмæ националон æгъдæуттимæ. Æппæт нæ археологон æмæ культурон-историон бæрæггæнæнтæ æвдыст уыдзысты уым. Ацы здæхты егъау куыст конд æрцыд, æмæ хъуамæ хорзæрдæм бандава нæ бæстæйы туризмы райрæзтыл», – банысан кодта уый.

Туризмы рæзтыл бандавдзысты ХИПУ-йы æмбæлон курсытæ æнтыстджынæй чи фæ­цис, уыцы гидтæ дæр.

«Хуссар Ирыстонæн фадат ис йæ фæзуæттæ егъау корпорацитæн радта. Ирыстон хъæздыг у, хосгæнæн хиæдтæ кæмæ ис, ахæм минералон суадæттæй, æмæ уыдонæй пайда кæнын хъæуы. Уæрæсейы территорийыл ис хъæздыг регионтæ, фæлæ дзы уæззау климатон уавæртæ ис, уымæ гæсгæ ахæм регионтæй компанитæ Хуссар Ирыстоны улæфæн хæдзæрттæ, санаторитæ æмæ хосгæнæндонтæ куы саразой, уæд уый ахъаз уыдзæн нæ паддзахады инфраструктурæйы райрæзтæн», – дзырдта парламентари.

Сæрмагонд операцийы хæстонтыл социалон аудынад

Бюджет æмæ фиддонты фæдыл парламентон комитеты сæрдар Джиоты Еленæ та къамисы куысты рæстæджы рæгъмæ рахаста фарст, цæмæй Сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы хæстонтæ æмæ сæ бинонтæ æндæр сæрмагонд операциты хайадисджыты æмрæнхъ социалон æгъдауæй хъахъхъæд цæуой. Уый тыххæй Хуссар Ирыстоны Фæллой æмæ социалон рæз­ты æмæ Хъахъхъæнынады министрадтæ хъуамæ бакусой сæрмагонд сразыдзинадыл.

Еленæйы ныхæстæм гæсгæ, уыцы сразыдзинады руаджы Сæрмагонд æфсæддон операцийы Хуссар Ирыстонæй хайад чи исынц, уыцы хæстонтæ социалон æгъдауæй хъахъхъæд уыдзысты алыварсонæй. Сразыдзинад æввахс рæстæджы цæттæ уыдзæн æмæ йæ арвитдзысты æмразы кæнынмæ Уæрæсейы Федерацийы Советмæ.

Техникон персоналы куыстмызд

Хуссар Ирыстоны 2022-2023 азты социалон-экономикон рæзтæн паддзахадон программæ реализаци кæнынæн æмархайды сразыдзинады фæлгæтты техникон персоналæн сæ куыстмыздтæ фæфылдæр кæныны фарстыл дзырд цыд къамисы рабадты.

Джиоты Еленæ куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ сын Федерацийы Советы фæндон бахастой, цæмæй ног сразыдзинады ивындзинæдтæм æркæсой æмæ ацы категорийæн сæ куыстмызд этапгай фылдæр кæной. Ацы фарстыл ма дзырд цыд Уæрæсейы Фæллойы министрады, уыдонмæ   хъуамæ æвдыст æрцæуой бæлвырдгæнæнтæ категориты тыххæй, куыстмыздты æмæ кусджыты бæрц, цæмæй ацы фарстыл куыст æрцæуа æмæ йæм ивындзинæдтæ бахæссой.

Уымæй уæлдай ма уынаффæ цыд Контролон-нымайæн палатæйы куыстмыздтæ фæфылдæр кæнын æмæ йæ кусджыты пенсийæ ифтонг кæныны фарстыл дæр.

Программæ «Крымский мост»

Ацы программæ у зондджын сывæллæттæн. Хъырым Уæрæсейы Федерациимæ куы баиу, уæд Хъырымæй сенатор Ольгæ Ковитиди бацархайдта, цæмæй дæс квотæйæ пайда кæной уæлдай зондджын сывæллæттæ. Уыцы дæс квотæйæ дыууæ рахицæн кодтой Хуссар Ирыстонæн.

Ацы фарсты фæдыл уынаффæ цæудзæн Ахуырады министрадимæ, цæмæй программæмæ гæсгæ ацы аз нæ сывæллæттæ ацæуой Ломоносовы номыл Мæскуыйы паддзахадон университеты Классикон пансионмæ. Уый каст фæуыны фæстæ сын фадат уыдзæн Уæрæсейы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæм бацæуынæн, – загъта Дриаты Зазæ.

Ахуырадон  программæ  «Крымский      мост» архайы 9 азы дæргъы.

«Бакодтам цæсгомджын куыст – ныфс ис, уый кæй адарддæр уыдзæн»

Уæрæсейы Федерацийы Совет æмæ Хуссар Ирыстоны Парламентты æхсæн æмгуыстады фæдыл къамисы радон рабадт уагъд уыдзæн Хуссар Ирыстоны ацы аз октябры мæйы.

Дриаты Зазæйы ныхæстæм гæсгæ, рабадты боны фæткы  фарстатæй  бæстон кæцытæ не ‘рцыдысты, уыдоныл дарддæр дзырд цæудзæн иннæ рабадты. Ногæй исты фарста куы сæвзæра, уæд уый дæр боны фæткмæ хаст æрцæудзæн.

Радон парламентон æвзæрстыты къæсæрыл стæм, æмæ брифинджы хайадисджытæ ныфс бавæрдтой, ног сæвзæрст депутаттæ кæй адарддæр кæндзысты, æмгуысады фидар бындур æвæрд кæмæн æрцыд, уыцы къамисы куыст.

Дриаты лæппу куыд банысан кодта, уымæ гæсгæ бакодтой цæсгомджын куыст, цы сарæзтой, уый арæзт цыд нæ бæстæйы хæрзæбонæн. Уый  бузныг загъта уæрæсейаг фарсæн, æмгуыстады механизмтæ активонæй кæй размæ кæнынц, рæстæгыл бæстон кæй цæуынц сæвзæргæ фарстатæ, уый тыххæй.

КЪÆБУЛТЫ Маринæ

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.