30 азы размӕ, 1992 азы 20 майы ӕнӕхъӕн дунейыл айхъуыст, демократийы гамхудтӕ чи дардта, уыцы гуырдзиаг лӕгсырдтӕ ӕгъатырӕй кӕй ныццагътой тӕдзынӕгӕй цыхцырӕгмӕ бахауӕг ирон лигъдӕтты ӕнӕхъӕн колоннӕ. Уыдон лыгъдысты, мӕлӕты тас ӕмӕ гуманитарон катастрофӕ къуыммӕ кӕй бахастой, уыцы Хуссар Ирыстоны блокадон столицӕ Цхинвалӕй. Уымӕн ӕмӕ горӕт алырдыгӕй дӕр уыд ӕрхъулайы, алырдыгӕй дӕр ӕй ӕхстой уӕззау, мӕлӕтхӕссӕг артиллерийӕ. Сабырцӕрӕг ирӕттӕн ӕрхъулагонд горӕтӕй ӕдасдӕр бынатмӕ аирвӕзыны иунӕг фӕрӕз уыд, даргъ ӕмӕ гуыргъахъ Зары фӕндаг, кӕцыйыл хӕрз цыбыр рӕстӕгмӕ  сбадт йӕ ног ном – «царды фӕндаг». 

30 азы размӕ, уалдзӕджы фӕстаг мӕй, ӕрдз йӕхи цъӕхвӕлыст куы скодта, бӕстӕ дидинӕг куы акалдта, уӕд бынтон ӕнӕаххос, тыхстуырыдӕй лидзӕг лигъдӕттыл та – зӕрӕдтӕ ӕмӕ сылгоймӕгтыл, ӕнахъом сабитыл – сӕ уалдзыгон хур ныгуылгӕ акодта гуырдзиаг лӕджыфыдхорты къухӕй. Хӕстӕй чи лыгъд, уыдонмӕ уыцы ӕгъатыр хӕст ӕнхъӕлмӕ касти комхӕлиуӕй, уыцы хӕстӕндзарджытӕ хъузоны бабадтысты сӕ размӕ ӕмӕ сӕ ныццагътой.

Æрмӕстдӕр уый тыххӕй, ирӕттӕ кӕй уыдысты!..

Гуырдзиаг лӕджыфыдхортӕ уыцы бон цы сырдон ми бакодтой, уый сын ӕнӕнхъӕ-лӕджы фыдракӕнд нӕ уыд. Уыдон рагӕй цӕттӕ уыдысты ахӕм ӕбуалгъы хъуыддаг саразынмӕ, уыдон зыдтой, уыцы фӕндагыл адӕм кӕй лидзынц цардагур, сӕрибардзинад агурӕг. Ӕмӕ сӕ хъуамӕ ныццагътаиккой ахӕм уавӕры дӕр, цӕмӕй ирӕттӕ тынгдӕр фӕтӕрсой, цӕмӕй бынтондӕр амӕла се онг ӕмӕ, цы цагъдуӕлдай адӕм ма сӕм баззад, уыдон дӕр сӕ къух сисой сӕ фыдӕлты зӕхх кӕронмӕ хъахъхъӕныны ӕндонвидар позицийыл…

Æмӕ ӕрцыд, уӕды онг адӕймагад хъусгӕ дӕр кӕй никуы фӕкодта, ахӕм ӕгъатыр фыдракӕнд. Фӕлӕ уыцы ӕгъатырдзинад дӕр нӕ фӕцудын кодта ирон адӕмы ныфс. Раст цыма алы ирон дӕр йӕ зӕрдӕмӕ нӕ номдзыд поэт Гафезы ныхӕстӕ ныдздзырдта: «нӕ бон у асӕттӕм ӕндонау, фӕлӕ нын, назау, тасӕн нӕй!» Ирон адӕмы сӕ зонгуытыл ӕрлӕууын кӕныны тыххӕй кӕй сарӕзтӕуыд, уыцы ӕвирхъау трагеди нӕ хӕстарыд адӕмы тӕрсын нӕ фӕкодта, уый нӕ, фӕлӕ сын цыма сӕ ныфсмӕ ноджы ныфс бафтыдта – ноджы бангомдӕр сты кӕрӕдзимӕ, иу стыр бинонты хуызӕн.

Ацы бон ссарӕм ӕрмӕст Зары трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ нӕ, фӕлӕ чидӕриддӕр фыдыбӕстӕйы сӕрвӕлтау йӕ цард нывондӕн ӕрхаста, уыдонӕн се ‘ппӕты нӕмттӕ дӕр. Фӕлӕ уӕддӕр ӕмӕ уӕддӕр уыцы фыдрыст, фыддудгӕбоны бон, 1992 азы 20 май ирон адӕмы мысынады баззайдзӕн, куыд Хуссар Ирыстоны ныхмӕ гуырдзиаг агрессийы иууыл тугӕйдзагдӕр акт, афтӕ. Нӕ ног историйы цы бирӕнымӕц трагикон цаутӕ ис, уыдоны ранымады уыцы бон зыны уӕлдай ӕрхӕндӕгдӕр ӕмӕ тугӕйдзагдӕрӕй.

Сӕ марджытӕ-иу ахӕм судзаггаджы мӕрдтӕ мингӕйттӕй нымайӕд – мах сӕ  иугӕйттӕй нымайӕм, уый дӕр нын зынфӕразӕн хъизӕмар у, фӕлӕ нӕ цы бон ис, нымайын сӕ хъӕуы:

  1. Æлборты Зауыр (64 аздзыд).
  2. Æлборты-Коцты Иринӕ (45 аздзыд).
  3. Битеты Владимир (55 аздзыд).
  4. Бязырты Арон (55 аздзыд).
  5. Бязырты Людмилӕ (30 аздзыд).
  6. Гаглойты Иринӕ (25 аздзыд).
  7. Гаглойты Уасил (52 аздзыд).
  8. Гаглойты-Дзеранты Евгения

(41 аздзыд).

  1. Гасситы Галинӕ (41 аздзыд).

10.Джиоты Георги (59 аздзыд).

11.Джиоты Андрей (58 аздзыд).

12.Джиоты Славик (30 аздзыд).

  1. Джиоты Уарди (65 аздзыд).

14.Джиоты-Бесаты Земфирӕ (45 аздзыд).

15.Къӕбысты Батрадз  (11 аздзыд).

16.Къӕбысты Виктор (43 аздзыд).

17.Хъайырты Сергей (24 аздзыд).

18.Кокойты Иоска (67 аздзыд).

19.Кокойты Леонид (21 аздзыд).

20.Кокойты Уасил.

21.Кокойты Светланӕ (27 аздзыд).

22.Хъӕцмӕзты Витали (39 аздзыд).

23.Хъоцыты Назирӕт (56 аздзыд).

24.Коцты Валентинӕ (30 аздзыд).

25.Куымӕридтаты Сослан (56 аздзыд).

26.Лалыты Икко (73 аздзыд).

27.Остъаты Гега (63 аздзыд).

28.Сиукъаты Земфирӕ (39 аздзыд).

29.Тедеты Маир (30 аздзыд).

30.Цъебойты Георги (50 аздзыд).

31.Цъебойты Наталья (48 аздзыд).

32.Цоциты Ермак (35 аздзыд).

33.Цыбырты Анатоли (38 аздзыд).

Зары тӕригъӕдджын ӕфцӕгӕй блокадон Цхинвалмӕ судзаггаджы мӕрдты кӕуыл ӕрластой, уыцы машинӕйы гуыффӕйы зыхъыртӕй ма туг тагъди горӕты моргы кӕрты дӕр. Бӕстӕ ӕрдиаг ӕмӕ богъ-богъ фестади. Адӕм фӕдисы лыгъдысты моргмӕ, алчи дӕр мӕрдты хсӕн агуырдта йӕхионы, йӕ бӕлццоны, ӕгӕрыстӕмӕй уыцы бон фӕндагыл цӕуинаг чи нӕ уыд, фӕ-лӕ ахӕм ӕвирхъау хабар куы айхъуыст, уыцы  рӕстӕджы хӕдзары чи нӕ фӕцис, ах-ӕмты дӕр сӕ бинонтӕ агуырдтой горӕты моргы, рӕстмӕ базонӕн дӕр кӕмӕн нал уыд, уыцы туджы ӕвдылд мӕрдты хсӕн.

Стӕй сӕ бавӕрӕн бонтӕ – иу бон сӕ кӕм бавӕрдтаиккой, фӕлӕ сӕ номыл уыд иумӕйаг фыдохы митинг театралон фӕзуаты. Ам дӕр бирӕ судзгӕ цӕссыг фӕкалд, бирӕ зӕрдӕхалӕн хъарджытӕ дзы райхъуыст, бирӕ раныхасгӕнджытӕ уыд фыдохы митингы. Фӕлӕ зӕрдӕрыст адӕммӕ уӕлдай ныфсы тӕлмӕнтӕ равзӕрын кодта Цӕгат Ирыстоны Уӕлдӕр Советы Сӕрдар Галазты Æхсарбеджы раныхас:

«Абон зын дзурӕн у. Нӕ зынаргъ хуссайраг ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ! Кадджын, сӕрибаруарзаг, хъӕбатыр ӕмӕ куыстуарзаг адӕм! Абон махыл ӕрцыд, кӕй никуы фехъуыстӕуыд, ахӕм ӕнамонддзинад. Тугмондаг сырдтӕ (ӕниу сырд сывӕллонмӕ не ‘вналы, не вналы сылгоймагмӕ) ныккалдтой бирӕ ӕнӕаххос туг ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, уыдоны архӕйдтытӕн чи къухдариуӕг кӕны, уыдон хъуыды кӕнынц, ома, уымӕй асӕтдзӕн нӕ ныфс ӕмӕ ныууадздзыстӕм, нӕ фыдӕлтӕ кӕуыл цардысты, уыцы зӕхх. Мӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ уыдон тынг рӕдийынц. Знаг цас ӕлгъагдӕр уа, уый бӕрц мах хъуамӕ уӕм хъӕбатырдӕр, хъуамӕ ӕнгомдӕр балӕууӕм кӕрӕдзимӕ ӕмӕ бахъахъхъӕнӕм нӕ зӕхх, цӕмӕй йыл цӕрӕм ӕмӕ фӕллой кӕнӕм сӕрибарӕй.

…Мӕ зынаргъ хотӕ! Мӕ зынаргъ ӕфсымӕртӕ! Курӕг уӕ дӕн, цӕмӕй ныффӕразат ацы уӕззау ӕнамонддзинадӕн, курӕг уӕ дӕн, цӕмӕй кӕрӕдзийӕн радтат ныфс, кӕрӕдзийыл ӕууӕндындзинад ӕмӕ иумӕ, кӕрӕдзийы къухтыл хӕцгӕйӕ, не стыр Къоста куыд загъта, афтӕ цӕуӕм размӕ, рухсмӕ».

Сӕрсӕфӕнӕй хауӕг, дам, ныфсӕнхъӕлцау кӕрдӕджы халмӕ дӕр фӕлӕбуры – Галазы-фырты уыцы раныхас уыд, Ирыстонӕн йӕ хуссар хай сӕрсӕфӕны тӕккӕ былыл лӕугӕйӕ фӕйнӕрдӕм (фыццаграды нӕ фыдыбӕстӕйӕн йӕ цӕгат хаймӕ) ӕххуысӕнхъӕл фӕдисы дзӕнгӕрджытӕ куы цагътам, фӕлӕ нын иу мӕнузӕгъӕг куынӕ уыд, уыцы уӕззау рӕстӕджы фыццаг ныфсдӕттӕг ныхас. Уӕд махӕй бирӕ кӕйдӕрты бауырныдта, нӕ фыдбон, нӕ дывыдон уавӕры бынтон ӕнӕсӕрылхӕцӕг кӕй не стӕм, уый. Уӕдӕй фӕстӕмӕ ноджы фылдӕр туг ныккалд, ноджы ма бирӕ хъизӕмӕрттӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнтӕ бавзӕрстам, фӕлӕ нӕ фесӕфтыстӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, стыр Уӕрӕсейы фӕрцы, фӕлӕ фыццаджы-фыццаг нӕ удфӕразондзинад ӕмӕ нӕ иудзинады фӕрцы…

Ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ алы 20-ӕм айы дӕр нӕ адӕм, чи сӕ цы кары ис, чи сӕ цы куыст кӕны ӕмӕ кӕм цӕры, уымӕ ӕнӕ кӕсгӕйӕ ссарынц Зары фӕндаг – царды фӕндаг цыфыддӕр знаджы къухӕй мӕлӕты фӕндаг кӕмӕн басгуыхт, уыцы ӕнаххос адӕмы рухс ном. Уый ӕрмӕст адӕмон мысынад нӕу, уый у ӕнусон хъарӕджы фӕдисхъӕр, уый у ӕнусон хъарӕджы фидӕныл сагъӕс. Хуамӕ нӕ фӕстагӕттӕ зоной ӕмӕ сӕ зӕрдыл дарой, уыцы трагеди куы ферох кӕной, чи нын ӕй ӕрхаста, уыдонӕн ӕй куы ныббарой, уыцы ӕнамонддзинад сын сӕ размӕйы фӕлтӕры кӕрӕдзимӕ куыд ӕрбангом кодта, афтӕ ӕнгомӕй куы-нӕ цӕрой, уӕд та сфӕлхатт уыдзӕн, 30 азы размӕ Зары фӕндагыл – царды фӕндагыл цы ӕрцыд, уый. Æмӕ мах нӕхицӕн уый бар макуыуал хъуамӕ радтӕм.

Æрвылаз дӕр 20-ӕм майы, уыцы фыдбоны, ирон туг фӕйнӕрдӕм кӕм лӕсӕнтӕ кодта ӕмӕ удисӕг цӕфты хъӕрзынмӕ зӕхх кӕм скъуыдтӕ кодта, уыцы бынат цыма мӕрдон сабыр ныввӕййы, цыма бандзыг вӕййы алфӕмблай дуне, цыма ӕнӕхъӕн зӕххы къори йӕхимӕ ныхъусы, ирон адӕмимӕ иумӕ фӕкӕуы се нусон риссӕгтыл, цыма царддӕдтӕг зӕхх йӕхицӕн нӕ хатыр кӕны, йӕ риуыл ахӕм ӕбуалгъы фыдракӕнд ӕрцӕуын кӕй бауагъта, уыцы азым.

Æнусон азым! Æнусон сагъӕс! Уый у     ӕнусон хъарӕджы – сомбоныл сагъӕс.

Уӕдӕй фӕстӕмӕ Хуссар Ирыстонӕн мысӕн ӕмӕ хъынцъымы боныл нымад чи ӕрцыд, уыцы бон у историон ӕвдисӕндар, нӕ хӕдбардзинадмӕ фӕндагыл цӕугӕйӕ цы тугтӕригъӕдтӕ бавзӕрстам, уыдонӕн, куыд зын, куыд уӕззау, куыд зынаргъ нын слӕууыд уыцы фӕндаг. Уымӕн ӕрӕмбырд вӕййӕм ӕрвылаз дӕр Зары хъӕды – сары хъӕды, фыдызнаджы ӕгъатыр къухӕй чи бацарӕфтыд, уыцы зынгхуыст адӕмы цыртдзӕвӕны цур. Цӕмӕй та иумӕ байхъусӕм нӕ ӕнусон хъарӕгмӕ. Æмӕ уыцы хъарӕгмӕ хъусгӕйӕ ноджыдӕр ӕмӕ ноджыдӕр бамбарӕм: ӕрмӕст хъарӕг кӕнынӕй цард размӕ нӕ цӕуы, махӕн нӕ сӕйраг хӕс у, цӕмӕй уыцы хъарӕгӕн кӕрон скӕныныл бацархайӕм, бамбарӕм ӕй, уӕд нӕ, 30 азы размӕ Зары трагеди кӕрӕдзимӕ куыд ӕрбангом кодта, афтӕ ӕнгом хъуамӕ уӕм кӕддӕриддӕр.

Афтӕ нӕ домы рӕстӕг, уый нӕ домы абоны дунеон уӕззау уавӕр.

Уый у нӕ сӕйраг бӕрндзинад нӕ тугӕйфыст историйы раз.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.