20-æм  май  Ирыстоны  нымад цæуы мысынад æмæ фыдохы боныл. 29 азы рацыд,  Хуссар Ирыстоны ног историйы  сау дамгъæтæй фыст цы трагеди æрцыд, уымæй. 1992-æм азы нæ республикæйы сабырцæрæг  æмбæстæгтæ Зары фæндагыл  гуырдзиаг фашистты къухæй æрцыдысты мард.  Уыдоны  ‘хсæн уыдысты сылгоймæгтæ, сывæллæттæ æмæ хистæр кары адæм. Кæд уæдæй 29 азы рацыд, уæддæр ирон адæм никуы ферох кæндзысты уыцы уæззау бон. Æрвылаз дæр, куыд нæ республикæйы æхсæнад, афтæ нæ цæгаттаг æфсымæртæ дæр æрбалæууынц нæ рисы уæлхъус.

Ацы аз дæр та 20-æм майы Зары трагедийы амæттæгты рухс  ном арыны фæдыл уагъд æрцыд фыдохы митинг. Митингы хайад райстой нæ республикæйы къухдариуæгад Президент Бибылты Анатолийы сæргълæудæй, Парламенты депутаттæ йæ Сæрдар Тадтаты Аланы сæргълæудæй, министрадтæ æмæ ведомствоты кусджытæ Бекъойты Геннадийы сæргълæудæй, нæ республикæйы æхсæнады минæвæрттæ, скъолайы ахуыргæнинæгтæ, фæмардуæвджыты хиуæттæ. Зары трагедийы амæттæгты рухс ном арыны фæдыл нæм нæ цæгаттаг æфсымæрон республикæйæ æрцыд делегаци РЦИ-Аланийы Национ ахастыты фарстаты фæдыл министры хæстæ æххæстгæнæг Цуциты Асланы сæргълæудæй.  Трагедийы амæттæгты ном арынæн цырты раз веноктæ æмæ дидинджытæ сæвæрдтой Президент Бибылты Анатоли, Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади, Парламенты Сæрдар Тадтаты Алан, Хицауады бæрнон кусджытæ,  РЦИ-Аланийы делегацийы минæвæрттæ, тыхон структурæты службæгæнджытæ, æхсæнады минæвæрттæ, трагедийы амæттæгты бинонтæ æмæ хиуæттæ. Мадзалы фыдохы музыкæйы зæлтимæ ранымадтой трагедийы амæттæгты нæмттæ.

«Фараст æмæ ссæдзæм  хатт мах ацы бынатмæ цæуæм. Чизоны, уæд гуырд чи нæма уыдис, уыдонмæ 29 азы бирæ кæсынц, фæлæ йын йæ фæд чи ‘рыййæфта, уымæ та цъус кæсынц. Тынг зын у, фæлæ нын стыр Хуыцау уыцы амонд радтæд, цæмæй уыцы тугкалд цæрæнбонтæм хъуыды кæнæм, мах ирон адæммæ туг исынмæ никæмæ сидæм, мах сидæм æрмæстдæр иу хъуыддагмæ, цæмæй ма рох кæнæм нæ фыдбылызтæ, ма рох кæнæм не  ‘намонддзинæдтæ, цæмæй нын иу æнамонддзинад иннæйы фæстæ ма цæуа», – ахæм ныхæстæй Зары трагедийы амæттæгты номыл цырты раз фыдохы митинг байгом кодта газет «Хурзæрин»-ы сæйраг редактор Гæбæраты Юри æмæ ныхасы бар радта нæ республикæйы   Президент Бибылты Анатолийæн.

– Ахæм уæззау боны тынг зын у исты зæгъын. Нæй йын бамбарæн, кæй хъыгдардтой сывæллæттæ, сылгоймæгтæ, зæронд кары адæм. Цахæм тугдзых хъуамæ уай, цæмæй ирон адæмæй дæ удхæссæг афтæ тынг уынай, цæмæй сæ ахæм тæригъæддаг мард акæнай. Абоны бон Ирыстонæн нымад цæудзæн сау боныл, сау уый тыххæй, æмæ 20-æм майы циндзинад никуыуал уыдзæн, уымæн æмæ нæй бар. Хъыгагæн, ахæм бонтæ Ирыстоны фæфылдæр сты 8-æм августы 2008-æм азы, Беслæны трагедийы рæстæджы, æмæ нæ амæй фæстæмæ стыр Хуыцау бахъахъхъæнæт ахæм трагедитæй. Ацы тæригъæддаг хъуыддаджы аххосджын чи у, уыдонæн барст нæ уыдзæн, барст нæ уыдзæн Хуыцауы раз дæр æмæ ирон адæмы раз дæр. Нæ ирон адæм æппæт уæззау æрцæугæ трагедитæ никуы ферох кæндзысты. Цасфæнды рæстæг ма рацæуа, уæддæр алы ирон адæймаджы зæрдæйы дæр уыдзæн ацы уæззау хъуыддаг. Æз алы хатт дæр дзурдзынæн, ацы фыдбылыз чи сарæзта, уыцы адæмы хъæуы ссарын, уыцы адæмы хъæуы бафхæрын, хъуамæ закъонмæ гæсгæ дзуапп радтой. Æз афтæ æнхъæлын, æмæ ацы трагедийы аххосджын чи у, уыдонæй сомбон искæцы нæ къухтæм æрбахаудзæн, исчи сæ хъуамæ трагедийы амæттæгты хиуæтты раз дзуапп радта. Махæн та Хуыцау уыцы амонд радтæнт, æмæ нæ ирондзинадæй, нæ иудзинадæй цы уынын кæнæм, æрмæст ахæм бонты кæй не стæм иумæ, фæлæ алы бон дæр. Иудзинады Ирыстон тых цы ара, æмæ йæ сомбон та рæсугъд цы уа! Чи фæмард, уыдоны хиуæттæн та зæгъдзынæн: ныххатыр нын кæнут, ахæм уæззау трагеди кæй æрцыд, уый тыххæй.

ÆНУСТÆМ – ЗÆРДЫЛДАРИНАГ, ИУДЗИНАДМÆ СИДÆГ РЫСТ

Бибылты Анатоли æрæмбырдуæвджытæм бахатыд, цæмæй, иу уысм æмырæй алæугæйæ, ссарой фæмардуæвджыты рухс нæмттæ. Цæгат Ирыстоны делегацийы номæй фыдохы митинджы ныхасы бар лæвæрд æрцыд Æппæтирон æхсæнадон организаци «Иры Стыр Ныхас»-ы сæрдары хæдивæг Еналдыты Хъазбегæн: «Мæ зынаргъ хотæ æмæ æфсымæртæ, абон  Ирыстоны адæмæн уæззау бон у. Ацы бынатмæ абон чидæриддæр æрбацыд, уыдон хъуамæ цардæн йæ мидисыл ахъуыды кæной, нæ ивгъуыд, нæ абон, нæ фидæныл. Ахæм уæззау бон адæймаг тынгдæр ахъуыды кæны æмæ  цардæн аргъ кæнын тынгдæр райдайы. Ардæм куы цыдыстæм, уæд нæм фæдзырдтой, цыдæриддæр Ирыстонæн æддейæ диаспорæтæ ис, уыдон, æмæ нын загътой, зæгъгæ, мах дæр уемæ стæм ахæм уæззау боны. Кæд бирæ азтæ рацыд, уæддæр азтæ уыцы рыст æмæ хъæдгом никуы сæхгæндзысты. Уымæн æрмæстдæр ис иу фадат – кæрæдзимæ æнгом æрбалæууын. Абон ахæм рæстæг у, æмæ хъуамæ нæ фидæныл ахъуыды кæнæм, цæмæй ахæм бæллæхтæ мауал æрцæуа, бæллæх та æрцæуы, адæм фæйнæрдæм кæсын куы райдайынц, уæд». Йæ раныхасы фæстæ уый мæсæллæйы ныхæстæ загъта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг  Сергей Меняйлойы номæй, Парламенты, Хицауады уæнгты æмæ æппæт ирон адæмы номæй.

Ирон адæм æрцæугæ трагедийы фæстиуджыты тыххæй хъуамæ агурой рæстдзинад, хъуамæ сбæрæг кæной, ирон адæмæн геноцид аразыны фæстиуæгæн цы трагедитæ сарæзтæуыд, уыдон кæй къухæй арæзт æрцыдысты, уыдоны нæмттæ. Митинджы ныхасы бар лæвæрд æрцыд фæсконфликтон фарстатæ æрбæстон кæныны фæдыл Президенты æххæстбарджын минæвар Джиоты Муратæн: «29 азы рацыд, фæлæ иу адæймаг дæр дзуапп нæма радта ацы уæззау трагедийы тыххæй. Ацы æвирхъау цау дунейыл куы айхъуыст, уæд Гуырдзыстоны хицауад фæтарстысты, кæй сæ æфхæрдзæн дунейы æхсæнад æмæ фæстæдæр Гуырдзыстоны парламенты сæрдар Нино Бурджанадзе афтæ дзырдта, зæгъгæ, дзырд дæтты, фыдгæнджыты кæй ссардзæн, уый тыххæй. Фæлæ куыд уынæм, афтæмæй уæдæй абоны онг Гуырдзыстоны хицауад  цалдæр хатты æрцыд ивд, фæлæ дзы иунæг адæймаг дæр закъоны раз дзуапп нæ радта. Женевæйы дискусситы рæстæджы мах алы хатт дæр фæдзурæм æппæт æрцæугæ трагедиты фæстиуджытыл. Æмæ уыдоны тыххæй Гуырдзыстон хъуамæ дзуапп радта».

Танделаты Вилена

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.