Хуыцауæй кæд истæмæй арфæгонд нæ фестæм, уæд, фыццаджыдæр, сыхагæй. Нæ тугмондаг сыхæгтæй «бузныг» никуы фехъуыстам, кæд сæ кæддæр нæ фыдæлтæ алыгъуызон хæстыты скуынæгæй хызтой, уæддæр. Иу геноцидæй иннæ геноциды ‘хсæн нын никуы радтой нæ риссаг хъæдгæмттæ байгас кæныны фадат. Иу тугкалдæй никуы бафсæстысты, æгъгъæд сæм никуы фæкаст, афтæмæй-иу ныл радон хатт рауагътой ног туджы зæй. Ссæдзæм азы геноцид нæ адæмæй никæмæй у рох. Уый сын батад Советон Хицауады фæрцы. Фæлæ уæддæр æмæ уæддæр сæ кæнон кодтой. Тугдзых сырдтау нын алыварсонæй дæр хæцыдысты нæ хурхыл. Арæзтой нын культурон геноцид. Байстой нын не ‘взаг, дæлдзиныг нын кодтой нæ аивад, хынджылæг кодтой ирон национ хæзнатæй. Гуырдзиаг разамынад абон дæр бирæ историон факттæ æмбæхсы сæхи пайдайæн æмæ афтæмæй сæ фæсивæды, æмткæй сæ адæмы хъомыл кæны æнæраст æмæ мæнг позицитыл бындуриуæггæнгæйæ. Ирон адæм гуырдзиæгты кæддæриддæр æфсымæртæ хуыдтой. Уыдон та ныл хинæй цыдысты æмæ æнхъæлмæ кастысты, нæ фæсонты нын кард кæд ныссадздзысты, ахæм фадатмæ. Уæды онг сæ æргом хæстæй чи урæдта, нæ уыцы иумæйаг бæстæ ныппырх. Уæдæй райдыдта бирæазон геноцид… Кæд сæ фæндыд Хуссар Ирыстон æртхутæг фестын кæнын, уæд дæр сын нæ рауад.

Уыцы азты цы бавзæрстам, уыдон нын иууылдæр риссаг æмæ дудаг сты, фæлæ дзы уæддæр Зары, афтæхуыйнæг «царды фæндаг»-ыл цы трагеди æрцыд, уый абон дæр у стыр диссаг. Уымæн æмæ иу боны мидæг уал адæймаджы фесафын мах хуызæн чысылнымæц адæмæн æгæрон трагеди у.

1992 азы 20 май. Гуырдзиаг фашисттæ сæ тæппуд сæртæ бааууон кодтой къутæрты æмæ æнхъæлмæ кæсы  хъæды, мæлæты тасæй чи лыгъд, кæнæ йæ хæдзармæ чи тагъд кодта, уыцы зæрæдтæм, æнахъом сабитæм æмæ æгъатырæй ныццагътой ницыгæнæг адæмы, ныууагътой сæ сæ туджы мæцгæ æмæ сæ тæппуд сæртæ бафснайдтой.

Уыцы æнамонд уалдзыгон бон Дзауы районы Хъорсеуы хъæуы цæрæг Тедеты Домбайы хæдзарыл дæр акодта сау бон. Уыцы бон сау халæтты хъæр райхъуыст сæ хæдзары сæрмæ… Кæд Домбайæн йæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыдис æмæ йæ уæздан æмæ куыстуарзаг цардæмбал Коцты Валя знаджы нæмыгæй æрбайсæфдзæн, уæддæр уыцы бонты йæ зæрдæ йæ бынаты нæ уыд, йæхи къултыл хоста æмæ цавæрдæр саудалынг хаста уæнгтæм… Тедеты Домбай бæргæ урæдта йæ цардæмбалы, фæлæ сылгоймагæн уыцы бон йæ бартæ йæхи кæй нæ уыдысты, бæрнджын кæй уыдис йæ куысты, сæйраджыдæр та, Ирыстоны адæмы раз, уымæ гæсгæ йæ нæ фæндыд фехалын Гиппократы ардбахæрд. Æмæ афтæмæй атагъд кодта йæ куыстмæ Цхинвалмæ…

 – 19-æм майы Валя йæ куыстмæ куы сфæнд кодта, уæд æй æз нæ уагътон. Кусгæ та кодта Цхинвалы тагъд æххуысы станцы. Мах уæдмæ хъомыл кодтам дыууæ чызджы æмæ уыдысты хæрзчысылтæ. Нырма йæ хæдзарæй нæ уагътон куыстмæ, стæй куы нал лæууыд, уæд Хъорсеуæй рараст стæм Дзаумæ. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, уæд уыцы бон уарыд къæвда, афтæмæй хуылыдзæй æрхæццæ стæм райцентрмæ. Æз мæхæдæг та Цæгат Ирыстонмæ цыдтæн мæ хъуыддæгты фæдыл. Бирæ фæлæууыдыстæм районы, фæлæ горæтмæ цæуæг машинæтæ нæ уыд. Уæд ын æз ногæй зæгъын, зæгъгæ, горæтмæ цæугæ дæр ницы кæны, цъиузмæлæг дæр нæй æмæ æрлæуу. Æнæуыйдæр ныххуылыдз дæ æмæ фæрынчын уыдзынæ. Æмæ та мын уæд ногæй, уайдзæфтæгæнæгау афтæ зæгъы: «Мхæн, тагъд æххуысæн йæ куыст уый у, цæмæй ахæм хæстон рæстæджы уæм нæ куысты уæлхъус æмæ адæмæн æххуыс кæнæм». Æз мæ бон базыдтон, фæстæмæ йæ кæй нал аздахдзынæн, æмæ ницыуал загътон. Банхъæлмæ кастыстæм, цалынмæ мæ фыдбылызæн иу машинæ нæ фæзынд, уæдмæ. Уæдмæ æз дæр мæ фæндаджы кой бакодтон æмæ ацыдтæн Цæгат Ирыстонмæ. Коцоны æфсымæримæ Алагирмæ куы ‘рхæццæ стæм дыккаг бон, уæд уым иу таксисты баурæдтон æмæ йæ афарстон, зæгъын, цы хабæрттæ ис Цхинвалы. Уый мын æвиппайды афтæ, зæгъгæ, Зары ныццагътой адæмы! Уæд базыдтон ме ‘намонд. Дзаумæ куы ‘рхæццæ стæм, уæд кæсæм: адæм ратæх-батæх кæнынц, стыхстысты æмæ сæ цæссыгтæ калынц. Хъуыддаг ахъæр ис æмæ адæм фæдисмæ тымбыл кодтой райцентры. Горæтæй æрбарвыстой, чи фæмард, уыдоны номхыгъд æмæ зыдтой, Дзауæй дзы чи ис, уый дæр.

Нæхиуæтты фæрсын, Валя кæм ис, зæгъгæ, уымæй. Тæрсгæ, дам, ын ма кæн, фæцæф ис, фæлæ йын ницы уыдзæнис, рынчындонмæ, дам æй  аластой. Æз уыдæттæ фехъусгæйæ, сфæнд кодтон горæтмæ, фæлæ машинæ дæр нал ардтон мæ фыртыхстæй. Уæдмæ ме ‘фсымæр, нæхиуæттæ иууылдæр ацыдысты йæ ласынмæ æмæ æз та Хъорсеумæ атагъд кодтон, мæхицæн ныфсытæ æвæргæйæ. Фæлæ цалдæр сахатмæ мæ ныфсытæ фескъуыдысты…»

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй йæ цардæмбалы мæрдон буарыл уыд бирæнымæц нæмыгдзæфтæ.

Куыд хъуамæ ферох уой ацы бинонтæй ахæм фыдмиаджы нывтæ. Цæрæнбонтæм уыдонæн сæ трагеди никуы схицæн уыдзæн сæ цæстытæй, сæ зæрдæтæй. Абон Тедеты Домбай йæ ныййарджыты æххуысæй схъомыл кодта, мады рæвдыд чи нæ базыдта, уыцы дыууæ хорз чызджы – Вандæ æмæ Лейлайы. Сæ дыууæ дæр райстой уæлдæр ахуырад æмæ ныр сæхæдæг дæр сты ныййарджытæ. Уыдон, кæд сæ мады бынтон хорз нæ хъуыды кæнынц, уæлдайдæр та Лейла, уæддæр хорз зонынц, сæ ныййарæг мады марджытæ гуырдзиаг фашисттæ кæй уыдысты. Дыууæ чызджы абон дæр фарст дæттынц, зæгъгæ, цæмæн, цæй тыххæй амардтой уыдонæн сæ мады. Бинонтæ 20 майы сæ хиуæттимæ кæддæриддæр ссæуынц сæ мады уæлмæрдмæ æмæ йын цæссыгкалгæ ссарынц йæ рухс ном.

Зары трагедийы удæгасæй чи аирвæзт, уыдонæй иу, Бесаты Аринæ та нын æрымысыд æмæ радзырдта, уыцы бон цы æгъдауæй рацыд ацы æлгъыст фæндагыл æмæ цы тас бавзæрста, æппæт уыдæттæ.Тугамæхст мард буæртты хсæн уымæн уыдис йæ амонд æмæ абон дæр у сæрæгас, кæд знаджы нæмгуыты схъистæ нырма дæр йæ буары сты, уæддæр.

 – Уыцы сау бон æз дæр бахъуыды кодтон цæрæнбонтæм. Раст цыма знон уыдис, аф-тæ уайынц мæ цæстыты раз адæмы тыхст-дзинад, туджы лæсæнтæ æмæ мæ ныййарæг мады сонт фарст, удæгас дæ, зæгъгæ. Знаджы нæмгуытæ йæ афтæ фæриссын кодтой, æмæ йæ бон фезмæлын дæр нал ссис, кæд æххуыс агуырдта, уæддæр… Æз мæхæдæг ахæм уавæры уыдтæн, афтæ фæтарстæн æмæ цы рцыдис, уый кæронмæ æмбаргæ дæр нæма бакодтон.

Уыдтæн мæ цæгаты. Цардыстæм Цхинвалы ЦАРЗ-ы районы. Мæ сывæллоныл уæд цыдис 2 азмæ æввахс. Тынг æхсын куы райдыдтой, уæд мæ фыд йæхицæн бынат нал ардта, маст кодта, зæгъгæ, куыд уыдзы-нæн æд сывæллон горæты æмæ мын загъта, цæмæй ацыдаиккам Дзаумæ. Дзауы та цæры мæ мады хо. Уæд вокзалæй æрвыстой сывæллæтты, адæмы æмæ мах дæр уырдыгæй ацыдыстæм Дзаумæ. Дыууæ боны фæстæ сфæнд кодтон Цхинвалмæ рацæуын мæ документтæм, кæд мæ нæ уагътой, уæддæр. Уыцы рæстæджы Дзауæй горæтмæ æрцæуын афтæ æнцон нæ уыд. Бирæ фæлæууыдыстæм мæ файнуст, дзæнæттаг Коцты Валяимæ æмæ нæ кæддæр-кæддæр иу машинæ авæрдта. Зары фæндаг уыдис æвзæр, машинæ дзы бирæ рæтты хизгæ дæр нæ кодта, афтæмæй фæудхар кодтам æмæ æрхæццæ стæм горæтмæ. Горæты мах фæхицæн стæм. Æз хæдзармæ рацыдтæн, уый та куыстмæ атагъд кодта. Дыккаг бон фæстæмæ Дзаумæ цæуын æмæ мын мæ мад афтæ, æз, дам, дæ ахизын кæндзынæн. Мæ фыды нæ фæндыд, цæмæй мæ мад мемæ рацыдаид. Рацыдыстæм мæ мадимæ хæдзарæй æмæ ссыдыстæм, Исахъ æмæ Хъайтарты уынгтæ кæм иу кæнынц, уыцы ранмæ. Иу дæс сахатмæ фæлæууыдыстæм æмæ стæй иу стыр машинæ фæзындис кæцæйдæр. Йæ шофыр – Куымæридтатæй. Уый нæм дзуры, зæгъгæ, мæм ис бынат, фæлæ фæтагъд кæнут. Уалынмæ кæсын æмæ та Валя дæр уым, баиу та стæм. Мæ мады хæстæг сылгоймаг дæр немæ уыдис æмæ ма Дзауæй ноджы чидæр, фæлæ йæ нал хъуыды кæнын. Мах ма Валяимæ дзулфыцæн комбинатмæ балыгъдыстæм, зæгъгæ, дам фæндаг даргъ у æмæ немæ дзул ахæссæм. Дзултæ рахастам æмæ схызтыстæм машинæйы гуыффæмæ. Цасдæр куы рацыдыстæм, уæд æнæнхъæлæджы фæцыдис æхстытæ. Уый размæ нæ шофыр афæдзæхста, зæгъгæ, ныртæккæ фæхæрд кæндзыстæм, æвзæр схизæн у æмæ фидар хæцут. Машинæйы хъæр, хъæлæбайæ ницыуал хъуыст, фæлæ æвиппайды æхстытæ фæкъуырма кодтой уыцы хъæлæба. Афтæ фенхъæлдтам, нæхиуæттæ æхсынц. Уый та, куыд рабæрæг, афтæмæй шофыры фехстой æмæ машинæ æрлæууыдис. Адæм схъомпал сты, чидæртæ ныххъæр кодтой: «Фæдис, фесæфтыстæм!». Æз ницыуал бамбæрстон, афтæмæй ахицæн дæн. Адæ-мы бын фæдæн. Мæхимæ куы рцыдтæн, уæд банкъардтон рыстытæ, мæ бæрзæй уыд цæф. Сыстадтæн, мæ цæст ахастон æмæ дзы федтон иу лæппуйы, абон дæр æй нæ зонын, чи у. Нымдзаст æм дæн, кæсын æм: йæ къухтæ цæфтæ, сæ тугтæ кæлынц, афтæмæй хаудæй лæууыд. Æз дзы мæ цæст фырдиссагæн нал истон æмæ мæм уæд дзуры, зæгъгæ, мæм ма кæс, фæлæ сыст æмæ ахиз тагъд. Æз брезенты хуынкъæй акастæн æмæ федтон гуырдзиæгты. Чысылтæ æмбæрстон гуырдзиагау æмæ сын сæ ныхас афтæ бамбæрстон, зæгъгæ, дам, тагъддæр фæкæнут, æндæра ныртæккæ куы ссæуой, уæд мах дæр нал баззайдзыстæм удæгас. Уыдон лæууыдысты тымбылæй æмæ сыл уыдис хуымæтæг дарæс, формæ нæ, фæлæ. Машинæ хъуамæ гранатæй спырх кодтаиккой, фæлæ сын уыйонг не ‘рбахауд, дæлвæндаг атылд æмæ уым       сгуыпп кодта.

Машинæйы ма разынд ноджыдæр иу лæппу, уый цæф нæ уыд. Аххуыс мын кодта машинæйæ рахизынæн. Æз мæрдты сæрты хызтæн æмæ фыртасæй æппындæр ницы хатыдтæн. Фехъуыстон ма фæстейæ мæ мады хъæр. Уый ма мæ афарста, зæгъгæ, удæгас дæ, æмæ йæ уд систа. Фæлæ уыдæттæн æз ницыуал базыдтон.

Йæ къухтæ цæф кæмæн уыдысты, уыцы лæппу мыл фæхъæр кодта ногæй, зæгъгæ, ахиз тагъддæр. Лæппу мæ рахизын кодта машинæйæ. Хъуыды кæнын, цалдæрæй ма дзы удæгасæй кæй баззадыстæм. Федтон дзы иу бинонты, ус æмæ лæджы сæ дыууæ сывæллонимæ. Иу та дзы къуайсайаг уыдис. Мах иумæ уырдыгæй рараст стæм къахæй æмæ иу хæдзармæ хæстæг куы рбацыдыстæм, уæд нæ фæстейæ раййæфта машинæ. Уый та уыд, йæ къухтæ цæф кæмæн уыдысты, уыцы лæппу. Бадтис «Нива» машинæйыл æмæ мах афтæ фенхъæлдтам, фæстейæ нæ ногæй гуырдзиæгтæ расурынц æмæ дæлбыл амбæхстыстæм.

Абон дæр ма мæ хъустыл уайы, гуыффæйæ куы рахызтæн æмæ Зары хъæуы рдæм куы рацæйцыдыстæм, уæд нæм иу рог машинæйæ иу къаннæг лæппу фæстейæ хъæр кодта: «Ма мæ ныууадзут!..».

Мах дæлбылæй схизын кодтой, фæдис-мæ чи ‘рбацыдысты, уыцы адæм æххуысгæнджытæ æмæ нæ тугкалгæйæ æрхæццæ кодтой горæты рынчындонмæ. Цалынмæ мын мæ мады бавæрдтой, уæдмæ мын æй хъæр дæр нæ кодтой, мæхæдæг дæр уæззау уавæры кæй уыдтæн, уый тыххæй. Мæ цонг æмæ мæ астæуы нырма дæр ис гранаты схъистæ. Мæ цонг иу афæдзы бæрц уæлæмæ дæр нæ истон, афтæмæй фыдæбойнаг фæдæн, – йæ цæссыг сæрфгæ дзырдта Бесаты Аринæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.