УÆГЪДИБАР ХЪÆБЫСХÆСТ

Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы сконды архайгæйæ, Ирыстоны хъæбысхæсты скъолайы минæвæрттæ æртæ майданы рамбылдтой 23 азы онг кæуыл цæуы, уыцы спортсменты ‘хсæн Европæйы чемпионаты уæгъдибар хъæбысхæстæй. Ерыстæ уагъд цыдысты Македонийы. 74 кг уæзы категорийы сыгъзæрин майдан рамбулын бантыст Уалыты Черменæн. Уый финалы 4:0 хыгъдæй рамбылдта Сомихстоны минæвар Грайра Алиханяны.

Ирон богалтæй дыккаг сыгъзæрин майдан та бафтыд Соттиты Асланбегы къухты. Уый 97 кг уæзы категорийы финалы 10:0 хыгъдæй фæуæлахиз молдаваг Раду Лефтерыл.

Ерысты архайæг æртыккаг ирон спортсмен Теблойты Ацæмæз дæр æввахс уыд сыгъзæрин майдан рамбулынмæ. Иууыл уæззаудæр уæзы категорийы архайгæйæ, финалмæ цæугæйæ æнцонтæй рамбылдта йæ ныхмæлæуджыты. Чемпионаты сæйраг тохы йæ ныхмæлæууæг уыд туркаг Киличсалаян. Хъыгагæн, Ацæмæз ацы тохмæ раст тактикæ нæ равзæрста æмæ æнæнхъæлæджы фæхæрд. Афтæмæй бацахста дыккаг бынат.

 

ФУТБОЛ

Кæронмæ бахæццæ Национ футболон къорды чемпионат. Дзæуджыхъæуы «Алани», кæцы ацы дивизионмæ нырма фарон рахызт, æнæнхъæлæджы ссис чемпионаты лидертæй сæ иу æмæ йын бантыст цыппæрæм бынат бацахсын. Уыцы хабар ын фадат дæтта уæлдæрдæр дивизионмæ ахизыны тыххæй премьер-къорды 13-æм бынат бацахсæг командæимæ ахъазынæн. Фæлæ, хъыгагæн, премьер-къорды ахъазыны тыххæй «Алани»-йæн лицензи лæвæрд не’рцыд.  Уæрæсейы футболон цæдис уый куыд æмбарын кæны, афтæмæй, зæгъ, уагæвæрдмæ гæсгæ клубæн хъуамæ уа стадион, цыран хъуамæ цæуа 10 мин спортуарзæджы. «Алани»-йæн та йæ стадион ныртæккæ цæуы реконструкцигонд. Йæ стадион премьер-къорды домæнтæн дзуапп кæй нæ дæтты, уый тыххæй ма лицензи лæвæрд не ‘рцыд «Оренбург»-æн дæр, кæцы  Национ футболон къорды бацахста 2-аг бынат.

Уыцы хъуыддагимæ разы не сты куыд дыууæ клубы, афтæ сæ спортуарзджытæ дæр. Зæгъгæ, хæлд æрцыд спортивон принцип. Фæлæ Уæрæсейы футболон цæдис йæ хъуыды нал фæивта.

Сезон кæй фæцис æмæ командæ хорз бæрæггæнæн кæй равдыста, уый тыххæй футболисттимæ æмæ клубы хицау Гуыриаты Владимиримæ фембæлд РЦИ-Аланийы сæргълæууæджы хæстæ æххæстгæнæг Сергей Меняйло. Æмæ футболисттæн куыд баныфсæвæрдта, афтæмæй республикæйы къухдариуæгад æппæтдæр сараздзæн, цæмæй командæйæн уа кæм хъаза, ахæм стадион.

ХУРИТЫ Батрадз

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.