Президент Бибылты Анатоли йæхимæ райста Æнæниздзинад хъахъхъæныны æмæ социалон рæзты министры хæдивæг Наниты Сосланы.

Паддзахады сæргълæууæг бузныджы ныхæстæ загъта Наниты Сосланæн Республикæ Хуссар Ирыстоны æнæниздзинад хъахъхъæныны системæйы куысты тыххæй.

«Ды бæрнджынæй райстай республикæйы æнæниздзинад хъахъ-хъæныны фадыджы проблемæтæ. Æнæдызæрдыгæй аивгъуыйгæ азты министр Тотчиты Георги бирæ сарæзта. Фæлæ уæддæр  махæн ис, цæмæ тырнæм – хъæуы æнæниздзинад хъæхъхъæныны системæ хуыздæр кæнын», – загъта Бибылты Анатоли.

Президент банысан кодта, зæгъгæ, Наниты Сосланæй æвæры стыр ныфс æмæ загъта, йæ къух кæй æрфыста Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министры бынатмæ йæ снысан кæныны тыххæй Барамындыл.

«Уый дын фадат ратдзæн æнæниздзинад хъахъхъæныны фадыджы, иумæйагæй сисгæйæ, куыст уæрæхæй сахуыр æмæ план кæнынæн. Дæумæ ис куысты фæлтæрддзинад, каст фæдæ Казаны Суворовы номыл ахуыргæнæндон æмæ дæ запасы афицер, афтæ ма каст фæдæ Медицинон академи, куыстай Хъахъхъæнынады министрады системæйы, менеджменты фадыджы каст фæдæ Санкт-Петербургы паддзахадон университет, кæцы, кæй зæгъын æй хъæуы, фæахъаз уыдзæн дæ куысты», – банысан кодта уый.

Наниты Сослан бузныджы ныхæстæ загъта паддзахады сæргълæууæгæн йе ‘ууæнкдзинады тых-хæй æмæ загъта, цæттæ кæй у йæ разылæууæг хæстæм æрæвналынмæ.

Бибылты Анатоли загъта, цæмæй хъус æрдара цæрджытæн поликлиникæйон лæггæдтæм, хостæй ифтонг кæнын æмæ медицинон ифтонггæрзты куыстхъомæй дарынмæ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.