Рæстæг æнæрынцойæ цæуы размæ. Аз ивы азы æмæ махæй дардæй дарддæр кæнынц, ивгъуыд æнусы 90-æм азтæ, нæ царды цы тугкалæн, цы трагикон цаутæ æрцыдысты, уыдон. Нæхæдæг æвдисæн кæмæн уыдыстæм, нæхиуыл цы хъизæмæрттæ бавзæрстам, уыдон иу-уылдæр истори йæ чиныджы ныффыста, нæхицæн та нæ зæрдæйы баззадысты уæззау мысинагæй.

Уыцы бонтæй сæ иу – 1992 азы 20 май. Уыцы бон æгас дунейыл айхъуыст сау хабар. Зары хъæуы, Зары фæндаджы, Зары æфцæджы базыдтой милуан-гай адæймæгтæ. Базыдтой, ацы æфцæгыл, ацы фæндагыл кæй æрцыд стыр фыдракæнд, уæззау трагеди. Æниу, уæдмæ дæр зындгонд уыдис, æнæ-хъуаджы йæ, мыййаг, нæ рахуыдтой  “Царды фæн-даг”. Хуыр калд дæр кæуыл нæ уыд, кæронмæ арæзт дæр чи нæма уыд, уыцы фæндагыл тохгæнæг Цхинвалæй сывæллæттæ, зæрæдтæ, сылгоймæгтæ лыгъдысты чи машинæйыл, чи – къахæй. Ацы фæнда-гыл æххормаг Цхинвалмæ ластой фыццаг рады хъæуæг продукттæ, товартæ… Иудзырдæй, ацы фæндаг лæггад кодта йæ сæр, йæ кой кæмæн ссис, уыцы ирон цæрджытæн…

Уыцы бон дæр бирæ уыд Цхинвалæй цæуджытæ, хæстæй лидзджытæ, фæлæ сæ алкæмæн дæр нæ уыд йæхи транспорт æмæ æнхъæлмæ кастысты, чи сæ акæндзæн йæ машинæйы, уыцы шофырмæ. Æмæ мæнæ æрбалæууыд уыцы машинæ, сау мæлæты дзыхмæ сæ чи сласта…

Хæстæй лыгъдысты, фæлæ сæ размæ та бадт  æмæ сæм æнæрхъæцæй æнхъæлмæ каст сау мæ-лæт. Ам, Зары æфцæг уыцы бон йæхи ныннадта 33 бæлццоны тугæй. Уыдонæй дыууæ иу боны гуырд нæ уыд. Уыдон уыдысты сабитæ, зæрæдтæ, сылгой-мæгтæ, фæлæ сæ адзал иу бонмæ  æрхастой. Уай-тагъд сæм фæдис фæцыдысты нæ фæсивæд, фæ-лæ байрæджы… Знаг йæхион бакодта æмæ йæ сæр бафснайдта. Фæдисонтæ мæрдты æрластой горæтмæ, рынчындоны размæ. Машинæйы гуыф-фæйæ лæсæнтæ кодта туг… Адæмы тыхст хъæр, сæ хъарæг хъуыстис уæларвмæ. Мæрдты ‘хсæн алчи агуырдта йæхионы. Фæлæ сæ тугæйдзаг цæс-гæмттæй ницыуал зындис æмæ ма-иу сæ мæрдты тыхамæлттæй базыдтой, афтæмæй ластой сæ зынг-хуыст бæлццæтты сæ хæдзæрттæм.

Мæрдты бавæрыны бон. Театралон фæзуат. Трагедийы амæттæгтæй бирæты æрбахастой ар-дæм. Ардыгæй сæ хъуамæ ахæссой се ‘нусон бынат-мæ. Равæрдтой сæ кæрæдзийы фарсмæ. Ныр дæр ма цæстытыл ауайынц утæппæт табæттæ. Ирыстон уыцы бон скодта сау кæрдæн. Зæхх лæбырдис адæмы къæхты бын. Мæнæ сабырæй хуыссы Къæбысты чысыл Батрадз. Йæ рæсугъд тымбыл цæсгомыл хъазыдысты хуры тынтæ, йæ рæсугъд сау сæрыхъуынтæ йын дымгæ æнкъуыста. Батрадз кæд нырма хæрз чысыл уыд, уæддæр нæ фæтарст, гуырдзиаг лæгхорты куы ауыдта, уæд йæ дзыхыдзаг ныхъхъæр кодта: фæстæмæ – лидзгæ, ам сты гуырдзиæгтæ. Уыдонмæ, æвæццæгæн, диссаг фæкаст, 11-аздзыд Батрадзы ныфсхастдзинад æмæ йыл уайтагъд автомат суагътой. Йæ фарсмæ Къæбысты Виктор Батрадзы фыдыфсымæр. Мæнæ котантойаг цардбæллон лæппу Биазырты Альберт, йæ фарсмæ æмырæй хуыссы йæ фыдыфсымæры чызг Людæ. Æвзонг æмкъæйттæ Тедеты Маирбег æмæ Кокойты Светланæ. Ног бацæргæ уыдысты, кæрæдзийы уындæй дæр нæма бафсæстысты, афтæмæй сын фескъуыдтой се ‘взонг удтæ…

Уæд Гуырдзыстон сæ фашистты фыццаг хатт схуыдтой фашисттæ. Æнамонд, тæригъæддаг адæм: уыйас æдых чи уыд, уыйас тæппуд чи уыд, йæ къух сабитæм, зæрæдтæм, сылгоймæгтæм чи систа!

Уыцы бон, зиæнтты ныгæнæн бон, сæ фæндарастгæнгæйæ, арв  мигътæй æрбахгæдта, сæ фæс-тæ хур йæхи амбæхста, нал бафæрæзта кæсын ацы диссагмæ, фæлæ уæддæр кæуын не сфæрæзта. Изæрырдæм  уæддæр ахъаззаг ныккуыдта…

Уыцы бон, 24 май ацыдис. Уыцы бонимæ се `цæг дунемæ ацыдысты 33 адæймаджы. Уыцы бон уыдоны бацис, фæлæ йæ мах, уæлион адæм, никуы ферох кæндзыстæм, нæ зæрдыл æй дардзыстæм, цалынмæ нæ зæххыл фæстаг цæрæг уа уæдмæ.

          ДЫГЪУЫЗТЫ Зæринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.