Дзауы районы 24-æм апрелæй æрæвнæлдтой цæрджытæй æмæ фермерон хæдзарадтæй ставдкъах фос чи дары, уыдонæн фосы хæцгæ низ ящуры ныхмæ вакцинæтæ аразынмæ.

Ацы низ æрæджы фæзынд Знауыры районы хъæуты. Ветеринарон службæтæ куыддæр низ бахынцыдтой, афтæ рынчын стуртæн сарæзтой судзинтæ. Бафæдзæхстой хъæуы цæрджыты, цæмæй афоныл хъусын кæной сæ фосы уавæры тыххæй бынæттон ветеринарон дохтыртæм æмæ уыдон та раст терапи саразой, гæнæнуæвгæйæ ирвæзын кæной стурты. Низæн йæ нысæнттæ сты: бæрзонд тæвд, цæстытæй æмæ фындзы хуынчъытæй фæкæлы цъæйдон. Ставдкъах фосæн æртæ боны дæргъы фæдæттынц сæрмагонд хос æмæ цадæггай æрхауы йæ тæвд. 2-3 къуырийы æмгъуыдмæ та бынтондæр æрбайсæфы хæцгæ низ. Фæлæ фосдарæг лæмбынæг ахаст куынæ дара, уæд стур амæлы цалдæр бонмæ.

Республикæйы сæйраг ветеринар Тедеты Ацæмæз куыд амоны, афтæ ящурæй рынчын фосæн сæ фыд æмæ урсаг хæрынæн нæ бæззынц. Рынчын фосы æхсыр вæййы бæзджын æмæ сырхбын. Ящурæй рынчын фос хъуамæ хицæн æрцæуой æнæниз фосæй. Низ парахатгæнджытæ ма сты бындзытæ дæр.

«Ныртæккæ низ фæзынд Знауыры районы, фæлæ тæссаг у иннæ районты дæр куы апарахат уа, уымæй. Уымæ гæсгæ вакцинæ нырма кæд Дзауы районы арæзт цæуы, уæддæр бацархайдзыстæм æнæхъæн республикæйы фосыл аххæссыныл.

Вакцинæ æлхæд æрцыд Уæрæсейы Федерацийы æмæ арæзт цæуы æнæаргъæй. Бынæттон ветеринартæ цæрджыты ‘хcæн уадзынц прафилактикон амындтытæ. Ацы низ фосæй æдæймагмæ нæ хизы, фæлæ уæддæр къæрцхъус хъуамæ уой фермерон хæдзарадтæ кæмæн ис, уыдон. Нырма бæрæг нæу, нæ территоримæ низ кæцæй æрбафтыд. Ивгъуыд азы фæзынд сыхаг Гуырдзыстоны райнты, афтæ ма Цæгат Ирыстон-Аланийы æмæ Кæсæг-Балхъары республикæты», – загътой нын хъæууон хæдзарады министрады.

Мах цымыдис кодтам, цæмæй ставдкъых фосыл хæцгæ  низтæ ма хæцой, уый тыххæй ветринарон кусджытæ цæрджыты ‘хсæн исты прафилактикон куыстытæ ауадзынц æви нæ, зæгъгæ.

«Иугæр низ фæзындис, уæд цæмæй дарддæр ма апарахат уа, уый тыххæй бацархайæм хъæуты цæрджыты бафæдзæхсæм,  цæмæй хизынмæ мауал уадзой се стурты. Афтæ ма районты ветеринартæ базонгæ кæнынц адæмы низы æууæлтимæ. Бамбарын сын кæнынц, низ куы фæзына, уæд цы аразын хъæуы. Хицауад та бацархайы, низ кæм фæзынд, уыцы районмæ лæмбынæг уа цæстард. Закъонмæ гæсгæ низ кæм фæзыны, уыцы территорийыл хъæуы барьертæ сæвæрын», – зæгъы сæйраг ветеринарон дохтыр.

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй уалдзæджы æрбалæудимæ стуртæм æмхиц вæййы алыгъуызон хæцгæ низтæ. Æмæ цæмæй фос хыст уой уыцы низтæй, уый тыххæй сын аразын хъæуы цалдæр хуызы вакцинæтæ. Ахæм судзинтæ арæзт хъуамæ æрцæуа хæлмагниз, эмкар, фадниз æмæ цармы низы ныхмæ дæр. Вакцинæ хъуамæ арæзт цæуа лыстæгкъах фосæн æмæ хуытæн, суанг хæдзарон мæргътæн дæр. Сыбыраг хæлмагниз æмæ эмкар тынг æнцонæй хæцынц фосыл, уымæн æмæ сæ цырынгæнджытæ баззайынц зæххы мидæг. Хус рæстæг куы ахæссы, уæд стуртæ æнцондæрæй сыскъуынынц кæрдæг æмæ йæ æд уидæгтæ ахæрынц, афтæмæй бахæрынц низсайæг микробтæ дæр. Æмæ фæрынчын вæййынц алыгъуызон хæцгæ низтæй. Сыбыраг хæлмагниз дæр тынг тæссаг у фосæн. Низ, сæйраджыдæр, фæзыны ахсæны, кæнæ цармыл. Цармыл та фæзыны дзынгатæ куы фæхæцынц  стурыл, уæд. Уыцы рæстæджы царм скъуыбæрттæ, схæлмаг вæййы æмæ куы фегом вæййы хъæдгом, уæд буар дзыхъхъæй баззайы.

Ацы низæй раджы тынг тарстысты адæм дæр. Фæлæ адæймагмæ æмхиц нæу. Фосæн низ тæссаг уымæй у æмæ йын рæстæгыл куынæ схос кæнай, уæд туг фæхъæстæ вæййы. Фæлæ фосæн вакцинæ афоныл куы саразой, уæд-иу афæдзмæ нал фæрынчын вæййы.

P.S. Цыртдзаст уæвын хъæуы фосдарджыты. Вакцинаци та у æнæмæнг хъуыддаг. Уæ зæрдыл хъуамæ дарат, фос дæр адæмау рынчын кæнынц, æмæ хызт не сты эпидемитæй.

УАЗÆГТЫ Марфа

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.