Æнæаххос ирæтты тугкалд æмæ геноциды хъæдгæмттæ никуы ферох уыдзысты нæ адæмæй. Нæ тугмондаг сыхæгтæй «бузныг» никуы фехъуыстам, кæд сæ кæддæр нæ фыдæлтæ алыгъуызон хæстыты скуынæгæй хызтой, уæддæр. Иу геноцидæй иннæ геноциды ‘хсæн нын никуы радтой нæ риссаг хъæдгæмттæ байгас кæныны фадат. Иу тугкалд сæм æгъгъæд нæ фæкаст, афтæмæй-иу ныл рауагътой ног туджы зæй. Ссæдзæм азы геноцид нæ адæмæй никæмæй у рох, абон дæр ма-иу сæ æрæмысынц хистæр кары адæм. Уый сын батад Советон Хицауады руаджы. Фæлæ уæддæр сæ кæнон кодтой. Тугдзых сырдтау нын алыварсонæй дæр хæцыдысты нæ хурхытыл, ирон лæджы зæрдæ цæмæй фæрыстаид, уыцы фыдракæндтæ арæзтой. Арæзтой нын культурон геноцид. истой нын не взаг, дæлдзиныг кодтой аивады æмæ афтæмæй хынджылæг кодтой ирон национ хæзнатæй. Гуырдзиаг разамынад абон дæр бирæ историон факттæ æмбæхсы сæхи пайдайæн æмæ афтæмæй сæ фæсивæды, æмткæй сæ адæмы хъомыл кæны æнæраст æмæ мæнг позицитыл бындуриуæггæнгæйæ. Ирон адæм гуырдзиæгтимæ кæддæриддæр хæларæй цардысты. Уыдон та ныл хинæй цыдысты æмæ æнхъæлмæ кастысты, нæ фæсонты та нын кард кæд ныссадздзысты. Фæзынд сын ахæм фадат, раст сæ уæды онг сæ æргом хæстæй чи урæдта, нæ уыцы иумæйаг бæстæ. Уæдæй райдыдта бирæазон геноцид… Фæндыд сæ Хуссар Ирыстоны æртхутæг фестын кæнын, фæлæ сын нæ рауад. Раст у, кæй фесæфтам æнæмсæр хæсты нæ хъæбулты, адæм та зындзинæдтæн фæразон кæй уыдысты, фæлæ абон Хуссар Ирыстон у хæдбар паддзахад ирон æхсар æмæ лæджыхъæды фæрцы, сæйраджыдæр та – æфсымæрон Уæрæсейы Федерацийы фæрцы.

Уыцы азты цы фыдмитæ бавзæрстам, уыдон нын иууылдæр риссаг сты, фæлæ дзы уæддæр Зары, афтæхуыйнæг «царды фæндаг»-ыл цы трагеди æрцыд, уый абон дæр у тынг диссаг. Уымæн æмæ иу боны мидæг уал адæймаджы фесафын мах хуызæн чысылнымæц адæмæн стыр трагеди у. Гуырдзиаг фашисттæ, худинаг цы у, уый æмбаргæ дæр нæ кæнынц, æндæра уыдон цы сарæзтой, уый лæгæн у стыр худинаггаг. Ирон лæг йæ сæрмæ уый никуы бахæсдзæнис æмæ къутæрты бынæй, сусæгæй сылгоймæгтæ æмæ сывæллон бæлццæттæм æхсæнгарз сиса æмæ сæ ныццæгъда.

***

Коцты Валяйы бинонтæ 20-æм майы тра-гедион боныл кæддæриддæр цæссыгкалгæйæ сæмбæлынц. Уыцы æнамонд уалдзыгон бон Дзауы районы Хъорсеуы хъæуы цæрæг Тедеты Домбайы хæдзарыл дæр акодта сау бон. Уыцы бон сау халæтты хъæр райхъуыст сæ хæдзары сæрмæ… Кæд Домбайæн йæ фæсонæрхæджы дæр никуы уыдис æмæ йæ уæздан æмæ куыстуарзаг цардæмбал Коцты Валя знаджы нæмыгæй æрбайсæфдзæн, уæддæр уыцы бонты йæ зæрдæ йæ бынаты нæ уыд, йæхи къултыл хоста æмæ цавæрдæр саудалынг хаста уæнгтæм… Тедеты Домбай бæргæ урæдта йæ цардæмбалы, фæлæ сылгоймаг уыцы бон кусгæ кодта, бæрндзинад æнкъардта Ирыстоны адæмы раз, уымæ гæсгæ йæ нæ фæндыд фехалын Гиппократы ардбахæрд æмæ йæ коллективы зæрдæхудты бацæуын. Æмæ афтæмæй атагъд кодта йæ куыстмæ Цхинвалмæ…

– 19-æм майы Валя йæ куыстмæ куы сфæнд кодта, уæд æй æз нæ уагътон. Кусгæ та кодта уыцы рæстæджы Цхинвалы тагъд æххуысы станцы. Мах уæд-мæ хъомыл кодтам дыууæ чызджы, кæцытæ уыдысты хæрзчысылтæ. Хуссар Ирыстоны уæд уыдис тынг æндыгъд уавæр.

Нырма йæ хæдзарæй нæ уагътон куыстмæ, стæй куы нал лæууыд, уæд Хъорсеуæй рараст стæм Дзауы районмæ. Хорз ма йæ хъуыды кæнын, уæд уыцы бон уарыд къæвда, афтæмæй хуылыдзæй æрхæццæ стæм райцентрмæ. Æз мæхæдæг та Цæгат Ирыстонмæ цыдтæн мæ хъуыддæгты фæдыл. Бирæ фæлæууыдыстæм районы, фæлæ горæтмæ цæуæг машинæтæ нæ уыд. Уæд ын æз ногæй зæгъын, зæгъгæ, горæтмæ цæугæ дæр ницы кæны, цъиузмæлæг дæр нæй æмæ рлæуу. Æнæуыйдæр ныххуылыдз дæ æмæ фæрынчын уыдзынæ. Æмæ та мын уæд ногæй, уайдзæфтæгæнæгау афтæ зæгъы: «Махæн, тагъд æххуысæн йæ куыст уый у, цæмæй ахæм хæстон рæстæджы уæм нæ куысты уæлхъус æмæ адæмæн æххуыс кæнæм. Мæнæн ныр мæ рад æрцыд æмæ хъуамæ æнæмæнгæй ацæуон мæ куыстмæ». Мæ бон куы базыдтон, фæстæмæ йæ кæй нал аздахдзынæн, уæд цæхгæр ницыуал загътон. Банхъæлмæ кастыстæм, цалынмæ кæцæйдæр мæ фыдбылызæн иу машинæ нæ фæзынд æмæ йыл Валя сбадт, уæдмæ. Йемæ ма горæтмæ сбадтис ме ‘фсымæры цардæмбал Бесаты Аринæ дæр. Мæнæн мæ зæрдæ тынг æхсайдта, зæгъгæ, куыд ныххæццæ уыдзæн уыцы дард æмæ æвзæр фæндагыл. Фæлæ уæдмæ æз дæр мæ фæндаджы кой бакодтон æмæ ацыдтæн Дзæуджыхъæумæ. Коцонæн йе ‘фсымæримæ Алагирмæ куы рхæццæ стæм дыккаг бон, 20 майы, уæд уым иу таксисты (Чилæхсатæй уыдис) баурæдтон æмæ йæ афарстон уавæрæй, зæгъгæ, цы хабæрттæ ис Цхинвалы. Уый мын æвиппайды афтæ, зæгъгæ, цæй хабар, Зары, дам, ныццагътой адæмы! Уайтагъд нæ фæндагыл рацыдыстæм æмæ Дзаумæ куы рхæццæ стæм, уæд кæсæм: адæм ратæх-батæх кæнынц, стыхстысты æмæ сæ цæссыгтæ калынц. Хъуыддаг ахъæр ис æмæ фæдисы тымбыл кодтой адæм райцентры. Горæтæй æрбадæдтой, чи фæмард, уыдоны хыгъд æмæ йæ зыдтой, Дзауæй дзы чи ис, уый.

Æз нæхиуæтты ауыдтон æмæ сæ фæрсын, Валя кæм ис, зæгъгæ, уымæй. Æмæ мын уæд афтæ зæгъынц: «Тæрсгæ ма кæн, фæцæф ис, фæлæ йын ницы уыдзæнис. Рынчындонмæ йæ аластой æмæ йын истытæ кæндзысты дохтыртæ». Æз уыдæттæ хъусгæйæ, сфæнд кодтон горæтмæ, фæлæ машинæ дæр нал ардтон мæ фыртыхстæй æмæ атагъд кодтон Хъорсеумæ мæ-хицæн ныфсытæ вæргæйæ. Фæлæ цалдæр сахатмæ мæ ныфсытæ фескъуыдысты… Зианы моргæй раластой Валяйæн йæ хиуæттæ, æмæ йæ æр-баластой Дзаумæ. Махæн уый уыдис тынг стыр трагеди, нæ рисыл нын фæрыстысты æгас район дæр æмæ йæ афтæмæй бавæрдтам», – хъыгзæрдæйæ дзырдта Тедеты Домбай.

Уый ма нын куыд радзырдта, афтæмæй йæ цардæмбалы мæрдон буар уыд бирæ цæфтæ. Йæ иу цæст дæр йæ бынаты нал уыд…

Абон Тедеты Домбай йæ ныййарджыты æххуысæй схъомыл кодта, мады рæвдыд чи нæ базыдта, уыцы дыууæ хорз чызджы – Вандæ æмæ Лейлайы. Сæ дыууæ дæр райстой уæлдæр ахуырад æмæ ныр сæхæдæг дæр сты ныййарджытæ. Уыдон, кæд сæ мады бынтон хорз нæ хъуыды кæнынц, уæлдайдæр та Лейла, уæддæр хорз зонынц, сæ ныййарæг мады марджытæ гуырдзиаг фашисттæ кæй уыдысты. Дыууæ чызджы абон дæр фарст дæттынц, зæгъгæ, цæй тыххæй амардтой уыдонæн сæ мады.

***

Зары трагедийы удæгасæй чи аирвæзтысты, уыдонæй иу, Бесаты Аринæ та нын æрымысыд æмæ радзырдта, уыцы бон цы æгъдауæй рацыд ацы æлгъыст фæндагыл æмæ цы тас бавзæрста, æппæт уыдæттæ.Тугамæхст мард буæртты ‘хсæн уымæн уыдис йæ амонд æмæ абон дæр у сæрæгас, кæд знаджы нæмгуыты схъистæ нырма дæр йæ буары сты, уæддæр.

– Уыцы сау бон æз дæр бахъуыды кодтон цæрæнбонтæм. Раст цыма знон уыдис, афтæ уайынц мæ цæстыты раз адæмы тыхстдзинад, стæй туджы лæсæнтæ æмæ мæ ныййарæг мады сонтфарст, зæгъгæ, æз удæгасæй баззадтæн. Знаджы нæмгуытæ йæ афтæ фæриссын кодтой, æмæ йæ бон фезмæлын дæр нал ссис, кæд æххуыс агуырдта, уæддæр… Æз мæхæдæг ахæм уавæры уыдтæн, афтæ фæтарстæн æмæ цы рцыдис, уый кæронмæ уæд æмбаргæ дæр нæ бакодтон.

Хуссар Ирыстоны змæстыты рæстæджы уыдтæн мæ цæгаты. Цардыстæм Цхинвалы ЦАРЗ-ы районы. Мæ сывæллоныл уæд цыдис 2 азмæ æввахс. Тынг æхсын куы райдыдтой, уæд мæ фыд йæхицæн бынат нал ардта, маст кодта, зæгъгæ, куыд уыдзынæн æд сывæллон горæты æмæ мын загъта, цæмæй ацыдаиккам Дзаумæ. Дзауы та цæры мæ мады хо. Уæд вокзалæй æрвыстой сывæллæтты, адæмы æмæ мах дæр уырдыгæй ацыдыстæм Дзаумæ. Дыууæ боны фестæм   уым æмæ мæ документтæ куы рцагуырдтон, уæд рабæрæг ис, Цхинвалы мын кæй баззадысты. Уæд ногæй сфæнд кодтон рацæуын Цхинвалмæ мæ документтæм, кæд мæ нæ уагътой, уæддæр. Уыцы рæстæджы Дзауæй горæтмæ æрцæуын афтæ æнцон нæ уыд. Бирæ фæлæууыдыстæм мæ файнуст, дзæнæттаг Коцты Валяимæ æмæ нæ кæддæр-кæддæр иу машинæ авæрдта. Зары фæндаг уыдис æвзæр, машинæ дзы бирæ рæтты хизгæ дæр нæ кодта, афтæмæй фæудхар кодтам æмæ æрхæццæ стæм горæтмæ. Æз хæдзармæ рацыдтæн, Валя та куыстмæ атагъд кодта. Дыккаг бон фæстæмæ Дзаумæ цæуын æмæ мын мæ мад афтæ, æз, дам, дæ ахизын кæндзынæн. Мæ фыды та нæ фæндыд, цæмæй мæ мад мемæ рацыдаид. Рацыдыстæм мæ мадимæ хæдзарæй æмæ ссыдыстæм, Исахъ æмæ Хъайтарты уынгтæ кæм иу кæнынц, уыцы ранмæ. Иу дæс сахатмæ фæлæууыдыстæм æмæ стæй иу стыр машинæ фæзындис кæцæйдæр. Йæ шофыр – Куымæридтатæй. Уый нæм дзуры, зæгъгæ, мæм ис бынат, фæлæ фæтагъд кæнут. Уалынмæ кæсын æмæ та Валя дæр уым, баиу та стæм, хынджылæг дæр ма кодтам, зæгъгæ, та иумæ бахаудтам. Мæ мады хæстæг сылгоймаг дæр немæ уыдис æмæ ма Дзауæй ноджы чидæр, фæлæ йæ нал хъуыды кæнын. Мах ма Валяимæ дзулфыцæн комбинатмæ балыгъдыстæм, зæгъгæ, дам фæндаг даргъ у æмæ тæвд дзул немæ ахæссæм. Дзултæ рахастам æмæ схызтыстæм машинæйы гуыф-фæмæ. Цасдæр куы рацыдыстæм, уæд æнæнхъæлæджы фæцыдис æхстытæ. Уый размæ нæ шофыр афæдзæхста, зæгъгæ, ныртæккæ фæхæрд кæндзыстæм, æвзæр схизæн у æмæ фидар хæцут. Машинæйы хъæр, хъæлæбайæ ницыуал хъуыст, фæлæ æвиппайды æхстытæ фæкъуырма кодтой уыцы хъæлæба. Сылгоймæгтæ мæтгæнгæйæ афтæ бакодтой, зæгъгæ, ма нæ гъеныр æхстытæ хъæуы. Афтæ фенхъæлдтам, нæхиуæттæ æхсынц. Уый та куыд ра-бæрæг, афтæмæй шофыры фехстой æмæ машинæ æрлæууыдис йæ цыдæй. Уæдмæ мæ мад, Джиоты Зенфирæ дзуры, зæгъгæ, мæ бынатмæ рахиз æмæ мæ бынаты æрлæуу. Машинæ æмбæрзт уыд брезентæй æмæ дзы ранæй-рæтты уыдис чысыл тымбыл рудзынггæндтæ. Мæнæн мæ иу фарс мæ мад лæууыд, иннæ фарс та – Валя, афтæмæй нæхицæн ныхасгæнгæйæ нæ фæндаг кодтам. Уалынмæ фæцыдис дæргъвæтин æмæ иугæндзон æхстытæ. Адæм схъомпал сты æмæ дзы чидæртæ ныхъхъæр кодтой: «Фæдис, фесæф-тыстæм!». Æз ницыуал бамбæрстон, афтæмæй ахицæн дæн. Адæмы бын фæдæн. Мæхимæ куы рцыдтæн, уæд банкъардтон рыстытæ, мæ бæрзæй уыд цæф. Сыстадтæн, æмæ куыд къуырма адæймаг, афтæ мæ цæст ахастон æмæ дзы федтон иу лæппуйы, абон дæр æй нæ зонын, чи у. Нымдзаст æм дæн, кæсын æм: йæ къухтæ цæфтæ, сæ тугтæ кæлынц, афтæмæй хаудæй лæууыд. Æз дзы мæ цæст фырдиссагæн нал истон æмæ мæм уæд дзуры, зæгъгæ, мæм ма кæс, фæлæ сыст æмæ ахиз тагъд. Æз брезенты хуынкъæй акастæн æмæ фед-тон гуырдзиæгты. Чысылтæ æмбæрстон гуырдзиагау æмæ сын сæ ныхас афтæ бамбæрстон, зæгъгæ, тагъддæр фæкæнут, æндæра ныртæккæ куы ссæуой, уæд мах дæр нал баззайдзыстæм удæгас. Уыдон лæууыдысты тымбылæй æмæ сыл уыдис хуымæтæг дарæс. Ма-шинæ хъуамæ гранатæй спырх кодтаиккой æмæ сын уыйонг не рбатылд, дæлвæндаг ахаудта æмæ уым ныггуыпп кодта.

Абон дæр ма мæ хъустыл уайы, гуыффæйæ куы рахызтæн æмæ Зары хъæуы рдæм куы рацæйцыдыстæм, уæд нæм рог машинæйæ, æнхъæл дæн, «Виллис» уыд, иу къаннæг лæппу фæстейæ хъæр кодта: «Ма мæ ныууадзут..!».

Мах дæлбылæй скодтой, фæдисы чи рбацыдысты, уыцы æххуысгæнджытæ æмæ нæ тугкалгæйæ æрхæццæ кодтой горæты рынчындонмæ. Цалынмæ мын мæ мады бавæрдтой, уæдмæ мын æй  хъæр дæр нæ кодтой, мæхæдæг дæр уæззау кæй уыдтæн, уый тыххæй. Мæ цонджы æмæ мæ астæуы ис нырма дæр гранаты схъистæ. Мæ цонг иу афæдзы бæрц исгæ дæр нæ кодтон, – йæ цæссыг сæрфгæ дзырдта Бесаты Аринæ.

ЦХУЫРБАТЫ Ларисæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.