Хъуыстгонд ахуыргонд-ӕвзагиртасӕг, филологон зонӕдты кандидат,

 доцент Дзиццойты Юрийы райгуырдыл сӕххӕст 60 азы

 

Хуыцауӕй нӕ уыцы амонд уыдис кӕддӕриддӕр ӕмӕ Ирыстоны зӕхх никуы фӕцис цух номдзыд, дзырддзӕугӕ, фарны лӕгтӕй. Се ‘рттивгӕ курдиатӕй, сӕ сфӕлдыстадон хъомысӕй, се стыр зонындзинӕдтӕй ӕнувыдӕй лӕггад кодтой Ирыстонӕн, йӕ кад, йӕ ном ын уырдыгмӕ никуы ӕруагътой.

Махӕн нӕ дзырды сӕр у иу ахӕм адӕймаг, не ‘хсӕн цӕрӕг, Уанеты Захары номыл Зонад-иртасӕн Институты ирон ӕвзаджы хайады къухдариуӕггӕнӕг, нӕ хорз ахуыргӕнӕг ӕмӕ амонӕг, стыр курдиаты хицау, ӕппӕтварсон ахуыргонд, хӕддзӕугӕ «энциклопеди» Дзиццойты Альберты фырт Юри. Йӕ тых, йӕ хъару, йӕ курдиат цӕхӕртӕ скалдтой филологийы цымыдисон дунейы, ӕмӕ йын ӕнтысгӕ дӕр бакодта, кӕд нырма ӕрыгон уыд, уӕддӕр. Ам йӕ бирӕ зонадон иртасӕн куыстытыл нӕ дзурдзыстӕм (монографитӕй райдай ӕмӕ зонадон уацтыл фӕу), уымӕн бахъӕуид хицӕн егъау уац, мах фӕнды уымӕн хъарм, зӕрдӕбын арфӕтӕ ракӕнын. Уӕвгӕ, нӕ географион нӕмтты мидис ӕмӕ сӕ равзӕрды истори кӕй цымыдис кӕны, уыдонӕй ахӕм стӕм разындзӕнис Юрийы чиныг «Хуссар Ирыстоны топоними» кӕй кусӕн стъолыл нӕй.

Нӕ цытджын юбиляр, Дзиццойы-фырт, райгондӕй ӕмбӕлӕм дӕ райгуырӕн боныл! Нӕ мадӕлон ирон ӕвзаджы иртасыны зонадон-академион ӕмвӕзад бынмӕ ӕрхауын нӕ бауагътай, дӕ уӕхсчытыл ӕй сӕвӕрдтай ӕмӕ йӕ хӕссыс иттӕг ӕнтыстджын ӕмӕ ӕнувыдӕй. Махӕн дын нӕ зӕрдӕ зӕгъы ӕмӕ нӕ цӕст уарзы, цӕмӕй кӕддӕриддӕр уай куыстхъом, зӕрдӕрухс ӕмӕ ӕнӕниз! Дӕ зӕрдӕйы цы хорз фӕндтӕ ис ирон ӕвзаджы хæрзæбонæн, уыдон дын Хуыцау дӕ къухы бафтауӕд рӕхджы! Бирӕ нын цӕр!

Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны Зонад-иртасӕн

 Институты ирон ӕвзаджы хайады кусджытӕ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.