Рагӕй дзыназынц туркаг ирӕттӕ сӕ райгуырӕн Ирыстонмӕ. Нӕ фыццаг поэт Мамсыраты Темырболаты дудгӕ-уыраугӕ ныхӕстӕ – «Уӕ нӕ хӕхтӕ, нӕ бӕстӕ, куыд ма цӕрӕм уӕ фӕстӕ?» – туркаг ирӕтты абоны фӕлтӕрӕн дӕр риссаг ӕвнӕлдӕй ӕвналынц сӕ удтӕм. Уымӕ гӕсгӕ сын сӕ историон фыдыбӕстӕимӕ хӕрз чысыл  бастдзинады тӕгтӕ дӕр зынаргъ сты, дӕдтынц сын ӕгӕрон ныфс ӕмӕ ӕхцондзинад.

Турчы цӕрӕг ирӕтты ӕхсӕнадмӕ, ӕрбалӕугӕ ног азы фӕдыл Республикӕ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли цы ногазон арфӕйы фыстӕг арвыста, уым сӕрмагондӕй загъта дзӕнӕтыбадинаг Хъаныхъуаты Ремзийы тыххӕй: «Абон мах мысӕм Турчы Республикӕйы Республикӕ Хуссар Ирыстоны Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрады минӕвар Хъаныхъуаты Ремзийы. Уымӕн туркаг ирӕттимӕ Республикӕ Хуссар Ирыстон ӕмӕ Республикӕ Цӕгат Ирыстон-Аланийы цӕрӕг ирӕтты ахастытӕ рӕзын кӕныны йӕ хайбавӕрдӕн зын саргъгӕнӕн у. Хъаныхъуаты Ремзийы ном хорз зындгонд уыдис ӕппӕт дунейы цӕрӕг ирӕтты ‘хсӕн. Куырыхондзинад ӕмӕ рӕстаг хъуыдыкӕнынады фӕрцы Ремзийӕн стыр кад ӕмӕ бӕрзонд авторитет уыдис ӕрмӕст Турчы нӕ, цыран бирӕ азты дӕргъы сӕрдариуӕг кодта ирон диаспорӕйӕн, фӕлӕ Ирыстоны цӕгат ӕмӕ хуссар хайы дӕр. Ремзи уыд сыгъдӕгзӕрдӕ, ӕргом адӕймаг, Ирыстоныл ӕнувыд, зӕрдиагӕй йӕ фӕндыд Ирыстонӕн сабырад ӕмӕ дидинӕфтыд, ахъаз ын кодта йӕ ӕхсӕндунеон авторитет бӕрзонддӕр кӕнынӕн. Иу хатт ма мӕсӕллӕй кӕнын йӕ бинонтӕ ӕмӕ ӕввахс хиуӕттӕн. Афтӕ хъуыды кӕнын, йӕ ном хъуамӕ сӕнусон уа Хуссар Ирыстоны ӕмӕ хӕслӕвӕрд радтон, цӕмӕй Цхинвалы центры ног скверӕн йӕ ном лӕвӕрд ӕрцӕуа».

Ӕмӕ ӕрцыд уыцы хъуыддаг. Æрӕджы йӕ байгом кодтой официалон ӕгъдауӕй, нӕ туркаг  ирон хӕлӕрттӕ-ӕфсымӕрты хайадистӕй. Уымӕй цалдӕр боны фӕстӕ нӕ республикӕйы Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад Туркӕй райста арфӕйы фыстӕг (газеткӕсджыты рӕгъмӕ йӕ хӕссӕм, ӕнӕфӕивгӕйӕ):

«Ремзийы бинонтӕ бузныг зӕгъынц:

Зӕрдиаг арфӕ кӕнӕм нӕ Хуссайраг ӕфсымӕртӕн, Цхинвалы бӕрӕгдӕр бынат, скверӕн, нӕ фыд Хъаныхъуаты Ремзийы ном сӕнусон кӕнынӕн чидӕриддӕр балӕггад кодта, уыдонӕн. Фыццаджыдӕр Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли ӕмӕ Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты Министр Медойты Димитрийӕн, ноджы ма сахар Цхинвалы Администрацийы сӕрлӕууӕгӕн Коцты Аланӕн. Нӕ зӕрдӕ уын зӕгъы ӕнӕниздзинад ӕмӕ стыр ӕнтыстдзинӕдтӕ. Бирӕ азты кад ӕмӕ амондджынӕй куыд фӕцӕрат, ахӕм арфӕ уӕ уӕд! Сӕрыстыр стӕм ӕмӕ уын стыр бузныг зӕгъӕм!

Ремзийы бинонтӕ:

Сӕхриза, цот – Вилдан ӕмӕ Пынар».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.