Зæрдиаг арфæ кæнын республикæйы зонадон æмæхсæнадæн Зонады боны цытæн!

Ацы профессионалон бæрæгбон фидар æрцыд нæ Фыдыбæстæйы раз республикæйы ахуыргæндты сгуыхтдзинæдтæ банымайын æмæ национ интеллигенцийы зынгæ минæвæртты змæлгæ архайды тыххæй, кæцытæ 1922 азы 1 февралы сарæзтой Хуссар Ирыстоны фыццаг зонадон уагдон – Зонадон-литературон æхсæнад, кæцыйы комкоммæ дарддæргæнæг у Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт.

Зонад у æхсæнады æмæ паддзахады ахсджиаг бындуртæй сæ иу. Зонадон бакондтæ, сфæлдыстадон, интеллектуалон архайд æппæт рæстæджыты дæр уыд республикæйы æнтыстджын рæзтæн сæйраг æмæ размæдзæуæг тых. Ахуыргонды куыст у уæззау, бæрнджын, фæлæ уыимæ иумæ у цымыдисон, йедзаг у бакондтытæй, ног зонындзинæдтæ æмæ æнтыстытæй. Уый у, сæ хъуыддагыл, æнувыд адæймæгты професси, алыгъуызон зонадон проблемæтæ аскъуыддзаг кæнын чи агуры.

Сæдæ азмæ Хуссар Ирыстоны арæзт æрцыд зонадон æхсæнад, кæцы бындуриуæг кæны зонадон архайджыты бирæ фæлтæрты фидар традицитыл. Арæзт цæуынц иртæстытæ æрдзон æмæ гуманитарон дисциплинæты, фыст æмæ хъахъхъæд цæуынц кандидатон æмæ докторон диссертацитæ, мыхуыр цæуы зонадон литературæ. Зонадон ирзонынады нымад центр уæвгæйæ, Уанеты Захары номыл Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институт æмæ Тыбылты Алыксандры номыл хуссарирыстойнаг паддзахадон университет сты хъæздыг зонадон бынтæ хъахъхъæнæг. Зонад-иртасæн институты ахуыргæндтæ кæнынц егъау æмæ зын куыст фундаменталон æмæ прикладон зонады, уыдон активон хайад исынц æхсæнадæмон зонадон конференциты, уæрæх æмгуыст кæнынц Уæрæсейы æмæ фæсарæйнаг бæстæты зонадон уагдæттимæ.

Хуссар Ирыстоны паддзахадон университет, кæцыйæн ис ахсджиаг нысаниуæг национ кадртæ цæттæ кæныны фæдыл, стыр хайбавæрд хæссы зонадон иртастытæ рæзын кæнын æмæ нымад у республикæйы интеллектулон центрыл. Нæ университет æмгуыст кæны бирæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ ахуырадон центртимæ, кæцы фадат дæтты бирæ зонадон проекттæ æххæст кæнынæн, ахъаз у ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæнынæн æмæ Уæрæсейы Федерацийы æмæ æндæр паддзахадты уæлдæр ахуыргæнæндæтты цæттæдзинад рацæуынæн.

Зынаргъ хæлæрттæ!

Арфæ кæнын æппæт уыдонæн, ахуыргонды фæндаг чи равзæрста! Мæ цæст уын уарзы фидар æнæниздзинад, уды хъæддыхдзинад, ног бакондтытæ æмæ дарддæры æнтыстытæ зонадон куысты иугонд Ирыстоны хæрзиуæгæн!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент

БИБЫЛТЫ Анатоли

***

Цытджын ахуыргæндтæ, Зо-над-иртасæн институты кусджы-тæ, ХИПУ-йы ахуыргæнджытæ æмæ студенттæ!

Республикæйы Парламенты æмæ уын сæрмагондæй мæхи номæй арфæ кæнын профес-сионалон бæрæгбон – Зонады боны цытæн!

Æппæт рæстæджыты дæр зонадон иртæстытæ уыдысты æнæмæнгхъæуæг æууæл зонад-техникон прогрессæн, паддзахады рæзты æмæ дидинæфтыды сæйраг мадзал. Ахуыргонды куыстæн алы хатт ис кад, адæймагон æхсæнады уæвынадæн та гæнæн нæй æнæ зонад æмæ йе ‘нтыстытæй. Нырыккон реалиты хорз ахуырад, профессионалон цай-дагъдзинад æмæ фидар, фундаменталон зонындзинæдтæ уæлдай тынгдæр хъæуынц царды. Нæ республикæйы хъæуы ног конструктивон идеятæ, уый та у ууыл дзурæг, æмæ зонад-иртасæн институты кусджыты архайд, зонадон бакуыстгондтæм курдиатджын фæсивæды здахын, æрвылбонон интеллектуалон агуырад æмæ зонындзинæдтæ фæфылдæр кæнын сты бæстæйы социалон-экономикон рæзты масштабон хæстæ скъуыддзаг кæнын æмæ царды æмвæзад фæхуыздæр кæныны æнæмæнг-хъæуæг уавæр. Абоны бон нæ университеты, цыран кусынц, йæ куыстыл æнувыд чи у, ахæм профессионалтæ, арæзт цæуынц æнæмæнгхъæуæг уавæртæ кадртæ цæттæ кæнын, ахуыр, монон æгъдауæй рæзт фæсивæд хъомыл кæныны фæдыл бæрзонд фæс-тиуджытæ райсынæн, кæцы сомбон бæрæг кæндзæн нæ республикæйы фидæн.

Мæ цæст уын уарзы, уе ‘ппæ-тæн, абон профессионалон бæ-рæгбон чи нысан кæны, уыдонæн сæ ног зонадон идеятæ æмæ æп-пæт плæнттæ цы сæххæст уой, æвидигæ сфæлдыстадон энерги, амонд æмæ фидар æнæниздзи-над.

Республикæ Хуссар Ирыстоны Парламенты

Сæрдар ТАДТАТЫ Алан

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.