РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта УФ-йы Федерацийы Советы Сæрдар Валентина Матвиенкойæн Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн.

Арфæйы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Валентина Иваны чызг!

Айс мæ иууыл хуыздæр æмæ зæрдæбындæр арфæтæ уалдзыгон бæрæгбон – Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн. Ацы ирд бæрæгбон, кæцы йемыдзаг у уды хъармдзинадæй, æнæаивгæйæ нысан у сылгоймæгтæн кад кæнынæй. Сымах хъахъхъæнут хæдзары артдзæсты хъармдзинад æмæ нæлгоймæгты разæнгард кæнут  арфæйаг хъуыддæгтæ аразынмæ, æгæронæй лæвар кæнут аудындзинад æмæ бых-сындзинад.

Ацы бæрæгбоны дын арфæ кæнæм æмбарындзинады æмæ фарсхæцынады, куырыхондзинады æмæ дунейы æнæсфæлхатгæнгæйæ арфæйагдæр кæй кæныс, уый тых-хæй.

Цытджын Валентина Иваны чызг, мæ зæрдæ зæгъы дæуæн æмæ де ‘ввахс хиуæттæн фидар æнæниздзинад, фæрныгад, æнтыстытæ æппæт хъæппæристы (райдыдтыты) æмæ уалдзыгон зæрдæйы уаг.

Бибылты Анатоли раарфæ кодта УФ-йы Хицауады Сæрдары цардæмбал Владлена Мишустинайæн Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн.

Арфæйы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Владлена Юрийы чызг! Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ уалдзыгон бæрæгбон – Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн.

Дунеон историйы æнустæ æмæ мингай азтæ рухс сты сылгоймаджы куырыхондзинад æмæ уæздандзинадæй, зæрдæскъæф æмæ рæсугъддзинадæй. Сылгоймаджы фæрцы скъуыддзаг цæуынц иууыл вазыгджындæр конфликттæ, æвдыст цæуынц сгуыхтдзинæдтæ, цард дарддæр кæны Зæххыл.

Цытджын Владлена Юрийы чызг, ацы диссаджы уалдзыгон бон дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ царды бирæнымæц хъæлдзæг æмæ ирд цаутæ. Сабырдзинад æмæ амонд дæуæн æмæ де ‘ввахс хиуæттæн».

Бибылты Анатоли раарфæ кодта Сербаг Республикæ-йы президент Желька Цвияновичæн Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн.

Арфæйы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Президент!

Айс мæ иууыл хуыздæр æмæ зæрдиагдæр арфæтæ Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн.

Ацы бон у иууыл хъæлдзæгдæр æмæ ирддæр бæрæгбонтæй сæ иу, кæцы у уалдзæджы æрбалæуды æмæ рæсугъддзинады символ. Ацы бон ноджы иу хатт арфæйы ныхæстæ фæзæгъæм зынаргъ сылгоймæгтæн æнусон æмæ иууыл бæллиццагдæр æргъадтæ: хæдзары фарн æмæ бинонты артдзæсты хъармдзинады тыххæй.

Уырны мæ, нæ иумæйаг архайдтыты фæрцы Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Сербаг Республикæйы ‘хсæн æфтиагджын æмгуыстад кæй рæздзæн æмæ хæларадон бастдзинæдтæ та фидардæр кæй кæндзысты, уый.

Мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, æвидигæ энерги, плæнтты æмæ разылæууæг хæсты реализаци Сербаг Республикæйы сабырдзинад æмæ дидинæфтыды сæраппонд, хæрзиуджытæ дæуæн æмæ де ‘ввахс хиуæттæн».

Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Сириаг Арабаг Республикæйы Президенты цардæмбал Асма Асадæн 8-æм марты цытæн.

Арфæйы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Асма аль-Асад!

Айс мæ иууыл хъармдæр æмæ зæрдæбындæр арфæтæ диссаджы уалдзыгон бæрæгбон – Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн.

Æрдз сылгоймæгты схорзæхджын кодта удæнцой уæздан-дзинад, æвидигæ энерги æмæ æгæрон æнувыддзинадæй. Уыдон  хъахъхъæнынц бинонты традицитæ, хъомыл кæнынц сывæллæтты, сæ къухты æнтыстытæ æфты профессионалон æмæ æхсæнадон архайды, уыимæ алы хатт дæр баззайынц зæрдæскъæф æмæ рæсугъдæй. Сылгоймæгтæ дунемæ хæссынц циндзинад, гармони æмæ æнцойад.

Ацы диссаджы бæрæгбоны  мæ зæрдæ зæгъы дæуæн æмæ де ‘ввахс хиуæттæн фидар æнæниздзинад, фæрныгад æмæ æнтыстытæ æппæт хъæппæристы».

Бибылты Анатоли раарфæ кодта РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы цардæмбал Битарты Маринæйæн 8-æм марты цытæн.

Арфæйы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Маринæ Мæхæмæты чызг!

Айс мæ иууыл зæрдæбындæр арфæтæ Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн. Алкæмæн дæр ацы диссаджы уарзон бæрæгбон рæсугъд у дидинджыты басты-тæй æмæ сылгоймæгты мидбылхудтытæй, хъарм у æрбалæугæ уалдзæджы комулæфтæй.

Цытджын Марина Мæхæмæты чызг, ацы диссаджы бæрæгбоны дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, фæрныгад, æнтыстытæ æппæт хъæппæристы æмæ уал-дзыгон зæрдæйыуаг».

Бибылты Анатоли раарфæ кодта Республикæ Абхазы президенты цардæмбал Аэлита Ахибайæн сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн.

Арфæйы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Аэлита Максимы чызг!

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн. Алкæмæн дæр ацы диссаджы уарзон бæрæгбон фæлыст у дидинджыты бастытæй æмæ сылгоймæгты мидбылхудтытæй, хъарм у æрбалæугæ уалдзæджы комулæфтæй.

Мæ зæрдæ дын зæгъы æнтыстытæ æппæт хъуыддæгты æмæ хъæппæристы, цæмæй дæ бинонтæ æмæ æввахс хиуæттæ уой амондджын, æнкъарай сын сæ аудгæ ахаст æмæ хъусдард.

Бибылты Анатоли раарфæ кодта Приднестроваг Молдаваг Республикæйы президенты цардæмбал Светлана Красносельскаяйæн.

Арфæйы дзырдæуы:

«Цытджын Светлана Сергийы чызг!

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Сылгоймæгты ду-неон бон – 8-æм марты цытæн. Алкæмæн дæр ацы уарзон бæрæгбон фæлыст у дидинджыты бастытæй æмæ сылгой-мæгты мидбылхудтытæй, хъарм у æрбалæугæ уалдзæджы комулæфтæй.

Айс мæ иууыл хуыздæр фæндиæгтæ, мæ зæрдæ дын зæ-гъы фидар æнæниздзинад, уалдзыгон хорз зæрдæйы уаг, бинонты амонд æмæ æнтыстытæ æппæт хъæппæристы».

РХИ-йы Президент Бибылты Анатоли раарфæ кодта Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæджы цардæмбал Наталья Пасечникæн Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн.

Арфæйы дзырдæуы:

«Цытджын Наталья Валерийы чызг!

Айс мæ иууыл зæрдæбындæр арфæтæ Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн. Ацы бæрæгбоны мах арфæ кæнæм сымахæн, сылгоймæгтæн, уæ фарсхæцынады, куы-рыхондзинады æмæ дунейы рæсугъддæр аразын уæ бон кæй у, уый тыххæй.

Цытджын Наталья Валерийы чызг, мæ зæрдæ дын зæгъы фидар æнæниздзинад, бинонты амонд, æнтыстытæ æппæт хъæппæристы æмæ уалдзыгон зæрдæйы уаг».

Бибылты Анатоли раарфæ кодта Донецкы Адæмон Республикæйы сæргълæууæг Ирина Пушилинайæн Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн.

Арфæйы, сæрмагондæй, дзырдæуы:

«Цытджын Ирина Сергийы чызг!

Айс мæ иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн.

Цытджын Ирина Сергийы чызг, ацы диссаджы уалдзыгон боны дын мæ зæрдæ зæгъы фидар æнæниздзинад, бинонты амонд, бирæнымæц цины æмæ ирд цаутæ дæ царды, æн-тыстытæ æппæт хъæппæристы æмæ уалдзыгон зæрдæйы уаг».

***

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдары хæс-тæ æххæстгæнæг Бекъойты Геннади раарфæ кодта Уæрæсейы Хицауады Сæрдар Михаил Мишустины цардæмбал Владлена Мишустинайæн Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты цытæн.

Арфæйы телы дзырдæуы:

«Цытджын Владлена Юрийы чызг!

Айс иууыл зæрдиагдæр арфæтæ Сылгоймæгты дунеон бон – 8-æм марты боны цытæн!

Ацы диссаджы уалдзыгон бæрæгбон æвдисæн у сылгоймаджы рæсугъддзинад, хорздзинад æмæ зæрдæскъæфæн. Уый йедзаг у уæлдай райдзаст зæрдæйы уагæй æмæ хорз эмоцитæй. Уадз, æмæ дæ царды уæд фылдæр ахæм ирд бонтæ. Уадз, æмæ дæ алыварс алы хатт уæнт æнæниз бинонтæ æмæ хиуæттæ, дæ хæдзары та уæд уды хъармдзинады, циндзинад æмæ фæрныгады атмосферæ. Мæ цæст дын уарзы æнæниздзинад, æнтыстытæ æмæ царды æппæт хæрзиуджытæ!».

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.