Цытджын студенттӕ!

Зынаргъ хӕлӕрттӕ!

Арфӕ уын кӕнын Студенты боны, Татьянӕйы боны цытӕн!

Студенттӕ кӕддӕриддӕр уыдысты ӕмӕ уыдзысты ӕхсӕнадӕн йӕ  активондӕр ӕмӕ мобилондӕр хай. Студентон цард – уый у ахӕм рӕстӕг, ӕппӕт дӕр райдайӕн фӕндагыл лӕуд куы вӕййы, ног зонындзинӕдтӕй хи ифтонг кӕныны, ирд цаутӕ ӕмӕ тӕлмӕнтӕй цӕрыны рӕстӕг.

Абон Хуссар Ирыстоны Паддзахадон Университеты студенттӕ ахуыр кӕнынц нырыккон ӕмӕ уӕрӕх агъуысты, алы фадӕттӕ дӕр сын ис, куыд  гоймагтӕ, афтӕ рӕзынӕн, сфӕл-дыстадон пртенциал раргом кӕнынӕн. Сымахӕй бирӕтӕ, уыцы нымӕцы не ‘мфыдыбӕстӕйонтӕ дӕр, кӕцытӕ ахуыр кӕнынц Уӕрӕсейы Федерацийы раззагон уӕлдӕр ахуыргӕнӕндӕтты ӕмӕ кӕцытыл сымахау  ӕвӕрд ис стыр бӕрндзинад, рӕ-сугъдӕй ӕххӕст кӕнынц сӕ хӕс, исынц зонындзинӕдтӕ ӕмӕ сты активон хайадисджытӕ ӕхсӕнадӕмон форумты, аккагӕй ӕвдисынц нӕ бӕстӕйы цӕсгом.

Сымахӕн уӕ хӕс у, цӕмӕй уӕ разы ӕвӕрат нысаниуӕгджын хӕстӕ ӕмӕ сӕ скъуыддзаг кӕнат. Уӕ позитивон фӕндиӕгты тыххӕй сымах ӕнӕмӕнг ссардзыстут бӕстӕйы къухдариуӕгады ӕххуыс ӕмӕ фарсхӕцынад. Уӕ энерги, тырнындзинад ӕмӕ курдиаты фӕрцы Республикӕ Хуссар Ирыстон дарддӕр дӕр рӕздзӕн динамикон ӕгъдауӕй.

Куыд фӕзӕгъынц: «Кӕм райгуырдтӕ, уым сбӕззыдтӕ!» Æмӕ ацы ныхасы ис адӕмон куырыхон хъуыды.

Æппӕт студенттӕн дӕр мӕ зӕрдӕ зӕгъы ӕнӕниздзинад, амонд ӕмӕ ахуыры дарддӕры ӕнтыстытӕ! Уадз уӕ фӕндтӕ сӕххӕст уӕнт иууылдӕр!

Республикӕ Хуссар Ирыстоны

Президент БИБЫЛТЫ Анатоли

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.