Зынаргъ æмбæстæгтæ, Хуссар Ирыстоны æрыгон цæрджытæ!

Зæрдиагæй уын арфæ кæнын Сывæллæтты хъахъхъæныны дунеон боны цытæн!

Сывæллæттæ сты нæ фидæн, нæ царды мидис æмæ нæ иууыл стырдæр ныфс.

Сывæллæттыл паддзахады аудындзинад у сомбонмæ нæ хайбавæрд. Мах сæрыстыр стæм нæ курдиатджын кæстæртæй, нæ сабиты æнтыстытæй. Се  сфæлдыстадон, интеллектуалон æмæ спортивон хъуыддæгты реализацийы тыххæй республикæйы арæзт цæуы æппæт уавæртæ дæр.

Сæ бæллицтæ сын æххæст кæнгæйæ, циндзинад æмæ сын хъусдард лæвар кæнгæйæ, мах схъомыл кæндзыстæм гармони æмæ рæстдзинады бындурыл арæзт сабырадон æмæ фæрныг æхсæнады фæлдисджытæ.

Сабибонты иууыл ирддæр цаутæ цæрæнбонтæм баззайынц нæ мысынады. Уадз, æппæт сывæллæттæн дæр уæнт бирæ позитивон эмоцитæ æмæ мысинæгтæ.

Ацы бæрæгбоны мæ фæнды бузныджы ныхæстæ зæгъон уыцы хистæртæн, кæцытæ баст сты сывæллæтты дунеимæ, чи сæ цайдагъ кæны куырыхондзинад æмæ фæлтæрддзинадыл, хъомыл сæ кæнынц æцæг патриоттæй. Бузныг уын уæ уды хъармдзинады æмæ зæрдæхæлардзинады тыххæй, уæ лæмбынæг ахаст æмæ быхсындзинады тыххæй. 

Кæстæр фæлтæрæн æмæ нæ республикæйы æппæт цæрджытæн та мæ зæрдæ зæгъы æнæниздзинад, сабырад, амонд æмæ хъæлдзæгдзинады фæндиæгтæ!

Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады Сæрдар

ПУХАТЫ Эрик

***

Зынаргъ хӕлӕрттӕ!

Айсут мӕ иууыл хъармдӕр арфӕтӕ Сывӕллӕтты хъахъхъӕныны дунеон боны сӕрап-понд!

Уый у ирд ӕмӕ хӕлар бӕрӕгбон, кӕцыйы нысан у, махӕн нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын бӕрндзинад сывӕллӕтты раз, кӕцытӕ ныл кӕронмӕ ӕууӕндынц, хъӕуы сӕ нӕ аудындзинад. Махӕн нӕ зӕрдыл хъуамӕ лӕууа, куыд ахсджиаг у, цӕмӕй сывӕллон рӕза ӕнӕниз ӕмӕ амондджынӕй, уарзой йӕ ӕмӕ йӕм хистӕрты ӕрдыгӕй уа хъусдард. Сабидуджы фарстатӕ, рӕзгӕ фӕлтӕры монон ӕмӕ хӕрзӕгъдауы рӕзт, алыварсон ахуырад ӕмӕ сфӕлдыстадон хи реализацийӕн уавӕртӕ аразын сӕрмагонд бынат ахсынц республикӕйы къухдариуӕгады ӕмӕ ӕхсӕнады социалон политикӕйы. Махмӕ арӕзт цӕуынц скъолатӕ ӕмӕ скъолайы агъоммӕ уагдӕттӕ, сывӕллӕтты ӕмӕ спортивон фӕзуӕттӕ, сӕрдыгон улӕфтыты рӕстӕджы горӕты ӕмӕ районты гом кӕнынц сӕрдыгон лагертӕ. Нӕ сывӕллӕттӕ уынын кӕнынц хорз фӕстиуджытӕ спортивон ерысты, предметон олимпиадӕты, сӕхи хорз равдисынц алыгъуызон сфӕлдыстадон фӕзуӕтты.

Зӕрдиагӕй мӕ фӕнды не ‘взонг республикӕйы сывӕллӕттӕн амондджын сабидуг, хорз сӕрдыгон улӕфт, хистӕрты уарзт ӕмӕ хъусдард, хъомылгӕнджытӕ ӕмӕ ныййарджытӕн та – быхсындзинад, цардуагон куырыхондзинад ӕмӕ бинонты ‘хсӕн кӕрӕдзиӕмбарынад.

Республикӕ Хуссар Ирыстоны

Парламенты Сӕрдар Гасситы Петр

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.