29 марты Хуссар Ирыстоны премьер-министр Джуссойты Константины къухдариуæгадæй ауагъдæуыд Хицауады  рабадт, цыран 2022 азы бакæнгæ куысты тыххæй хыгъд радтой цалдæр министрадты, ведомствоты, районты администрациты къухдариуæггæнджытæ.

Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министрады сæргълæууæг Зæгъойты Эдуарды ныхæстæм гæсгæ, 2022 азы министрады сæйраг нысан уыд инвестпрограммæйы реализаци, фæлæ бæрæг аххосæгтæм гæсгæ, инвестпрогаммæйы объектты арæзтад активонæй райдыдта 2022 азы майы кæрон æмæ сын æххæстбæрцæй бантыст 13 объекты саразын. Объекттæ эксплуатацимæ лæвæрд æрцыдысты банысангонд æмгъуыдмæ.

Культурæйы министр Зæгъойты Радæ куыд банысан кодта, афтæмæй ивгъуыд аз Культурæйы министрад сорганизаци кодта 80-йы бæрц культурон-массон мадзалы – фестивалтæ, равдыстытæ, концерттæ, сфæлдыстадон изæртæ, кафты мастер-къластæ. Ахæм мадзæлттæ тынг фæцыдысты республикæйы цæрджыты зæрдæмæ.

Ныртæккæ дæр Культурæйы министрад йæ куыст дарддæр кæны республикæйы национ культурæйы популяризацийы фæдыл.

Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Плиты Агуындæ куыд радзырдта, афтæмæй 2022 азы республикæйы цард 56520 адæймаджы.   Йæ дæлбар министрады приоритетон хæслæвæрдтæ ивгъуыд аз уыдысты медицинон æххуысы гъæды æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын, республикæйы цæрджыты æнæниздзинад фæхуыздæр кæнын.

Министр банысан кодта, зæгъгæ, 2021 азимæ абаргæйæ, 2022 азы республикæйы цы сывæллæттæ райгуырд, уыдоны нымæц уыд 52 сывæллоны  къаддæр, ома, 2021 азы райгуырд 473 сывæллоны, 2022 азы та – 421.

Хыгъдон рæстæджы, чи амард, уыдоны нымæц фæфылдæр 36 адæймаджы. Кæд 2021 азы республикæйы цæрджытæй фæзиан 411 адæймаджы, уæд 2022 азы  та – 447.

Ивгъуыд азы бакæнгæ куысты тыххæй хыгъдтæ радтой Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ фæрныгад хъахъхъæныны фæдыл, Лигъдæттæ æмæ æвæндонæй сæ цæрæнбынæттæй чи рацыд, уыдон социалон æгъдауæй хъахъхъæныны, Стандартизаци æмæ метрологийы, Таможнæйон службæйы, Информаци æмæ мыхуыры  комитеты къухдариуæггæнджытæ,  Дзауы æмæ Ленингоры районты сæргълæуджытæ.

 

СФИДАР КОДТОЙ ЗАКЪОНЫ ПРОЕКТ

Уыдонæй дарддæр министрты кабинет сфидар кодта, барвæтк халджыты ныхмæ мадзæлттæ æххæстгæнæн органы кусæг йæ куыстхъомдзинад цæй тыххæй фесæфта, уый сбæрæг кæныны фæткы тыххæй закъоны проект. Ацы темæйы фæдыл юстицийы министр Гаглойты Олег афтæ радзырдта, зæгъгæ, тыхæй æххæстгæнæн органты службæйы тыххæй закъоны нысан ис, се ‘нæниздзинады тыххæй куыстæй кусджыты ссæрибар кæнын. Ома, закъоны нысан ис, йе ‘нæниздзинады тыххæй цы кусæджы сæрибар кæнынвæнд кæнынц йæ бынатæй, уый хъуамæ арвитой медико-социалон экспертизæмæ, цæмæй йын сбæрæг кæной йæ сахъатдзинады къæпхæн. Æнæниздзинады уавæр та йын сбæрæг кæндзæн æмбæлон къамис.

 

ÆДАСДЗИНАД СИФТОНГ КÆНЫНЫ ТЫХХÆЙ УАГÆВÆРД

Æдасдзинад сифтонг кæныны нысанæн «Паддзахадон зынгсирвæзты ныхмæ службæйы уагæвæрд сфидар кæныны тыххæй» уæлвæткон уавæрты министр Гассеты Ибрагим цы уынаффæйы проект раразмæ кодта, уый дæр министрты кабинет сфидар кодтой æмхъæлæсæй.

Ацы проект бæрæг кæны паддзахадон зынгсирвæзты ныхмæ службæйы структурон дæлхæйтты сæйраг хæслæвæрдтæ, æххæстбартæ, функцитæ æмæ архайды фæтк.

Проект сарæзта Æмбæстагон хъахъхъæнынад, уæлвæткон уавæртæ æмæ æрдзон æнамонддзинæдтæ аиуварс кæныны фæдыл министрад. Арæзт æрцыд «Зынгсирвæзты æдасдзинады тыххæй» закъон æмæ министрады тыххæй уагæвæрдмæ гæсгæ.

Министр куыд бамбарын кодта, афтæмæй проекты райст  нæ домы уæлæмхас хæрдзтæ паддзахадон бюджетæй.

 

ХЪАХЪХЪÆНЫНЫ ПАДДЗАХАДОН СЛУЖБÆЙЫ КУСДЖЫТÆН ФÆФЫЛДÆР УЫДЗЫСТЫ СÆ МЫЗДТÆ

Хицауад сфидар кодтой  «Республикæ Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы кусджытæн уæлæмхас æхцайы фæрæзтæ бафидыны тыххæй уынаффæмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» уынаффæйы проект. Проект раразмæ кодта Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Тыбылты  Фатимæ.

Проекты нысан у РХИ-йы Хъахъхъæныны паддзахадон службæйы кусджытæн сæ мыздтæ фæфылдæр кæныны фæстиуæгæн Уæрæсейы финансон хыгъдæй æмфинанскæныны хæрдзты фæткы æмæ уавæрты тыххæй   Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Сразыдзинады реализаци.

«Уынаффæйы проекты нысан æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон хъахъхъæныны кусджытæн æрвыл мæй дæр сæ мыздтæм разæнгардгæнæн æхцайы фæрæзтæ æфтауын. Дарддæр хъуамæ æрвыст æрцæуа Хъахъхъæныны службæйы сæргълæууæгмæ,  цæмæй бæрæг æрцæуой  мыздмæ æрвылмæйон бафтыдтыты уавæртæ æмæ конкретон бæрц бюджетон ассигновацийы фæлгæтты» – загъта Тыбылты Фатимæ.

ОСИАТЫ Индирæ

 

Добавить комментарий

Ваш адрес email не будет опубликован. Обязательные поля помечены *

Этот сайт использует Akismet для борьбы со спамом. Узнайте, как обрабатываются ваши данные комментариев.