11 августы Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Тыбылты Леониды сæрдариуæгадæй ауагъдæуыд Хицауады рабадт, цыран уынаффæ цыд, боны фæткы цы 17 фарсты уыд, уымæй дарддæр æндæр фарстатыл дæр. Уыцы фарстатæ хаудтой ахуырады фадыгмæ, 2016 азы фыццаг æмбисы паддзахадон бюджет куыд æххæст цæуы, паддзахадон исадæй эффективондæрæй спайда кæныны, æрранизæй развæлгъау бафæдзæхсыны хъуыддагмæ æмæ афтæ дарддæр.

Мадзалы райдиан Тыбылты Леонид Аразæджы боны цытæн раарфæ кодта рабадты хайадисджытæн æмæ банысан кодта республикæйы æндидзынадмæ аразджытæ цы стыр хайбавæрд бахастой, уый.

«Аразæджы куыстæн саргъ кæнын зын у. Бузныг зæгъын мæ фæнды уыцы кадджын профессийы минæвæрттæн, афтæ ма республикæйы арæзтадон процессы хайад чи исы, уыдонæн се ‘ппæтæн дæр. Уыдонæн мæ фæнды æнтыстытæ сæ сæрмагонд æмæ æхсæнадон царды», – банысан кодта Президент.

Уый фæстæ бæстæйы сæргълæууæг Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министр Зæгъойты Эдуарды схорзæхджын кодта «Республикæ Хуссар Ирыстоны сгуыхт аразæг»-ы кадджын номæй.

Президент раарфæ кодта Джиоты Муратæн дæр, РХИ-йы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрæй нысан кæй æрцыд, уый сæраппонд.

Дарддæр уынаффæ цыд боны фæткы фарстатыл, уыцы нымæцы кадрон ивындзинæдтыл дæр.

Цхуырбаты Залинæ Арсены чызг сæрибар æрцыд Арæзтад, архитектурæ æмæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæджы бынатæй. Республикæйы сæйраг санитарон дохтыр Коцты Маринæйы бахатыдмæ гæсгæ, Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы фæрныгад хъахъхъæныны сферæйы фадыджы фæдыл комитеты сæрдары хæдивæгæй нысан æрцыд æвзонг адæймаг – Гаглойты  Аннæ Феликсы чызг.

Президент куыд банысан кодта, афтæмæй паддзахадон уагдæттæм квалификациджын æвзонг адæймæгты æрбакæнын, уыимæ иумæ ма сын сæ бæрны бæрнон бынæттæ бакæнын ахсджиаг    хъуыддаг у.

Дарддæр уынаффæ цыд «Хæцæнгарзы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проектыл.

Ацы фарсты фæдыл доклад сарæзта Республикæ Хуссар Ирыстоны юстицийы министры хæстæ æххæстгæнæг Бестауты Маринæ. Хæцæнгарз дарыны бар кæмæн ис, уыдоны номхыгъд фæдырысдæр кæныны тыххæй  Бестауты Маринæ цы ивындзинæдтæ бахаста уыцы закъонмæ, уыдон фидар æрцыдысты Хицауады уæнгты хъæлæсæппæрсты фæстиуæгæн.

Бестауты Маринæ ма Хицауады уæнгты размæ уынаффæмæ рахаста «Æххæстгæнæг кондады тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны æмæ «Тæрхондоны приставты тыххæй» за-къонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй закъоны проекттæ.

Бастауты Маринæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй ацы закæттæм цы ивындзинæдтæ хъуамæ бахастæуа, уый фæстиуæгæн фæхуымæтæгдæр уыдзысты хæсджынмæ домæнтæ, уыцы нымæцы хæсджынæн йæ бон уыдзæн йæ исад йæхæдæг среализаци кæнын.

Ацы закъоны проекты фæдыл Хицауады уæнгтæ сæ хъуыдытæ куы загътой, уый фæстæ хъæлæсæппæрстæй ист æрцыд.

Хъæлæсæппæрстæй райст æрцыд бастдзинады фадыгмæ хауæг «Архайды хицæн хуызтæн лицензитæ дæттыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект дæр, кæцы уынаффæмæ раразмæ кодта Республикæ Хуссар Ирыстоны Бастдзинад æмæ массон коммуникациты комитеты сæрдар Джиголаты Хасан.

Боны фæткы ахсджиаг фарстатæй иу уыд «Ахуырады тыххæй»  Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проект. Ацы фарсты тыххæй доклад сарæзта ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали. Уый куыд банысан кодта, афтæмæй ныр цы закъонмæ гæсгæ куыстæуы, уый æххæстбæрцæй дзуапп нал дæтты ахуырады фадыджы сæвзæргæ ахастытæн.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы закъоны проект здæхт у Республикæ Хуссар Ирыстоны ахуырадон системæйы эффективон рæзтæн барадон уавæртæ саразынмæ, адæймаджы æмæ æхсæнады нырыккон домæнтæ бахынцгæйæ.

 

Министр куыд загъта, уымæ гæсгæ, уыцы закъонмæ бахæссын хъæуы корректировкæтæ барадон акттæ фæхуыздæр кæныны нысанæн, кæцытæ æрбæстон кæндзысты, гъæдджын æмæ æнцонвадат ахуырад райсыны бар чи ифтонг кæны, уыцы нымæцы се ‘нæниздзинады фæстиуæгæн сæ фадæттæ къуындæг кæмæн сты, уыцы æмбæстæгтæн дæр, ахуырадон процессы уыцы хайадисджыты ахастытæ.

Президент Тыбылты Леонид куыд банысан кодта, афтæмæй ахуырады гъæд фæбæрзонддæр кæныны фарстатæ кæддæриддæр прио-ритетон сты республикæйы къухдариуæгадæн.

«Паддзахады ахсджиагдæр хæслæвæрдтæй сæ иу у гъæдджын ахуырад райсыны тыххæй æмбæлон уавæртæ саразын», – бахахх кодта Тыбылты Леонид.

Ацы закъоны проектыл дæр куы æруынаффæ кодтой, уый фæстæ райст æрцыд Хицауады уæнгты хъæлæсæппæрстæй.

Боны фæткы ахсджиаг  фарстатæй ма иу уыд «2016 азы фыццаг æмбисы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджет куыд æххæст æрцыд, уый тыххæй хыгъд».

Ацы фарсты фæдыл доклад сарæзта РХИ-йы финансты министр Хæбæлаты Азæ. Йæ хыгъдмæ гæсгæ, «банысангонд æмгъуыдмæ паддзахадон бюджеты æфтиæгтæ уыдысты 2625655,5 мин сомы. Уый та у афæдзон æфтиæгты 29,4 проценты. Æхсæз мæйы хæрдзтæ сты 2833223,9 мин сомы, уый та у банысангонд планы  29,5 проценты. Æфтиæгтæй хæрдзтæ фылдæр сты на 207568,4 мин сомы.

Хъалонты æмæ æнæхъалон æфтиæгтæ æххæст æрцыдысты 356395,5 мин сомы, уый та у афæдзон бюджетон æфтиæгты 51,2 проценты. 2015 азимæ абаргæйæ, æфтиæгтæ фæфыл-дæр сты 6303 мин сомы.

Афæдзы фыццаг æмбис иууыл фылдæр хæрдзтæ бакондæуыд иумиагпаддзахадон, ахуырад æмæ зонады, националон æдасдзинады, æнæниздзинад хъахъхъæныны, национа-лон экономикæйы, Цæрæнуатон-коммуналон хъæдзарады фарстатыл».

Хæбæлаты Азæйы ныхæстæм гæсгæ, афæдзон бюджеты план æххæст æрцæудзæн афæдзы кæронмæ.

Йæ рады РХИ-йы Паддзахадон исад æмæ зæххон ахастыты комитеты сæрдар Пæррæс-таты Сергей доклад сарæзта  «Паддзахадон исады приватизацийы тыххæй» Республикæ Хуссар Ирыстоны закъоны проекты фæдыл. Йæ ныхæстæм гæсгæ ацы закъоны проект нæ хауы зæххы фæдыл ахастытæ, æрдзон ресурстæ æмæ паддзахадон цæрæнуаты фондмæ.

Комитеты сæрдары ныхæстæм гæсгæ, ацы закъоны проекты райсын хъæуы, 2000 азы райстæрцæуæг закъон абоны домæнтæн дзуапп кæй нал дæтты, уый фæстиуæгæн.

Закъоны проектыл уынаффæ кæнгæйæ, Хицауады уæнгтæ æрцыдысты ахæм хатдзæг-мæ, цæмæй закъоны проект хаст æрцæуа Хицауады радон рабадтмæ. Уымæн æмæ, кæд закъоны проект Парламенты профилон комитетмæ æрвыст æрцыд иу мæйæ фылдæры размæ, уæддæр уый фæдыл дзуапп нырма нæ райстæуыд.

Закъоны проектыл лæмбынæг бакусыны тыххæй  Тыбылты Леонид фæндон бахаста, цæмæй арæзт æрцæуа кусæгон къорд, кæцыйы сконды хъуамæ уа Хицауады Сæрдар дæр.

2015-2017 азты Республикæйы цæрджыты æмæ цæрæгойты æрранизæй бахизыны тых-хæй развæлгъау бафæдзæхсыны фæдыл Паддзахадон комплексон программæ куыд реализаци цæуы, уый тыххæй доклад сарæзта Хуссар Ирыстоны Фæлхасгæнджыты бартæ æмæ адæймаджы фæрныгад хъахъхъæныны сферæйы фадыджы фæдыл комитеты сæрдар Коцты Маринæ.

«Ацы азы фыццаг æмбис куыйты хæстытимæ медицинон уагдæттæм цы адæймæгтæ бацыдысты, уыдон 2015 азы уыцы æмгъуыдимæ куы абарæм, уæд саразæн ис ахæм хатдзæг: 2015 азы дæр æмæ 2016 азы дæр куыйты хæстыты иууыл фылдæр процент хауы Цхин-валы районмæ. Куыйты хæстыты нымæц Знауыры районы фæкъаддæр: 2015 азы уыд 18,5 проценты, ацы азы та – 15 проценты. Ацы бæрæггæнæн Ленингоры районы та фылдæр фæцис: кæд фарон уыд 1,5 проценты, уæд  ныр та у 7,9 проценты, Дзауы районы 2015 азы уыд 21 проценты, ацы аз та у 33,7 проценты», – банысан кодта Коцты Маринæ æмæ йæ ныхасмæ бафтыдта, зæгъгæ, куыйты хæстыты профилактикæйы тыххæй республикæйы медицинон уагдæттæ ифтонг сты хъæуæг препараттæ æмæ вакцинæтæй.

Уый æрсидт горæтты æмæ районты администрациты къухдариуæггæнджытæм, цæмæй сæ куыст фæхуыздæр кæной æрранизæй фæрынчынæй адæймæгты æмæ цæрæгойты  развæлгъау бафæдзæхсыны тыххæй. Уыимæ иумæ ма банысан кодта цæрæгойты тыххæй пецтæ-крематоритæ самал кæныны ахсджиагдзинад.

Коцты Маринæ куыд бамбарын кодта, афтæмæй крематоритæ æнæмæнг хъæуынц уымæн, æмæ дзæгъæл куыйты куы амарынц, уæд уыдоны дæр æмæ африкæйаг емынæйæ цы цæрæгойтæ амæлынц, уыдон дæр æмбæлон æгъдауæй куынæг нæ цæуынц, ома, сæ адгуыты аппарынц, кæнæ та сæ уæлæнгай баныгæнынц сæ хицæуттæ, фæлæ сæ сырдтæ скъахынц. Уый фæстиуæгæн низ куынæг нæ цæуы æмæ рæстæгæй рæстæгмæ сцырын вæййы.

«Уыцы криматоритæ куы уаиккой, уæд низ куынæг æрцæуид», – бахахх кодта Коцты Маринæ.

Республикæйы сæйраг санитарон дохтыр куыд загъта, афтæмæй бæрнондæрæй æххæст кæнын хъæуы  паддзахадон программæ æмæ банысан кодта хæдзарон цæрæгойты дарыны режим хъахъхъæныны æнæмæнгхъæуындзинад. Сæрмагондæй та банысан кодта, зæгъгæ, куыйты нæ хъæуы дзæгъæлæй, æнæ бæттæн æмæ æнæ цъутта æддæмæ уадзын.

Тыбылты Леонид ацы информацимæ байхъусгæйæ, карзæй бафæдзæхста, зæгъгæ, сæ хæстæ цы къухдариуæггæнджытæ не ‘ххæст кæнынц, уыдон æфхæрд баййафдзысты.

Коцты Маринæйы хыгъдыл æруынаффæ кæнгæйæ, Хицауады уæнгтæ банысан кодтой, зæгъгæ, бынæтты кардиналонæй хъуамæ фæхуыздæр кæной куыст, паддзахадон программæ сæххæст кæныны бæрнджын чи сты, уыцы организацитæ. Комитеты сæрдарæн та бахæс чындæуыд, цæмæй æрвылквартал дæр информаци æрбавдиса Хицауадмæ, программæ куыд æххæст цæуы, уый тыххæй.

Уый фæстæ райст æрцыд уагæвæрд «2016 азы дыккаг кварталы Республикæ Хуссар Ирыстоны удмæ гæсгæ æмæ цæрджыты сæйраг социалон-демографион къордтæм гæсгæ цардуагон минимумы бæрц сфидар кæныны тыххæй».

Бæрæг куыд æрцыд, афтæмæй 2016 азы дыккаг кварталы Республикæ Хуссар Ирыстоны, удмæ гæсгæ æмæ цæрджыты сæйраг социалон-демографион къордтæм гæсгæ, цардуагон ми-нимумы бæрц фидар æрцыд: удгай – 9959,63 сомы, куыстхъом цæрджытæн – 10 619,51 сомы, пенсиисджытæн – 8054, 39 сомы æмæ сывæллæттæн та  – 10651,60 сомы.

РХИ-йы Экономикон рæзты министр Зæгъой-ты Вильям уынаффæмæ раразмæ кодта «Республикæ Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы уазалгонд æрдæгфабрикаттæ, калбас æмæ деликатестæ  уадзыны фæдыл кондадон комплекс «Растдон» саразыны тыххæй» инвестицион проектæн паддзахадон æххуыс бакæныны фарста, кæцы нысан æрцыд 2015-2017 азтæн Инвестицион программæйы.

Министр куыд радзырдта, афтæмæй кондадон комплекс «Растдон» арæзт цæуы Цхинвалы цæгатварс.

Проекты аргъ у 157 милуан сомы. Паддзахадон финанскæнынады фæлгæтты ацы инвестицион проектæн рахицæн æрцыд 33 милуан 600 мин сомы арæзтады бынатмæ коммуникацитæ бауадзыны тыххæй. Зæгъойты Вильямы ныхæстæм гæсгæ, уыцы коммуникацитæ – газифтонгады хæххытæ, электроифтонгад, донифтонгад, канализацион хæххытæ æмæ афтæ дарддæр уыдзысты паддзахадон исад.

Хицауады уæнгтæ æмхъæлæсæй сразы сты 33 милуан 600 мин сомы бæрц проектæн паддзахадон æххуыс бакæныны фарстыл.

Осиаты Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.