7-æм марты уыд хицауады æмбырд. Хайад дзы райстой министрадты, ведомствоты æмæ районты администрациты сæргълæуджытæ.

 

ЗАКЪОНМÆ ХАСТ ÆРЦÆУДЗЫСТЫ ИВЫНДЗИНÆДТÆ

 

«2023 азæн паддзахадон бюджеты тыххæй» закъонмæ ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проекты фæдыл доклад сарæзта финансты министры хæдивæг Тыбылты  Маринæ.

Уый куыд загъта, афтæмæй «Паддзахадон бюджеты тыххæй» закъоны 8-æм уацмæ гæсгæ, Уæрæсейы Федераци æмæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл Æхсæнхицауадон къамисы уынаффæтæ бахынцгæйæ, баззайæццаг фæрæзтæ хаст цæуынц 2023 азмæ, фæстæмæ уыцы нысанæн.

Ивындзинæдтæ хаст цæуынц 2023 азы бюджеты бахардзгонд хайы корректировкæйы сæраппонд мидхъуыддæгты органты Иумæйаг информацион-координацион центры рæзт æмæ архайды фæткы фæстиуæгæн Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Бадзырды реализацийы тыххæй.

Министры хæдивæг куыд бамбарын кодта, афтæмæй проектмæ гæсгæ, Инвестпрограммæйæ цы финансон фæрæзтæ баззад, ома, 91623,22 мин сомы, уыдон хъуамæ хаст æрцæуой ацы азмæ æмæ сæ бафтауой бахардзгæнинаг хаймæ.

Министрты кабинет закъоны проект райста æмхъæлæсæй.

 

2022 АЗЫ БЮДЖЕТМÆ ÆФТИАГ УЫД 41 МИЛУАН 656 МИН СОМЫ

«2022 азы РХИ-йы чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгады Хатырон кредиткæнынадæн æххуысы фонды бюджет æххæст кæныны тыххæй» закъоны проекты фæдыл раныхас кодта Хицауады сæрдары хæдивæг – экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат.

Куыд банысан кодта, афтæмæй 2022 азы бюджеты фонды иумæйаг æфтиаджы гуырахст уыд 41 милуан 656 мин сомы кæнæ та сплангонд суммæйы 98,94 проценты. Уыдонæй Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджет 30 милуан 106 мин сомы радта Хатырон кредиткæнынадæн æххуысы фондæн. 11 милуан 549 мин сомы та сты, Хатырон кредиткæнынадæн æххуысы фонд кредитон организацийы депозиты цы æхцайы фæрæзтæ нывæрдта, уырдыгæй райсгæ проценттæ.

Экономикон рæзты министр загъта, зæгъгæ, Фонды бюджеты иумæйаг хæрдзты гуырахст у 6 милуан 404 мин сомы, кæнæ та сплангонд суммæйы 57,29 проценты. Уыдонæй 5 милуан 387 мин сомы сты хатырон кредитты процентон фиддонты хæйттæ, иу милуан сомы та – фонды ацы азы архайды тыххæй хæрдзтæ. 2022 азы Фонды æвджиддарды совет хорзыл цы бизнес-проектты банымадта, уыдоны тыххæй баххуыс чындæуыд 55 амалиуæггæнæгæн. Хъæууон хæдзарады фадыджы лæвæрд æрцыд 40 кредиты, лæггæдты фадыджы – 5 кредиты, кондады фадыджы – 7, базарады – 3.

Ацы закъоны проекты дæр министрты кабинет хорзыл банымадта.

 

ЮРИДИКОН ЦÆСГÆМТТÆ ИНДИВИДУАЛОН АМАЛИУÆГГÆНДЖЫТÆ

Тадтаты Дзамболат ма уынаффæмæ рахаста «Юридикон цæсгæмтты æмæ индивидуалон амалиуæггæнджыты планон басгæрстытæ уадзыны æрвылазон плæнттæ цæттæ кæныны фæткойтæ сфидар кæныны тыххæй» уынаффæйы проект.

Куыд банысан кодта, афтæмæй ацы уынаффæйы проект ахъаз уыдзæн юридикон цæсгæмттæ æмæ индивидуалон амалиуæггæнджыты планон басгæрстытæ уадзыны æрвылазон плæнттæ цæттæ кæныны фæткойтæ бæстон кæнын æмæ сæм хъус дарынæн. Проекты нысан у  иууон паддзахадон политикæ сифтонг кæнын юридикон цæсгæмттæ æмæ индивидуалон амалиуæггæнджыты æрвылазон планон басгæрстытæ уадзыны фадыджы, юридикон цæсгæмттæ æмæ индивидуалон амалиуæггæнджыты планон басгæрстытæ уадзыны æрвылазон плæнттæн иумæйаг барадон æмæ организацион бындуртæ сфидар кæнын, уый руаджы сифтонг уыдзæн амалиуæгады фадыджы архайдыл паддзахадон контроль, гоймаджы, æхсæнады æмæ паддзахады цардæн ахсджиаг интерасты хъахъхъæныны нысанæн.

«Ацы фæтк хауы æрмæстдæр планон басгæрстытæм. Планæн æддейæ басгæрстытæ уагъд цæудзысты, хъусдарды органтæм хъæстытæ куы æрбацæуа, æрмæстдæр уæд», – бамбарын кодта Тадтаты Дзамболат.

Закъоны прокты дæр министрты кабинет хорзыл банымадта.

 

ÆНÆНИЗДЗИНАД  ХЪАХЪХЪÆНЫН, АХУЫРАД ÆМÆ СОЦИАЛОН ФАДГУЫТÆ

Хицауад сфидар кодта æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырады æмæ социалон фадгуыты архайды хуызты номхыгъд.

Ацы фарсты фæдыл дæр раныхас кодта экономикæйы рæзты министр Тадтаты Дзамболат.

Вице-премьер банысан кодта, зæгъгæ, паддзахадон контроль æххæст кæныны рæстæджы юридикон цæсгæмттæ æмæ индивидуалон амалиуæггæнджыты бартæ хъахъхъæныны тыххæй закъоны реализаци дарддæр кæнгæйæ банысангонд закъоны 7-æм уацмæ гæсгæ цæттæ æрцыд Хицауады уынаффæ. Уынаффæ бацæттæгонд æрцыд æнæниздзинад хъахъхъæныны, ахуырады æмæ социалон фадгуыты архайды хуызты номхыгъд æрбæстон кæнын æмæ йæ саразыны нысанæн, цыран архайынц юридикон цæсгæмттæ æмæ индивидуалон амалиуæггæнджытæ, уым планон басгæрстытæ уагъд фæцæуынц банысангонд периодиконæй. Куыд фæтк, афтæ планон басгæрстытæ уагъд цæуынц æртæ азы иу хатт. Уыцы-иу рæстæджы ма æнæниздзинад хъахъхъæнын, ахуырад, социалон фадыджы архайдыл паддзахадон контроль сифтонг кæныны тыххæй,  гоймаг, æхсæнад æмæ паддзахады цардæн ахсджиаг интерестæ бахъахъхъæныны нысанæн паддзахадон контролы органты æрдыгæй арæхдæр фæхъæуы басгæрст ауадзын æмæ цæстдард.

БАКÆНГÆ КУЫСТЫ ХЫГЪД

Экологион, технологион æмæ арæзтадон цæстдарды фæстиуджыты тыххæй хагъд сарæзта РХИ-йы Экологион, технологион æмæ арæзтадон цæстдарды комитеты сæрдар Къуылыхты Таймураз.

Уый куыд радзырдта, афтæмæй Экологион, технологион æмæ арæзтадон цæстдарды комитет 2022 азы 26 скъуыддзагæнæны (закълючение) радта 2020-2022 азты Инвестицион программæйы арæзтадон объектты  арæзтадты фæуды тыххæй.

Хыгъдон рæстæджы комитеты арæзтадон хайады хистæр инспектортæ сæ цæст дардтой капиталон арæзтады объектты арæзтадмæ. Æхсæнведомтсвойон къамисимæ иумæ бакуыстæуыд, Знауыры поселочы паддзахадон исадмæ хауæг объектæн аргъ скæнын æмæ басгарыны фæдыл. комитетмæ  райадминистрацийы сæргълæууæг кæй бахатыд,  уый тыххæй.

Комитеты сæргълæууæджы ныхæстæм гæсгæ, 2022 азы кæронбæттæн хатдзæгтæ арæзт æрцыд ног арæзт бирæфатерон бæстыхæйтты инженерон инфраструктурæйæн.

Къуылыхты Таймураз куыд банысан кодта, афтæмæй цалдæр æрдæг арæзт объекты рахызтысты 2023 азмæ, ахæмтæ, куыд г. Цхинвалы Ирæтты уынджы арæзтцæуæг 75-фатеон бæстыхай, Дзауы районы сывæллæтты улæфæн лагерь, Ерцъо-Синагуры автомобилон фæндаг, г. Цхинвалы хиды реконструкци.

Дæргъвæтин дискусситы фæстæ хыгъд райст æрцыд æмхъæлæсæй.

 

РАТДЗЫСТЫ СЫН КЪЛАСОН ЧИНТÆ

 

Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæг Бæззаты Инал раразмæ кодта фарст Цхинвалы районы администрацийы паддзахадон æмбæстагон службæгæнджытæн Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмбæстагон службæйы къласон чин радтыны тыххæй.

Уый фæндон бахаста, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон æмбæстагон службæйы къласон чинтæ лæвæрд æрцæуой Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы фыццаг хæдивæг Цхуырбаты Александрæн æмæ Цхинвалы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæг Кокойты Маирбегæн.

Фарст райст æрцыд министрты кабинеты хъæлæсæппæрсты руаджы.

 

ЗЫНГСИРВÆЗТЫТЫ ЧИ БАХЪЫГДАРД,

УЫДОНÆН ÆХХУЫС

 

РХИ-йы Хицауады резервон фондæй æхцайы фæрæзтæ рахицæн кæныны тыххæй фарсты фæдыл доклад сарæзта финансты министры хæдивæг Тыбылты Маринæ.

Уый куыд банысан кодта, афтæмæй фæнд цæуы, горæт Цхинвалы цæрджытæ Гæбæраты Павел, Гæбæраты Къæдзæх, Дзауы поселочы цæрæг Багаты Алан, Цхинвалы районы Сатихъары цæрæг Дыгъуызты Маирбег æмæ Знауыры районы Амбреты цæрæг Хетæгкаты Таймуразæн материалон æххуысы хуызы Хицауады резервон фондæй æхцайы фæрæзтæ – фæйнæ 100 мин сомы рахицæн кæнын, сæ мулк 2022 азы зынгсирвæзтыты рæстæджы кæй бахъыгдард, уый тыххæй.

Ацы фарстыл министрты кабинет æмхъæлæсæй сразы.

ОСИАТЫ Индирæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.