Цытджын депутаттæ!

Хыгъдон рæстæджы Хицауад йæ куыст арæзта програмон документтæм гæсгæ, кæцытæн сæ сæйрагдæртæ сты Республикæ Хуссар Ирыстоны Президенты Ныстуан, 2015-2017 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион прграммæ, кæцыйы сфидар кодта Уæрæсейы Федерацийы æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны ‘хсæн социалон-экономикон æмгуысткæнынады фæдыл Æхсæнхицауадон къамис.

Нæ иумæйаг архайды сæйрагдæр здæхтытæй сæ иу у закъонфæлдисæн архайд.

2014-2015 азты Хицауад Парламентмæ бавдыста 58 закъоны проекты, кæцытæй абоны бонмæ Парламент райста 51 закъоны проекты.

Парламентмæ бавдыстæуыд 2015 азæн бюджеты сæххæсты фæстиуджытæ. Бюджет æххæст цыдис бюджетон закъондæттынад æмæ Республикæ Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæйы домæнтæ дырысæй хъахъхъæнгæйæ.

Аивгъуыйгæ азы паддзахадон бюджеты æфтиæгтæ уыдысты 6 907 576,1 мин сомы æмæ уый та 2014 азимæ абаргæйæ фылдæр у 530 085,1 мин сомы. Социалон-экономикон рæзты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстонæн Уæрæсейы Федерацийы æххуыс, инвестицион характеры мадзæлттæ нæ нымайгæйæ, уыдысты 3 697 394,0 мин сомы.

Инвестицион программæйы бюджетон инвестициты фæлгæтты æххæст кæныны нысæнттæн Уæрæсейы Федерацийы финансон æххуыс уыд 2 428 476,0 мин сомы.

Хи æфтиæгтæ уыдысты 781 706,1 мин сомы, уый та ивгъуыд азимæ абаргæйæ, фылдæр у 92 365,1 мин сомы.

Фиддонтæй æфтиæгтæ æххæст æрцыдысты 720 624,8 мин сомæй. 2014 азимæ абаргæйæ уыдон фæфылдæр сты 97 614,8 мин сомы, рæзты темптæ сты 115,7 проценты.

Æнæфидтонон æфтиæгтæ 2015 азы уыдысты 61 081,3 мин сомы. Паддзахадон бюджеты фиддонтæй æфтиæгты структурæйы иууыл фылдæр хай сты дæлкъордтæ «райсгæ пайдайæ фиддонтæ, æфтиæгтæ» (68 проценты) æмæ «Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл реализацицæуæг товартыл фиддонтæ» (23,4 проценты).

Æнæфиддонон æфтиæгты структурæйы 44,6 проценты сты, паддзахадон исадыл нымад чи сты, уыдонæй æфтиæгтæ, 24,7 проценты та сты фидгæ лæггæдтæ бакæнын æмæ паддзахады хæрдзты компенсацийæ.

Плантæ уæлдайджынтæй æххæст æрцыдысты уæлæмхас аргъы фиддонтæй, æфтиагæй фиддонтæй, рæстæгмæ æфтиæгтыл иууон фиддонтæй, афтæ ма акцизтæй, æхцайы æмбырдтæй æмæ æрдзон ресурстæй пайда кæныны тыххæй регулярон бафыстытæй. Кæд æмæ рæзт ис, уæддæр мах райгонд не стæм, паддзахадон исад арендæйы дæттынæй æфтиæгтæй, афтæмæй та ам ис резервтæ бю-джет баххæст кæнынæн.

Хицауад бакуыста къорд мадзалы, кæцытæ здæхт сты 2016 азы хи æфтиæгтæ 10  проценты фæфылдæр кæнынмæ. Уыцы нысанæн мах хъуамæ иумæ æруынаффæ кæнæм хицæн закъондæттынадон акттæм ивындзинæдтæ бахæссыны æмæ паддзахадон исады арендæйы дæттыны тыххæй фиддонтæ нымайыны методикæйы фæдыл фæндæттыл. Къорд закъоны проектты ныридæгæн æркæсынмæ бахастам Парламентмæ æмæ нæ ныфс ис оперативонæй сæм кæй æркæсдзысты.

Куыд раздæр азты, афтæ бюджеты хæрдзты  сæйрагдæр статьятæ систы:  куыстмызд фидын; цæрджытæн социалон æгъдауæй æххуыс кæнын; ахуырадон æмæ хосгæнæн уагдæтты хæлцад организаци кæнын, хосгæнæн уагдæтты медикаменттæ æмæ бæттæн фæрæзтæй ифтонг кæнын, афтæ ма Инвестицион программæ реализаци кæнын.

Уыимæ Хицауад архайдта бюджетон фæрæзтæ хардз кæныны æргом механизм ифтонг кæныныл. Фæстаг азты мадзæлттæ ист цæуы бюджетон закъондæттынад хуыздæр кæныны фæдыл, уыцы нымæцы бюджет æххæст кæныны казначействойы системæйы фæдыл æмæ фадат радта, нæ бæстæйы социалон-экономикон рæзтæн Уæрæсейы Федераци цы фæрæзтæ хицæн кæны, уыдонæй пайда кæныны эффективондзинад фæбæрзонддæр кæнын.

2015 азы УФ-йы Нымайæн палатæ йæ басгæрсты рæстæджы нæ рабæрæг кодта уыцы фæрæзтæй æнæнысанмæздæхтæй хардз кæныны факттæ.

2015 азы дарддæр куыст цыдис Инвестицион программæ реализаци кæныныл. Уый у Хицауады куысты иттæг ахсджиаг æмæ вазыгджын хай æмæ йæ эффективондзинадæй бирæбæрцæй кæнгæ у республикæйы рæзты æмæ йæ цæрджыты фæрныгады æмвæзад.

Программæйы фæлгæтты мадзæлттæн, сæйраджыдæр, ис æндидзынгæнæн нысаниуæг: инфраструктурæйы объектты арæзтад æмæ социалон къабазы (ахуырад, æнæниздзинад хъахъхъæнын, культурæ) материалон-техникон базæйы рæзт.

2015 азæн Инвестицон программæмæ гæсгæ хъуамæ кæронмæ фæуыдаиккой 15 мадзалы æмæ ацы хæс æххæст æрцыд. Арæзт æрцыдысты ахæм ахсджиаг социалон объекттæ, куыд горæт Къуайсайы æмæ Знауыры  районы  астæуккаг  скъолатæ, Къуайсайы медицинон санитарон хай, капиталон цалцæггæнæн куыстытæ бачындæуыд æмæ ифтонггæрзтæй ифтонг æрцыдысты г. Цхинвалы №11 æмæ №12 астæуккаг скъолатæ. Ленингоры районы Культурæйы хæдзар, хæдзар-интернат æмæ астæуккаг скъола. реконструкци фæцис Президенты Администрацийы бæстыхай.

«Культурон бынты цыртдзæвæнтæ бахъахъхъæныны» мадзал реализаци кæныны фæлгæтты цалцæггæнæн-фидаргæнæн куыстытæ æххæст æрцыдысты цыппар цырт-дзæвæны.

Зындгонд куыд у, афтæмæй ивгъуыд аз байгом Спорты галуан «Олимп», кæцы арæзт æрцыд зынгæ гимнасткæ Алина Кабаевайы фонды æххуысæй. Уымæн ифтонггæрзтæ самал чындæуыд Инвестицион программæйы фæрæзты хыгъдæй.

Инвестицион программæйы фæлгæтты арæзтадон-æндидзынгæнæн куыстытæ бачындæуыд æмæ хæрзарæзт æрцыдысты г. Цхинвал 7 централон уынджы: Мæскуыйы, Октябры, Советон, Харебаты Исахъы, Ирæтты, Дзабийы фырты æмæ Абайты Васойы уынгтæ.

Æнæбанысангæнгæ нæй, 2008 азы гуырдзыйы агрессийы рæстæджы кæмæн разианчындæуыд, уыцы цæрæнуат æндидзын кæныны фæдыл куыст.

2014 азы Цæгаттаг микрорайоны арæзт æрцыдысты цыппар 36 фатерон хæдзары. Уый фæстиуæгæн Цхинвалы аварион фарастуæладзыгон хæдзæртты (Маяковскийы æмæ Октябры уынгты) цæрæг 144 бинонтæ райстой фатертæ. Ацы хæдзæртты арæзтадыл Инвестпрограммæйы фæрæзтæй рахицæн æрцыд 377, 3 милуан сомы.

2015 азы æндидзыд æрцыдысты 19  хисæрмагонд хæдзары æмæ сыл бахардз 52 милуан 209 мин сомы. 61 милуан 532 мин сомы та рахицæн æрцыд Маяковскийы уынджы æртæуæладзыгон хæдзар сæндидзын кæнынæн.

Инвестпрограммæйы фæлгæтты 2016 азы реконструкци æрцæудзысты г. Цхинвалы дыууæ фарастуæладзыгон хæдзары Октябры уынджы кæрон. 2017 азы арæзт фæуыдзысты Хъайтарты æмæ Гаглойы фырты уынгты 30 мин квадратон метры цæрæнуат, ома, 400 фатеры бæрц æмæ уый та зынгæ фæахъаз уыдзæнис, æмбæстæгтæй иууыл тынгдæр чи тыхсынц, уыдоны цæрæнуатæй ифтонг кæныны проблемæ аскъуыддзаг кæнынæн.

Банысан кæнын хъæуы, цалцæггæнæн-æндидзынгæнæн куыстытæ æрмæст Инвестпрограммæйы фæлгæтты кæй нæ цæуынц. Æрвылаз дæр бюджетæй рахицæн æрцæуынц фæрæзтæ горæт æмæ районты администрациты цæрæнуатон-коммуналон хæдзарадты æмæ фæндагон хæдзарадты къабазты хицæн мадзæлттæ сæххæст кæнынæн. 2015 азы ахæм нысæнттæн рахицæн æрцыд 422 миуан сомæй фылдæр.

Æппæт уыцы мадзæлттæ здæхт сты республикæйы цæрджыты царды æмвæзад бæрзонддæр кæнынмæ æмæ ацы куыст дарддæр цæудзæн ацы аз дæр.

Фæлæ цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады къабазы ис къорд серьезон проблемæйы. Уыдонæй иу у коммуналон лæггæдты тыххæй фиддонты фæдыл хæстæ кæй фылдæр кæнынц. Æрмæст г. Цхинвалы уыцы хæстæ сты 18 милуан сомæй фылдæр.

Уавæр  ноджы уæззаудæр у газ æмæ электроэнергийæ хæсты фæдыл. Паддзахадон унитарон куыстуат «Энергоресурс»-æн электроэнергийæ, кæмæй йæ исæм, уый раз йæ хæстæ систы 270 милуан сомы, газæй та – 169 милуан сомæй фылдæр. 2015 азы «Энергоресурсæн» бюджетæй хæстæ бамбæрзыны тыххæй рахицæн æрцыдысты субсидитæ 138 милуан сомы, уыдонæй 96 милуан сомы электроэнергийы тыххæй æмæ 42 милуан сомы та газы тыххæй.

Цæрджыты хицæн категоритæ азæй-азмæ нæ фидынц сæ хæстæ, æмбæлон контролгæнæг органтæ фаг мадзæлттæ нæ исынц. Афтæмæй Хицауад уадзы социалон нысанмæздæхт тарифон политикæ, цæрджыты фидынхъомдзинад хынцгæйæ. Цæвиттон, электроэнергийы тарифтæ, æгæрыстæмæй, мах къаддæр фæкодтам хъæууон цæрджытæн æмæ æрдзон газ кæм нæй, уыцы микрорайонты 2 сомы онг (24,2 проценты).

Иумæйаг тыхтæй мах хъæуы сæвзæргæ ситуацийы рараст кæнын, чизоны хъæуы хицæн нормативон акттæ райсын, кæнæ чи уæвынц, уыдонмæ ивындзинæдтæ бахæссын. Ацы фарстытыл куыст цæуы Хицауады æмæ æмбæлон уынаффæтæ рахаст æрцæудзысты æруынаффæ сыл кæнын-мæ.

2016 азæн Инвестпрограммæ реализаци кæныны фарстытыл лæмбынæг не ‘рлæу-гæйæ, хъæуы банысан кæнын, ныртæккæ куыстытæ кæй цæуынц 24 мадзалы фæдыл. Уыдонæй 12 ацы аз фæуыдзысты. 2015-2017 азтæн Инвестицион программæ реализаци кæныны фæлгæтты æдæппæт план цæуы 9 111 816 мин сомы аргъ куыстыты гуырахст сæххæст кæнын.

План цæуы эксплуатацимæ ахæм ахсджиаг объекттæ радтын, куыд Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон драмтеатр, Сывæллæтты республикон рынчындон, дзулфыцæн комбинат. Афтæ ма хæрзарæзт æрцæудзæн парк горæты центры, сырæздзысты базар Цхинвалы, Цхинвалы бирæпрофилон колледжы ахуыргæнæн æрмадзтæ, Ленингоры поселочы сывæллæтты рæвдауæндон, Синагур-Карзманы фæндаг  æмæ  æндæр объекттæ. Уыцы объектты арæзтадæн Инвестпрограм-мæйы нысан цæуы 2 миллиард 600 милуан сомæй фылдæр.

Нæ республикæйы цæрджытæн ног лæвар суыдзæн ноджы 11 уынджы зæххы бын коммуникациты хæдзæрттæм бауадзын æмæ сæ схæрзарæзт кæныны фæдыл куыстытæ фæугæйæ.

Ацы азы райдыдта ног университетон комплексы арæзтад, Ленингоры поселочы ног астæуккаг скъолайы арæзтад æмæ канализацийы, донифтонгады хызæгтæ реконструкци кæнын, дарддæр арæзт цæуы Гуфта-Къуайсайы фæндаг, райдыдта республикон рынчындоны хирургион комплексы арæзтад æмæ афтæ дарддæр.

Иумиагæй сисгæйæ, цытджын коллегæтæ, 2015-2017 азтæн социалон-экономикон рæзтæн ахъазгæнæг Инвестицион программæ фадат ратдзæн, хицæн къабæзты бирæ азты дæргъы цы проблемæтæ æрæмбырд сты, уыдонæн сæ зынгæ хай аскъуыддзаг кæнын.

Бæрæг æвæрццаг ивындзинæдтæ цæуы сæудæджерады къабазы, кæцыйы ныртæк-кæ архайынц паддзахадон унитарон куыстуæттæ æмæ хисæрмагонд амалиуæгады субъекттæ.

Ивгъуыд азы уыдон продукци рауагътой 520 114, 3 мин сомы аргъ, уый та ивгъуыд азимæ абаргæйæ у 224 095, 7 мин сомы фылдæр. Рæзты темп уыдис 175,7 проценты æмæ ифтонг æрцыдис æнæпаддзахадон секторы (сæйраджыдæр БТК-4) продукцийæ рауагъды гуырахст 2,3 хатты æмæ паддзахадон секторы 1,2 хатты фæфылдæр кæнынæй.

Сæудæджерадон продукцийы гуырахст, уыцы нымæцы сæудæджерады къабазы лæггæдтæ æмæ сæйрагдæр кондадон фæрæзты арендæйы дæттынæй æфтиæгтæ паддзахадон секторы уыдысты 168 677, 1 мин сомы (33 проценты, æнæпаддзахадон секторы та  351 437, 2 мин сомы (67 проценты).

Æхсызгон у, сæудæджерадон куыстуæтты кусджыты нымæц кæй рæзы. Ивгъуыд азы уыдоны нымæц фæфылдæр 317 адæймаджы æмæ систы 1279 адæймаджы. Ацы къабазы астæуккамæйон куыстмызд фæфылдæр 947 сомы æмæ 2015 азы фæстиуджытæм гæсгæ уыд 14 388 сомы.

О, ис æвæрццаг динамикæ, фæлæ экономикæйы рæзты æмвæзадыл уый тынг не ‘ндавы æмæ ацы къабазæй бюджетмæ бирæ æфтиæгтæ нæ цæуы. Уымæ гæсгæ мах лæмбынæг анализ аразæм нæ паддзахадон унитарон куыстуæтты архайдæн. Ацы къабазы цы проблемæтæ æрæмбырд, уыдон сты тынг бирæ. Бирæ азты дæргъы мах быхсгæ ахаст æвдыстам нæ паддзахадон унитарон куыстуæтты куыстмæ, бирæтæн дзы нæ фадæттæм гæсгæ æххуыс дæр кодтам, фæлæ сæ архайды фæстиуæг тынг нæ зыны. Цахæм у уавæр æцæгæйдæр?

Алчидæр зоны, кæй ис объективон зындзинæдтæ, фæлæ рæстдзинад ис æндæр хъуыддаджы  хæдзариуæгады æнæэффективондзинады. Паддзахадон унитарон куыст-уæтты директортæн сæ фылдæр ферох кодтой паддзахады раз сæ хæстæ. Сæ куыстæн анализы фæстиуджытæм гæсгæ ахæм куыстуæттæй 4 æхгæд æрцыдысты, сæ архайдæн аргъ кæныны процесс та дарддæр цæудзæн.

2015 азы куысты фæстиуджытæм гæсгæ паддзахадон унитарон куыстуæттæн сæ фылдæр, Бæгъиаты суаруадзæн завод, Цхинвалы бæгæны æмæ дыргъдæтты завод, Цхинвалы консерваразæн завод æмæ Полиграфион-кондадон баиугæндæй дарддæр иннæтæ пайдахæссæг не сты.

Сæудæджерадон куыстуæтты ныллæгэффективон архайды сæйрагдæр аххосæгтæ сты:

– сæйраг кондадон фондтæ техникон, технологион æмæ моралон æгъдауæй кæй базæронд сты;

– рауадзгæ продукцийы цъус ассортимент;

– куыстуæтты кадрон ифтонгады лæмæгъ-дзинад;

– куыстуæтты рæзты приоритетондæр здæхтытæ кæй нæ агуырдæуы æмæ биноныг кæй нæ цæуынц разамынады нырыккон методтæ.

Хицауады арæзт æрцыд, сæудæджерадон куыстуæтты архайдæн анализ чи аразы, ахæм кусæгон къорд, кæцыйы функцитæм хауынц, куыстуæтты къуырццæвæнæй рахизынæн чи ахъаз кæной, ахæм мадзæлттæ бакусын, разамынады нырыккон методтæ ныббиноныг кæныны бындурыл сæ куысты эффективондзинад бæрзонддæр кæнын. Кæй  зæгъын  æй хъæуы, уыцы куыст мах хъуамæ кæнæм иумæ, æнгом архайгæйæ.

Дзырд дæр ыл нæй, хъæууон хæдзарады рæзты фæдыл мадзæлттæ исын ахсджиаг кæй у. Цы æнкъардæуы ацы хъуыддаджы? Къабазы цæхгæр размæцыд чи сифтонг кæной, ахæм программæтæ реализаци кæнынæн фæрæзтæ бюджеты ис тынг цъус.

Фæлæ уæддæр æвæрццаг динамикæ ис хъæууон хæдзарады рæзты.

2015 азы ацы къабазы кондады иумæйаг гуырахст æхцатæм ракæнгæйæ, уыд 911 770, 9 мин сомы, уый та 207 331, 3 мин сомы фылдæр у йæ размæ азимæ абаргæйæ. Уыдонæй зайæгойкуысты продукци у 160 010, 8 мин сомы, фосдарды продукци та  751 760, 1 мин сомы.

Æппæт категориты хæдзарадты æфсирон нæмыгонтæ æмæ нæмыгхъæдурон культу-рæты иумæйаг тыллæгæрконд фæфылдæр 43 проценты æмæ у 3 301, 7 центнеры. Халсæртты æмæ дыргъты культурæты бæрæггæнæнтæн анализ нын уынын кæны:

– картофы æрконд 2014 азы 3 228 центнерæй 2015 азы фæфылдæр 4 599 центнермæ, халсæртты культурæтæ  665 центнерæй 2 363 центнермæ, дыргъы культурæтæ та  2 454 центнерæй 6 500 центнермæ.

– æппæт категориты дзидзайы иумæйаг райст хыгъдон азы уыдис 13 270 центнеры.

Фæлæ дарддæр æнтыстытæ къухты бафтынгæнæн зын у, зæххæй эффективонæй куынæ пайда кæнæм, уæд.  Абоны бонмæ иууыл оптимистон банымадтытæм гæсгæ мах бакусæм 3 мин гектары бæрц зæххытæ. Иннæ зæххытæ сты æппæрст æмæ хъæд кæнынц. Æмæ кæд алы æмвæзадты ацы фарстыл бирæ хæттыты уынаффæ цыдис, уæддæр уавæр нæ ивы. Ацы проблемæйыл дзырд цыдис Парламентмæ æмæ республикæйы адæммæ Президенты ацы азы ныстуаны дæр æмæ Хицауады раз хæс æвæрд æрцыд зæххæй пайда кæныны эффективондзинад фæбæрзонддæр кæныны фæдыл мадзæлттæ райсыны тыххæй.

Фæндон хæссын ацы сферæйы закъондæттынадæн ноджы иу хатт анализ скæнын зæххыты арендæйы радтыны фæткмæ развæлгъау æркæсыны тыххæй, уый нын фадат ратдзæн ахæм æнæпайда арендаторæй ссæрибар уæвын æмæ зæххæй пайда кæнынмæ зæххы æцæг хицæутты æрбакæнын. Ахæм хицæуттæ кæй уæвынад кæнынц, уый ныридæгæн уынæм хицæн цæвиттонтæй. Хъæуы нæ иумæ, уæвæг  фадæтты фæлгæтты, минималон æххуыс сын бакæныныл ахъуыды кæнын.

Халсаргуыстгæнджыты гъæдджын тауинагæй сифтонг кæныны тыххæй агросæудæджерадон комплексы ахсджиаг здæхтытæй иу  у тауинагкуысткæнынадон хæдзарады рæзт. Уый фæстиуæгæн Хъæууон хæдзарады министрад бацæттæ кодта фæндæттæ тауинæгты æрконды фæдыл, нырыккон технологитæ бахъахъхъæнгæйæ. Ацы проекты фарс рахæцыдис Хицауад. Йæ реализацийы тыххæй фæнд цæуы  3 милуан сомæй фылдæр рахицæн кæнын. Æхцайы фæрæзтæ ныридæгæн хайгай рахицæн æрцыдысты æмæ Знауыры районы 100 гектарыл тыд æрцыд фæззыгæнды мæнæуы гъæдджын тауинæгты элитон сорттæ.

Æркæнгæ мæнæуы гъæд фæхуыздæр кæнынæй дарддæр ма ацы проекты сæйраг хæс у 50 процентæй фылдæр тыллæгæрконд фæфылдæр кæнын. Абоны бон астæуккаг нымадæй нæмыгон культурæты тыллæгæрконд гектарæй у 11-æй 15 центнеры онг. Уæлдæр цы проекты кой ракондæуыд,  уый реализацийы фæстиуæгæн Хъæууон хæдзарады министрады банымадмæ гæсгæ уыдзæн гектарæй 30 центнерæй фылдæр.

Ис æндæр проекттæ дæр, кæцытæ здæхт сты хъæууон хæдзарады хицæн фадгуыты рæзтмæ æмæ кæцытæ реализацигонд цæудзысты Инвестицион программæйы фæлгæтты, экономикæйы реалон секторы рæзты проектты æмфинанс кæныны хыгъдæй æмæ кредитон ресурстæй, кæцыты рахицæн кæндзысты уæрæсейаг иуæй-иу бангтæ, уыцы нысанæн «Инвестицион агентад» саразгæйæ.

Уыдонæй дыууæ реализаци хъуамæ æрцæуа цыбыр рæстæгмæ. Уыдон сты дзи-дзакуыстгæнæн цехы арæзтад æмæ Цхинвалы районы дыргъæфснайæнтимæ интенсивон рæзты дыргъдæттæ ныккалын. Ацы объектты арæзтадæн план цæуы 157 æмæ 200 милуан сомы рахицæн кæнын.

Ацы Инвестицион агентадмæ æркæсынмæ лæвæрд æрцыдысты ноджы цалдæр программæйы хъæууон хæдзарады хицæн фадгуыты рæзты фæдыл, æмæ мах ныфс ис æвæрццагæй сын аргъ скæнынæй æмæ реализацийæ.

Бюджеты хыгъдæй хъæууонхæдзарадон продуктуадзджытæн баххуыс кæнынæн Хицауадмæ нырма нæй фаг фæрæзтæ, фæлæ уымæ нæ кæсгæйæ,   æрвылаз дæр 7 милуан сомы бæрц субсидитæ дæттæм ГУП «Ирагросервис»-æн фермерон хæдзарадтæн хъæууонхæдзарадон техникæйæ баххуыс кæныны сæраппонд.  2015 азы дæргъы алы-гъуызон хъæууонхæдзарадон куыстытæ бакодта «Ирагросервис» 8 мин гектары фæзуатæй фылдæрыл.

Æнæхъæнæй уалдзыгон-быдырон куыстытæ бакæныныл, ветеринарон лæггæдтæн вакцинæтæ самал кæнын æмæ æндæр мадзæлттæн бюджетæй рахицæн æрцыд 11 милуан сомы бæрц.

Ацы нымæцтæ дзурæг сты ууыл, æмæ хъæууон хæдзарады хъæуы ноджы ахадæн-дæр финансон æххуыс æмæ мах, агросæудæджерадон комплексы сæвзæргæ уавæр бахынцгæйæ, хъæууонхæдзарадон продукци уадзджытæн паддзахадон æххуыс ба-кæныны тыххæй иумиаг тыхтæй бакусын хъæуы дæргъвæтинрæстæгон программæ, кæцы реализацигонд куынæ æрцæуа, уæд хъæууон хæдзарадæн æндидзæн æмæ размæ цæуæн нæй.

Хицауады архайды ахсджиагдæр здæхтытæй иу у чысыл æмæ астæуккаг амалиуæгадæн уавæртæ саразын. Æмбæрстгонд у, уыцы сферæйы рæзт ахъаз кæй у ахæм ахсджиаг социалон хæслæвæрдтæ скъуыддзаг кæнынæн, куыд ног кусæгон бынæттæ саразын, æгуыстады æмвæзад æрныллæг кæнын, базар товартæй байдзаг кæнын, астæуккаг кълас аразын æмæ цæрджыты цардуагон уавæртæ фæбæрзонддæр кæнынæн.

Банысангонд сферæйы паддзахады хæс у, фыццаг рады, амалиуæгады субъектты куыстæн комфортон уавæртæ саразын. Уым бæрæггæнæн ролы хъазы хъалонты закъондæттынад, кæцы стимул дæтты амалиуæгадæн. Уæвæг закъондæттынадæн анализ куы счындæуа, уæд, мæнмæ гæсгæ, уый дзуапп дæтты банысангонд хæслæвæрдæн. Мах цæттæ стæм мадзæлттæ фæхуыздæр кæныны фæдыл фæндæттæм æркæсынмæ, кæцытæ стимул аразынц бизнесæн, уымæ нæ кæсгæйæ, амалиуæггæнджытæ дæр хъуамæ æмбарой æмæ æххæстбæрцæй æнкъарой сæ бæрндзинад.

Нымæцтыл куы дзурæм, уæд 2015 азы мах уынæм, чысыл куыстуæттæ куыд фылдæр кæнынц, уый. Иу афæдзмæ регистраци æрцыд 287 куыстуаты, 2014 азимæ абаргæйæ уый 39-ы бæрц у фылдæр. Ацы куыстуæтты кондадон структурæ æрбавдыста материалон кондады, базарады, лæггæдты æмæ иумиагхæлцадон сферæ. Фадыгон структурæйы иууыл стырдæр хай ахсынц арæзтад æмæ базарады сферæйы куыстуæттæ, иууыл къаддæр та  кондадон сферæйы куыстуæттæ.

2015 азы чысыл куыстуæттæ цы хъалон бафыстой, уый гуырахст у 59227,9 мин сомы, уый 2014 азимæ абаргæйæ у 62 проценты фылдæр.

Регистраци æрцæуæг 2 803 индивидуалон амалиуæггæнæгæй кусы 1 062. Индиви-дуалон амалиуæггæнджытæ 2 015 азы цы хъалонтæ бафыстой, уый у 10 392,2 мин сомы.

Фæстаг 2,5 азы дæргъы гом акционерон æхсæнад Республикæ Хуссар Ирыстоны «Акционерон æфснайæн банг» амалиуæгадон архайдæн рахицæн кодта 321 кредиты 162,2 милуан сомæн. Республикæ Хуссар Ирыстоны Национ банг та уыцы рæстæгмæ радта 83 кредиты 112,3 милуан сомы.

Бизнес æмæ амалиуæгадæй æнтыстджынæй архайынæн ахсджиаг фактор у, ацы вазыгджын хъуыддагыл чи архайы, уыдон цæттæдзинады  æмвæзад.  Ам мах иумæ хъуамæ сбæрæг кæнæм бизнесгæнæг инициативæджын, амалиуæгджын адæймæгты ахуыры формæтæ, райдианæй кæройнаг фæстиуæгмæ æппæт къахдзæфты куыд нымайынц, уый. Барадон, финансон, хъалонты закъондæттынады фарстаты ныллæг æмвæзадыл зонындзинад, бизнесгуысты бындурты лæмæгъ зонын арæх свæййы ныхдур ног бизнесментæн æмæ амалиуæггæнджытæн.

Иу кæнæ иннæ проекты реализацийыл æнæраст архайд æнæхъуаджы хæрдзтæм куы æркæны, æппындæр дзы куы ницы æфтиаг вæййы, бирæ азты дæргъы кредитортæн куынæ бафидынц сæ хæстæ, уый тыххæй  бирæ цæвиттонтæ ис æрхæссæн.

Цытджын коллегæтæ!

Экономикæйы рæзты цыфæнды æнтыстытыл абон куы дзурæм, цыфæнды плæнттæ фидæны тыххæй куы аразæм, уæддæр нæ хъусдарды центры хъуамæ уа кæддæриддæр адæймаг йæ æрвылбонон проблемæтимæ, кæцыты аскъуыддзаг кæнын бирæбæрцæй баст у социалон сферæйы уавæрыл.

Республикæйы социалон-экономикон рæзты фæдфæдылондзинад хорзæрдæм æндавы цæрджыты царды æмвæзадыл æмæ ахъаз у демографион уавæр фæхуыздæр кæнынæн. Фæстаг цыппар азы дæргъы фæфылдæр гуырынад æмæ фæкъаддæр мæлынад, 2015 азы райгуырд 542 сывæллоны, уый размæ азимæ абаргæйæ, уый у 47 сывæллоны фылдæр.

Мæлынад фæкъаддæр 28 адæймаджы (520 адæймаджы). Цæрджыты æрдзон фылдæркæнынад у æвæрццаг – 22 адæймаджы.

Ивгъуыд аз, фæстаг азты фыццаг хатт, мах ауагътам цæрджыты сфыст. Сфыст бацæттæ кæнын æмæ йæ ауадзын ацыдысты Уæрæсейы Федерацийы æнгæс службæты организацион-методикон æххуысы фæрцы, дунеон нормæтæ æмæ домæнтæ иууылдæр сæххæст кæнгæйæ. Сфысты фæстиуджытæм гæсгæ, цæрджыты нымæц у 53 618 адæйма-джы. Ацы нымæц, ивгъуыд азты развæлгъау бæрæггæнæнтæй у бæрзонддæр æмæ у аккаг дзуапп уыдонæн, кæцытæ архайынц æхсæнадæн бауырнын кæнын, ома, адæм республикæйæ лидзынц массон æгъауæй.

Хицауады хъусдарды бын сты пенсион ифтонгады фарстатæ дæр. Ивгъуыд аз пенсиисджыты нымæц фæфылдæр 457 адæй-маджы æмæ систы 3679 адæймаджы. Пенсийы бæрц астæуккаг нымадæй 2014 азы уыд 5816 сомы, ацы аз та фæфылдæр 6738 сомы онг. Социалон пенсийы бæрц астæуккаг нымадæй фæфылдæр 479 сомы æмæ ссис  4 584 сомы.

Уыдон пенсийы уыцы бæрцтæ не сты, кæцытæй райгонд сты пенсиисджытæ, фæлæ, хъыгагæн, абон афтæ сты нæ реалон фадæттæ. Уыцы-иу рæстæджы, цытджын депутаттæ, сымах зонут, мах ныфс ис, Республикæ Хуссар Ирыстоны территорийыл æдзухæй цæрæг Уæрæсейы Федерацийы æмбæстæгты пенсион ифтонгады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын Уæрæсейы Федерацийы Цæгат-Кавказаг Федералон зылды пенсион ифтонгады астæуккаг æмвæзады онг, Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн бадзырды 8-æм уацмæ гæсгæ.

Цæрджытæн медицинон æххуыс бакæнын хауы социалон сферæйы приоритетон хæслæвæрдтæм. Æнæниздзинад хъахъ-хъæныны гъæд фæбæрзонддæр кæныны фарстатæ, кæй зæгъын æй хъæуы, сты депутатон корпусы хъусдарды бын, æмæ мах иумæ хъуамæ агурæм ацы фарстатæ аскъуыддзаг кæныны варианттæ.

Раздæрау, ныр дæр фыццаградон у медицинон уагдæтты материалон-техникон базæ сфидар кæнын. Фæстаг азты ацы здæхты арæзт бирæ æрцыд. Ног рынчындæттæ арæзт æрцыд Дзауы поселочы æмæ горæт Къуайсайы, хъæуты арæзт æрцыд 16 ног фельдшерон-акушерон пункты, 110 милуан сомæй фылдæр рахицæн æрцыд медицинон ифтонгæдтæ балхæнынæн, медицинон уагдæтты æмæ æмбæстæгты хатырон категорийы медикаменттæй сифтонг кæныны фарст дæр практикон æгъдауæй скъуыддзаг æрцыд. Хосгæнæн уагдæтты медицинон ифтонггæрзтæй сифтонг кæнын дæр ис хъусдарды центры. Ивгъуыд аз, Президенты фондæй рахицæнгонд фæрæзты хыгъдæй, 4 милуан сомæй ифтонггæрзтæ æлхæд æрцыд Республикæйы соматикон рынчындонæн æмæ баконд æрцыд хирургион имплантологийы хайад.

Инвестицион программæйы реализацийы фæлгæтты ацы аз кæронмæ арæзт фæуыдзæн Сывæллæтты рынчындон реабилитацион центримæ, плангонд куыд у, афтæмæй 2017 азы эксплуатацимæ лæ-вæрд æрцæудзысты Республикон гуырæн хæдзар, Республикон рынчындоны операцион-хирургион корпус гемодиализы хайадимæ, туберкулезон диспансер. Ацы мадзæлттæн Инвестицион программæйы нысан æрцыд 1 миллиард 800 милуан сомы.

Ацы объекттæ эксплуатацимæ радтын фадат ратдзæн цæрджытæн медицинон лæггæдты сферæйы бирæ серьезон проблемæты аскъуыддзаг кæныныл радикалон æгъдауæй бандавынæн.

Нырма дæр актуалон у медицинон уагдæтты квалификациджын персоналæй сифтонг кæнын.

2015 азы æнæниздзинад хъахъхъæныны системæмæ æрбакондæуыд 24 дохтыры. Æхсызгон уый у, æмæ уыдонæй 22 сты æвзонг специалисттæ, 7 дохтыры та баххæст кодтой хъæууон дохтырты нымæц. Уæрæсейы Федерацийы клиникæты сæ квалификаци фæбæрзонддæр кодтой 23 дохтыры, уыцы нысанæн бюджетæй рахицæн æрцыд дыууæ милуан сомæй фылдæр.

Кæй зæгъын æй хъæуы, уымæй медицинæйы кадрон проблемæтæ скъуыддзаг не ‘рцыдысты. Ныры онг дæр хицæн здæхтыты æнкъардæуы специалистты хъуагдзинад æмæ уый фæстиуæгæн уыдон Уæрæсейы Федерацийы клиникæтæй æрхонын у актуалон.

Банысангонд проблемæты фæстиуæгæн Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниз-дзинад хъахъхъæныны министрады бахъæуы рынчынты хос кæнынмæ республикæйæн æддæмæ арвитыны сæр. 2015 азы специализацигонд æххуыс бакæныны, уыцы нымæцы бæрзондтехнологион æххуысы тыххæй Уæрæсейы Федерацийы клиникæтæм æрвыст æрцыд 211 адæймаджы. Уыцы нысанæн рахицæн æрцыд 8 милуан сомы.

Мадзæлттæ ист цæуынц æвæрæз категорийы æмбæстæгтæн нысанмæздæхт æххуыс бакæныны фæдыл. Ивгъуыд аз уыцы нысанæн бюджетæй рахицæн æрцыд 12 милуан сомы бæрц.

Æнæниздзинад хъахъхъæныны сферæйы модернизацийы фæдыл куыст банысангонд мадзæлттыл нæ фæуд кæны. Республикæ Хуссар Ирыстоны Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад æххæст кæны плангонд мадзæлттæ архайды сæйраг здæхты, æмæ уыдоны реализаци хæссы æвæрццаг фæстиуджытæ.

Уыимæ иумæ мах æппындæр нæ рох кæнынц периферион проблемæтæ. Нæ тыхтæ дарддæр дæр здæхт уыдзысты хъæуты медицинон лæггæдты гъæд фæ-бæрзонддæр кæнынмæ, хъæууон дохтыртæн баххуыс кæныны мадзæлттыл бакусынмæ, уыцы нымæцы закъондæттынадон æмвæзадыл, кæцытæ фæахъаз уыдзысты хъæуты медицинон уагдæттæм æвзонг дохтырты æрцыдæн.

Хицауады архайды ахсджиаг здæхт у ахуырады системæ фæхуыздæр кæнын. Уый тыххæй нæ тыхтæ здæхт сты ахуырады системæйы нырыккон, нæ национ интерестæн дзуапп чи дæтта, ахуырады ахæм ма-дзæлттæ ныббиноныг кæнын,  ахуырадон уагдæтты материалон-техникон базæ сфидар кæнын æмæ ахуыргæнджыты квалификацийы æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын.

Хицауад лæмбынæг йæ хъус дары ахуырады объектты материалон-техникон базæ сфидар кæнынмæ. Ныридæгæн эксплуатацимæ лæвæрд цы ахуырадон объекттæ æрцыдысты, уыдоны тыххæй уæлдæр дзырдæуыд. Æрмæст ма банысан кæнын хъæуы уый, æмæ уыцы нысанæн рахицæн æрцыд 240 милуан сомæй фылдæр.

Нысаниуæгджын цау ссис Университеты комплексы арæзтады райдайæн. Уый нæу æрмæст корпусты арæзтад, фæлæ ма сæ нырыккон ахуырадон ифтонггæрзтæй сифтонг кæнын дæр. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон университеты арæзтад кæронмæ бахæццæ уыдзæн 2017 азы. Æхсызгон у банысан кæнын уый, æмæ профессортæ-ахуыргæнджыты сконд æмæ студенттæ ифтонг уыдзысты куысты æмæ ахуыры нырыккон уавæртæй. Фæлæ ма мæн банысан кæнын фæнды уый дæр, æмæ абоны уавæрты, раст зæгъгæйæ та, вазыгджын уавæрты университеты къухдариуæгад мадзæлттæ исы ахуырадон процессы гъæд фæбæрзонддæр кæныны тыххæй, бастдзинæдтæ арæзтæуы уæрæсейаг уæлдæр ахуыргæнæндæттимæ, уавæртæ арæзт цæуы профессортæ-ахуыргæнджыты сконды стажировкæйы тыххæй.

Ацы аз кæронмæ бахæццæ уыдзæн горæт Цхинвалы бирæпрофилон колледжы арæзтад æмæ ифтонггæрзтæ æмæ ахуырадон æрмадзтæй ифтонг æрцæудзæн, куыстытæ фæуыдзысты Ленингоры поселочы сабиты рæвдауæндоны дæр. Ацы аз райдыдта Ленингоры поселочы астæуккаг скъолайы бæстыхайы арæзтад, 2017 азы та Ленингоры районы Орчъосаны хъæуы арæзт æрцæудзæн скъола.

Уыцы нысæнттæн Инвестицион программæйы нысан æрцыд 1 миллиард 45 милуан сомы. Ахуырады рæзты тыххæй уыцы суммæ серьезон нымæц у.

Уыцы-иу рæстæджы мадзæлттæ ист цæуы ахуырады процессы ахуыры нырыккон мадзæлттæ ныббиноныг кæныны æмæ ахуыргæнинæгты зонындзинæдтæн аргъ скæныны, ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны фæдыл.

2015 азы ахуыргæнджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны курсытæм æрвыст æрцыд 272 педагогы, 2016 азы фыццаг æмбисы та – 620 педагогы. Ахуырадон-хъомыладон процессы æмвæзад фæхуыздæр кæныны фæдыл райстæрцæуæг мадзæлттæ ахъаз сты ахуыргæнинæгты цæттæдзинады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн, кæцытæй бирæтæ алыгъуызон конкурсты конкуренци дæттынц сæ уæрæсейаг æмкарæнтæн. 2015-2016 ахуырадон азы Уæрæсейы горæтты 9 конкурс æмæ олимпиадæйы хайад райстой 85 сывæллоны, кæцытæй бирæтæ систы уæлахиздзаутæ æмæ лауреаттæ.

Ахуырады системæ фæхуыздæр кæныныл кусгæйæ, мах фыццаг рады, ориентир кæнæм уæрæсейаг коллегæты фæлтæрд-дзинадыл.

Ахуырады фадыджы æмкуысткæнынады тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды реализацийы фæлгæтты къухтæ фыст æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны Ахуырад æмæ зонады министрады æмæ Уæрæсейы Федерацийы Ахуырад æмæ зонады министрады ‘хсæн мадзæлтты планыл. Ахуырад æмæ квалификацийы тыххæй кæрæдзийы документтæ нымайыны фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Хицауады æмæ Уæрæсейы Федерацийы Хицауады ‘хсæн сразыдзинады проект цæттæ æрцыд.

РХИ-йы Ахуырад æмæ зонады министрад æмæ Цæгат Кавказы федералон университеты ‘хсæн къухтæ фыст æрцыдысты æмархайды фæдыл мадзæлтты планыл.

Ахуырады сферæйы æмгуыстад рæзын кæнгæйæ, РХИ-йы Ахуырады министрад УФ-йы Ахуырад æмæ зонады министрады специалисттимæ иумæ бакуыста РХИ-йы скъолайы кары агъоммæйы æмæ иумиаг ахуырады хызæгты модернизацийы план. Модернизацийы нысан у ахуырады лæггæдты гъæд æмæ æнцонвадатдзинад фæбæрзонддæр кæнын, ахуырадон уаг-дæтты фидар рæзт сифтонг кæнын æмæ сæ нырыккон ахуырадон программæты реализаци кæныны гæнæнтæ саразын, ахуырадон уагдæтты бæстыхæйттæй æмæ ахуырады системæйы кадрон потенциалæй рационалонæй спайда кæнын æмæ афтæ дарддæр.

Ахуырады системæйы рæзты фæдыл мадзæлттæ исгæйæ, республикæйы Ахуырады министрад тырны уымæ, цæмæй скъолайы кары агъоммæйы уагдæттæ æмæ астæуккаг скъолатæ бæрæг предметтæй æрмæст зонындзинæдтæ ма дæттой, фæлæ уой рæзгæ фæлтæры монон-хæрзæгъдаудзинады, мадæлон æвзаг бындуронæй ахуыр кæныны, нæ адæмы æгъдæуттæ æмæ традицитимæ зонгæ кæныны артдзæстытæ. Уыимæ зын саргъ-гæнæн у «Ирон æвзаг бахъахъхъæнын, ахуыр кæнын æмæ рæзты фæдыл Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон программæ» среализаци кæныны нысаниуæгæн.

Æрвылаз дæр Программæ реализаци кæнынæн, 2011 азæй райдайгæйæ, хицæн æрцæуы 5 милуан сомы.  Скъолатæн æмæ скъолайы кары агъоммæйы уагдæттæн рауагъд æрцыд бирæнымæц ахуырадон-методикон литературæ, дзырдуæттæ, монографитæ, ирон литературæйы истори ахуыр кæныны фæдыл ахуыргæнæн чингуытæ, скъолатæ ифтонг цæуынц ирон æвзаджы кабинеттæй æмæ афтæ дарддæр.

Программæйы реализаци фæуд кæны ацы аз æмæ мах иумæ ахъуыды кæнын хъæуы ацы здæхты куыст адарддæр кæныны тыххæй. Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ Республикæ Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы Федерацийы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды номхуындæй дзырдæуы уый тыххæй, зæгъгæ, УФ æххуыс кæны РХИ-йæн уырыссаг æмæ ирон æвзæгты рæзтæн, æмæ мах уыцы иурæстæджы специалисттæ æрбакæнгæйæ, хъæуы æмбæлон программæтæ бакусыны фæдыл куыст сорганизаци кæнын.

Ахуырады министрады куысты ахсджиаг здæхт у профессионалон ахуырады гъæд фæбæрзонддæр кæнын. Абон мах æййафæм астæуккаг цæджы специалистты дефицит, фæсивæды ‘хсæн популярон не сты кусæгон професситæ. Уæлдæр æз банысан кодтон, зæгъгæ, ацы аз мах сараздзыстæм Цхинвалы бирæпрофилон колледжы нырыккон ифтонггæрзтæй ифтонг æрмадзтæ, фæлæ уый нæ аскъуыддзаг кæндзæн, цы проблемæтæ нын ис, æппæт уыдоны. Хъæуы бындуронæй профориентацион куыстмæ ахаст фæивын, уый нын амонынц колледжмæ æрвылазон айстыты фæстиуджытæ. Ахæм хæс абон мах æвæрæм РХИ-йы Ахуырады министрады раз.

Нæ æппынæдзухон катайдзинады  сæр у фæсивæды монон-хæрзæгъдаудзинадыл хъомылад, физикон культурæ æмæ спорты рæзт. Хицауады  хæс у спорты рæзтæн æмбæлон материалон-техникон базæ саразын, Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитетæн фæсивæдимæ куысты формæ баххæст кæнынмæ тырнындзинадæн æххуыс кæнын. 2015 азы фæсивæдон политикæ æмæ спорты рæзт среализаци кæнынæн хицæн æрцыд 15,3 милуан сомы (уыцы нымæцы Президенты резервон фонды фæрæзты хыгъдæй – 5,8 милуан сомы).

Бæрæг фæфылдæр Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты дæлведомствойон спортивон уагдæтты архайæг ахуыргæнинæгты нымæц. 2015 азы ахуыргæнинæгты нымæц фæфылдæр 381 адæймаджы, æмæ афтæмæй сæ иумиаг нымæц схæццæ 2 597 адæймагмæ. Организаци æмæ уагъд æрцыдысты бирæ спортивон мадзæлттæ. Спортивон секциты хъомылгæнинæгтæ, кæцытæ хайад исынц ацы ерысты, сæ уæлахизтæй рухс кодтой спортуарзджыты зæрдæтæ. Æвзонг спортсмен-тæ уæлахиз кæнынц æрмæст республикон масштабы ерысты нæ, фæлæ республикæйæн æддейæ уагъдцæуæг ерысты дæр.

Мадзæлттæ ист цæуынц физикон культурæ æмæ спорты архайынæн материалон-техникон базæ сфидардæр кæныны фæдыл. Республикæйы спортивон царды нысаниуæгджын цау сси 2015 азы бирæфункционалон спортивон комплекс «Олимп»-ы байгом. РХИ-йы Президент Тыбылты Леониды инициативæ æмæ æххуысы руаджы реализаци цæуынц мадзæлттæ, кæцыты нысан у горæт Цхинвал æмæ республикæйы районты ног спортивон залты арæзтад. Гæнæн ис адарддæр кæнын ныридæгæн сырæзгæ объектты ранымад, кæцытæ нысангонд сты спортæй архайынæн, фæлæ абоны бонмæ уæвынад кæны эффективонæй сæ спайда кæныны проблемæ. Æнæмæнгхъæуæг у алы фæзуаты дæр спортæй архайды æмбаргæ организаци, специалистты кæнæ энтузиастты æрбахонгæйæ, кæцытæн сæ бон суаид æхсæнадон райдиантыл куыст срæвдз кæнын.

Фæнды мæ уæ хъусдард фæсивæдимæ куыстмæ аздахын. Нæ фæсивæды минæ-вæрттæ активон хайад истой алыгъуызон мадзæлтты, кæцытæ уагъд цыдысты УФ-йы территорийыл. Бæлвырдæй, уый у æнæ-баивгæ æмæ уникалон фæлтæрддзинад се ‘мкарæнтимæ ныхас кæнынæн, рæзгæ фæлтæры куысты бирæнымæц хуызтимæ зонгæ кæнын, раздзоджы миниуджытæ агурын æмæ бирæ æндæртæ. Æнæмæнг-хъæуæгыл нымайын ацы фæлтæрддзинад райсын, нæ домæнтæм гæсгæ йæ адаптаци кæнын æмæ йæ ам, республикæйы кусын кæнын.

Ныфс мæ ис, ацы фарстыты аскъуыддзаг кæныны тыххæй здæхт кæй æрцæудзæн Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы фæдыл комитеты хъусдард.

Культурæйы рæзты фарстытæ сты Хицауады æдзухон хъусдарды темæ. Абон махæн нæ бон у æхсызгонæй банысан кæнын, зæгъгæ, æфсымæрон Уæрæсейы руаджы, мах æвдисæнтæ стæм республикæйы культурон царды æндидзынад æмæ рæзтæн. Ног музейы фæзынд, Паддзахадон киноконцертон зал «Чермен»-ы æнди-дзынад, горæт Къуайсайы, Ленингоры поселочы культурæйы хæдзæртты, Паддзахадон ансамбль «Симд»-ы бæстыхайы, хъæууон клубты æмæ, æппынфæстагмæ, ацы аз Хетæгкаты Къостайы номыл Паддзахадон драмон театры арæзтад æмæ æндидзынад гом кæнынц ног гæнæнтæ национ культурæ æмæ аивады рæзтæн. Махæн бар нæй ацы гæнæнтæй ма спайда кæнынæн.

РХИ-йы Культурæйы министрады раз лæууы хæс ацы æмæ æндæр уагдæтты куыст афтæ сорганизаци кæнын, цæмæй уыдон суой фæсивæды монон-хæрз-æгъдаудзинады æцæг артдзæстытæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, уæлдæрзагъдгонд объектты арæзтады факт не скъуыддзаг кæны культурæйы рæзты фарстытæ æмæ проблемæты. Уыцы иурæстæджы мах хъуамæ планбæрцон куыст кæнæм культурæйы уагдæттæн кадртæ бацæттæ кæныны фæдыл. Уый ахсджиаг уыд алы хатт дæр, фæлæ йын культурæйы сферæйы абон ис уæлдай актуалондзинад. Уæлдай тынгдæр æнкъардæуы культурæйы хъæууон уагдæтты кадрты хъуагдзинад. Цахæм мадзæлттæ исæм мах уый фæдыл?

Кадртæ бацæттæ кæныны тыххæй хорз уавæртæ арæзт æцыдысты Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны базæйыл, цыран ахуыртæ уагъд цæуынц 15 дæсныйадыл. Уый æддейæ ма, культурæйы уагдæттæн кадртæ бацæттæ кæнын æмæ кусджыты квалификаци фæбæрзонддæр кæныны тыххæй активон æгъдауæй пайда цæуы куысты ахæм формæтæй, куыд семинартæ, мастер-къластæ, квалификаци бæрзонд-дæргæнæн курсытæ уадзынæй. 2007 азæй райдайгæйæ, УФ-йы профилон уæлдæр ахуыргæнæн уагдæттæм æрвыст цæуынц нæ республикæйы скъолаты рауагъдонтæ. Ахуыр каст чи фæцис, уыдонæй абоны бонмæ республикæмæ æрыздæхтысты 12 специалисты. Уыдон иууылдæр куыстæй ифтонг æрцыдысты.

Раздæрау ахсджиаг хæс у профессионалон сфæлдыстадон коллективтæн, иууыл раздæр, Паддзахадон драмон театр æмæ Паддзахадон ансамбль «Симд»-æн баххуыс кæнын. Скъуыддзаг цæуынц хицæн проблемæтæ сфæлдыстадæн æмбæлон уавæртæ саразыны æмæ сфæлдыстадон коллективты материалон уавæр фæхуыздæр кæныны тыххæй. Фæлæ иумиаг тыхтæй цы проблемæтæ хъæуы аиуварс кæнын, уыдон нырма бирæ сты. Уыдон сты театралон спектаклтæ æмæ гастролон балцытæн фæрæзтæ ссарын, кадрон потенциал баххæст кæнын æмæ афтæ дарддæр.

Æппынæдзухон æххуыс хъæуы Фысджыты æмæ Нывгæнджыты цæдистæн. Ивгъуыд аз дарддæр кодта бюджетæй сæ ар-хайдæн субсидитæ дæттыны архайд. Уый æддейæ ма нывгæнджыты æрмадзты агъуындынæн хицæн æрцыдысты æхцайы фæрæзтæ 1 милуан æмæ 800 мин сомы.

Махæй алкæйы æвæджиаг хæс у нæ адæмы историон æмæ культурон бынтæ бахъахъхъæнын. Фæстаг цалдæр азы дæргъы уагъд цæуы фæдфæдылон куыст культурон бынты объектты хыгъды фæдыл. Абоны бонмæ Паддзахадон реестры хыгъды сты истори æмæ архитектурæйы 1 200 цыртдзæвæнæй фылдæр, археологийы – 128 цыртдзæвæны.

2015 азы Инвестицион программæйы фæлгæтты фыццаг хатт хицæн æрцыдысты фæрæзтæ 10 милуан сомы бæрц 4 объекты бахъахъхъæнын æмæ консервацийы фæ-дыл куыстытæ сæххæст кæнынæн: горæт Цхинвалы  Сыгъдæг Георгийы аргъуан, Монастъеры хъæуы Тиры моладзандоны комплекс, Цхинвалы районы Икортайы хъæуы Мады Майрæмы аргъуан æмæ Знауыры районы «Гомарты дзуары» аргъуан.

Хъахъхъæнын кæй хъæуы, уыцы архитектурон цыртдзæвæнты стыр нымæцы уæвындзинад хъусдардмæ исгæйæ, нысанмæздæхтыл нымайæм «2017-2020 азтæн Республикæ Хуссар Ирыстоны истори æмæ культурæйы цыртдзæвæнты бахъахъ-хъæнын»-ы Паддзахадон нысанмæздæхт программæйы. Ацы здæхты хицæн ма-дзæлттæ хаст сты 2016-2020 азты РХИ-йы Культурæйы министрад æмæ УФ-йы Культурæйы министрады ‘хсæн æмгуыстады программæмæ.

Нырыккон национ культурæйы рæзты сæйраг бæрæггæнæнтæй иу у музейон уагдæттæм цымыдис фæбæрзонддæр кæнын. Уæлæмхас импульс исы музейты ахуырадон-рухсадон  функци, кæцыйæн ахсджиаг нысаниуæг ис фæсивæды патриотикон хъомылады.

Ацы хъуыддаджы уæлдай нысаниуæг хъуамæ уа  2015 азы Паддзахадон музейы байгом, кæцыйы арæзтадæн Инвестицион программæмæ гæсгæ хицæн æрцыд 87 милуан сомы. Фæстæмæ музеймæ здæхт æр-цыдысты æпппæт экспонаттæ дæр, кæ-цытæ æфснайынмæ ласт æрцыдысты РЦИ-Аланимæ гуырдзиаг агрессийы райдианы фæстæ. Музейы арæзт æрцыдысты æппæт æнæмæнгхъæуæг уавæртæ дæр экспонатты æфснайынæн, кæцыты нымæц у 50 000 иуæджы.

Музейон хъуыддаджы организацийы рæстæджы хъæуы ивын бирæ ахастытæ, ног методтæ фидар кæнын. Бæрæг у, æмбæлон квалификацион специалисттæ æнæ бацæттæ кæнгæйæ,  гæнæн кæй нæй уый. Ацы проблемæ аскъуыддзаг кæныны нысанæн, УФ æмæ РХИ-йы Культурæйы министрадты ‘хсæн æмгуыстады фæл-гæтты нысан æрцыдысты Уæрæсейы музейтæм РХИ-йы Паддзахадон музейы кусджыты стажировкæ.

Республикæйы ис 65 библиотекæйы, уыдонæй 76% сты хъæууон бынæтты. Культурæйы министрад регулярон æгъдауæй мадзæлттæ исы библиотекæты куысты модернизацийы, библиотекон фондтæ баххæст кæныны фæдыл, фæлæ библиотекæтæ сафынц сæ популярондзинад. Нæ иумиаг хæс у сæ нысаниуæг сын бæрзонддæр кæнын фæсивæды монон-хæрзæгъдаудзинадыл хъомылады.

Мах стæм æвдисæнтæ республикæйы æххæст концертон царды æндидзынадæн, РХИ-йы æддейæ алыгъуызон фестивалты нæ аивадон коллективты хайадистæн. Афтæ ма 2015 аз бæрæггонд æрцыд активон равдыстыты архайдæй. Баконд æрцыдысты 17 равдыстыты проекттæ, уыдонæй иууыл нысаниуæгджындæр уыд фыццаг хатт Мæскуыйы Нывгæнджыты цæдисы равдыстыты залы хуссарирыстойнаг нывгæнджыты равдыст «Южная Осетия – страна солнца»-йы баконд. Апрелы Мæс-куыйы æмæ сентябры та Цхинвалы уыдысты равдыстытæ  проект «Отражение Европы»-йы фæлгæтты, цыран æвæрд æр-цыдысты Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны 12 нывгæнæджы куыстытæ. Ацы проекты реализаци ахъаз кодта УФ-йы Нывгæнджыты цæдис, Мæскуыйы Нывгæнджыты цæдис, Санкт-Петербурджы Ног музейимæ æнгом сфæлдыстадон ахастытæ саразынæн, афтæ ма ирон нывкæнынады аивады хицæндзинæдтимæ базонгæ кæнынæн. Республикæйы культурон царды уыйбæрц ирд цаутæ ахъаз кæнынц нæ коллективты æмæ аивады дæсныты дæсныдзинады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнынæн, æмæ ацы куыст дарддæр кæны ацы аз дæр.

Уыимæ мах анализ кæнæм культурæйы рæзты уавæрæн, æмæ æвæрццаг тенденциты æмрæнхъ, уынæм куысты уыцы здæхтыты, кæцыты хъæуы фæтыхджындæр кæнын. Бирæ хъæуы саразын культурæйы уагдæтты материалон-техникон базæ сфидардæр кæныны фæдыл, сæ куысты эффективондзинад фæбæрзонддæр кæныны тыххæй, уæлдайдæр та хъæуты, культурæйы сферæмæ специалистты-профес-сионалты æрбакæнынæн.

Абон культурæйы къабазы паддзахадон политикæйы фарстытæ хизынц ног æм-вæзадмæ. Фыдыбæстæйон культурæйы, йæ хъæздыгдæр бынты рæзт æмæ актуалондзинад хъуамæ лæггад кæной дунеон аренæйы æмæ дунеон культурон тыгъдады РХИ-йы интерестæ размæ кæнынæн.

Социалон сферæйы рæзты фæдыл бакæнгæ куыстæн хатдзæгтæ аразгæйæ, мах ма хъуамæ рох кæнæм уыцы адæй-мæгты тыххæй, кæцытæ абон дæр, æмæ иууыл уæззаудæр рæстæджы дæр цæсгомджынæй æххæст кодтой сæ хæс, хъæуы сын аудын сæ фæрныгады æмвæзады тыххæй. Фæстаг æртæ азы республикæйы алыгъуызон категориты кусджыты куыстмызд фæфылдæр 20-50%. Æмæ абон дæр, сымах куыд зонут, уымæ гæсгæ РХИ æмæ УФ-йы ‘хсæн Æмцæдисад æмæ интеграцийы тыххæй бадзырды 7-æм статья реализаци кæныны фæлгæтты, профилон министрадтæ æмæ ведомствоты нæ уæрæсейаг коллегæтимæ мах иумæ кусæм паддзахадон уагдæтты кусджыты куыстмызд Уæ-рæсейы Федерацийы Цæгат Кавказы федералон зылды кусджыты æмбæлон категориты куыстмыздты  æмвæзады онг скæныны фарстытыл.

Зынаргъ коллегæтæ!

Мæ хыгъды æз бацархайдтон 2015 азы Хицауады куысты сæйраг здæхтыты, мах иумæ цæуыл куыстам, уыдоны банысан кæныныл. Абон нæ разы лæууынц ног хæстæ нæ бæстæйы социалон-экономикон рæзты тыххæй. Банысангонд æвæрццаг тенденциты хъæуы фидар æмæ рæзын кæнын. Æмæ нæ куысты кæройнаг нысан та у цæрджыты фæрныгады æмвæзад фæбæрзонддæр кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.