Социалон системæ фæхуыздæр кæныны нысанæн

Хицауады рабадты ист æрцыд «Æнæмæнгхъæуæг социалон бафыстыты фарстыты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хицæн закъондæттæн акттæм ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект, кæцы здæхт у фæдзæхст адæймæгты бартæ хъахъхъæнынмæ.

Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй закъоны проект бакуыстгонд æрцыд фæдзæхст адæймæгтæн социалон бафыстытæ, фæдзæхстады документтæ чи дæтты,  уымæ нæ, фæлæ комкоммæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Социалон фондæй фидын. Уый хауы æрмæстдæр куыстдæттджытæм нæ, фæлæ æппæт æмбæстæгтæм, кæцытæ кусынц фæллойадон бадзырдмæ гæсгæ.

«Закъоны проект здæхт у рæстæгон æгуыстдзинады фæдыл бафыстытæ радтыны системæ фæхуыздæр кæнын, маддзинад æмæ æндæр фæдзæхстадон ифтонгад, афтæ ма фæдзæхст адæймæгты æмæ мадзæлттæ æххæст кæныны фæдыл фæдзæхст документтæ чи дæтты, уыдоны уавæртæ фæхуыздæр кæнын, кæцытæ баст сты бафыстытæ снысан кæнын æмæ райсынимæ æнæмæнгхъæуæг социалон фæдзæхстады фæлгæтты», – загъта Æнæниздзинад хъахъхъæнын æмæ социалон рæзты министр Наниты Сослан.

Закъоны проект, кæцыйыл æруынаффæ кодтой, фидаргонд æрцыд комкоммæ бафыстыты хицæндзинæдтæ æнæмæнгхъæуæг социалон фæдзæхстады фæдыл бафыстытæ рæстæгон æгуыстдзинады уавæры æмæ маддзинады тыххæй.

Докладгæнæджы ныхасмæ гæсгæ, комкоммæ бафидыны механизмты фæлгæтты бафыстытæ нымад æмæ бафыст цæуынц фæдзæхст адæймæгтæн Социалон фондæй бæрæг закъондæттæнæн æмгъуыдты, куыстдæттæджы финансон уавæрмæ нæ кæсгæйæ, кæцы кусæгæн дæтты уæлæмхас гарантитæ.

Æмбарынгæнæн фыстæджы банысангонд æрцыд,«Æнæмæнгхъæуæг социалон бафыстыты фарстыты тыххæй Республикæ Хуссар Ирыстоны хицæн закъондæттæн акттæм ивындзинæдтæ бахæссыны тыххæй» закъоны проект райсын нæ хæссы уæлæмхас хæрдзтæ Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджетæй бюджетон ассигнациты хыгъдæй.

 

Æнцонвадат транспортон лæггæдтæ, паддзахадон службæ, кадрон уынаффæтæ

 

Бекъойты Геннади ауагъта Хицауады рабадт, цыран боны фæткмæ хаст æрцыд фараст фарсты, кæцытæ здæхт уыдысты æнцонвадат транспортон лæггæдты, паддзахадон службæйы тыххæй закъоны реализаци, кадрон уынаффæтæ.

Министрты кабинет сфидар кодта  Паддзахадон унитарон куыстуат «Автомобилон транспортон управлени – Хуссар Ирыстон»-æн паддзахадон бюджетæй субсидиты фæтк 2022 азы цæрджытæн транспортон лæггæдты æнцонвадаты нысанæн.

Хицауады сæргълæууæг куыд банысан кодта, афтæмæй, ахсджиаг у транспортон лæггæдты тарифтæ бахъахъхъæнын нæ, фæлæ бакæнгæ лæггæдты гуырахст æмæ гъæдмæ хъусдард здахын, уыцы нымæцы районты бæлцæттæ ласынмæ дæр.

Хорзыл банымадтой уынаффæты проекттæ, кæцытæ здæхт сты Республикæ Хуссар Ирыстоны бюджетон арæзтад фæхуыздæр кæнынмæ.

Рабадты рæстæджы ист æрцыд кадрон уынаффæ Дзауы районы администрацийы сæргълæууæджы хæдивæгы бынатæй Хъотайты Сæрмæт Эдуарды фырты ссæрибар кæныны фæдыл, йæхи сæрмагонд куырдиатмæ гæсгæ.

Афтæ ма паддзахадон службæйы тыххæй закъон сæххæст кæнынæн классон цинтæ лæвæрд æрцыдысты Финансты министрад, Сæудæджерад, транспорт æмæ энергетикæйы комитет, афтæ ма Ахуырады министрады паддзахадон кусджытæн дæр.

 

Республикæйы районтæ райсдзысты фæткъуыйы талатæ

 

Хицауады Сæрдар Бекъойты Геннади ауагъта æмбырд республикæйы районты фермертæ æмæ цæрджытæн фæткъуыйы талатæ радтыны фарсты фæдыл.

Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй сæрдыгон сорты  6 мин фæткъуыйы талатæ Хуссар Ирыстонæн балæвар кодта Ставрополы бæстæйы губернатор Владимир Владимиров.

Хицауады Сæрдары бахæсмæ гæсгæ талатæ дих æрцæудзысты республикæйы районты ‘хсæн – фæйнæ 1,5 мины алкæцыйæн дæр.

«Республикæйы къухдариуæгад архайы, хъæууон фæллойгæнджытæн æххуыс кæныныл. Уалдзыгон куыстыты размæ талатæ сты бынæттон аграритæн хорз æххуыс. Раст зылды фæрцы талатæ радтдзысты хорз тыллæг», – загъта Бекъойты Геннади.

Хицауады Сæрдар бахæс кодта, цæмæй контролон мадзæлттæ уадзой фæткъуыйы талаты уавæр сбæрæг кæныны тыххæй.

Фæткъуыйы сæрдыгон сорт дыргъгуыстгæнджыты зæрдæмæ цæуы хъæздыг тыллæг кæй дæтты, низтæн фæразон кæй у æмæ дыргърагацау кæй радты, афтæ, ма рабæззынц бынæттон климатон уавæрты фидар кæй у, уый тыххæй.

Æмбырды куысты хайад райстой Хицауады Сæрдары хæдивæг – Экономикон рæзты министр Тадтаты Дзамболат, Хъæууон хæдзарады министр Мæргъиты Алан, Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Тыбылты Фатимæ, Дзауы районы администрацийы  сæргълæууæг Джиоты Андрей, Знауыры районы администрацийы сæргълæууæг Сиукъаты Олег, Цхинвалы районы администрацийы сæгълæууæг Мамытаты Вахтанг æмæ Ленингоры районы администрацийы сæргълæууæг Гулиты Владимир.

 

2021 азы Паддзахадон бюджет сæххæст кæныны тыххæй хыгъд

 

Бекъойты Геннадийы къухдариуæгадæй Хицауады рабадты министрты кабинет райстой «2021 азы Республикæ Хуссар Ирыстоны Паддзахадон бюджет сæххæст кæныны тыххæй» закъоны проект, кæцы уынаффæ кæнынмæ рахаста Финансты министры хæстæ æххæстгæнæг Тыбылты Фатимæ.

Докладгæнæджы ныхæстæм гæсгæ,  æфтиæгты фæдыл æххæст æрцыд 8 827 768, 04 мин сомы, (сфидаргонд  бюджетон нысæнттæм 99, 5 проценты), хæрдзты фæдыл – 8 774 394, 43 мин сомы (сфидаргонд бюджетон нысæнттæм 91, 7 проценты).

Хыгъдон рæстæджы сæвзæрд профицит 53 373, 62 мин сомы.

Хъалонон æмæ æнæхъалонон æфтиæгтæ æххæст æрцыдысты 1 541 598, 64 мин сомы, кæцы у æрвылазон бюджетон нысæнтты 97, 1 проценты.

Куыд банысанчындæуыд, афтæмæй хъалонон æфтиæгты сæйраг хуызты фæдыл ис æвæрццаг динамикæ.

Паддзахадон бюджеты фæрæзты фылдæр хай здæхт уыд социалон фадыг, ахуырад, æнæниздзинад хъахъæнын, экономикæйы реалон секторы æххуысæн.

2022 азы Финансты министрады сæйраг хæстæ сты бюджетон фадыджы фидар æмæ балансон ифтонгад, афтæ ма бюджетон фæрæзты эффективонæй хардз кæнынад фæбæрзонддæр кæнын.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.